10-æм ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Парламенты делегацийы уæнгты. Делегацийы сæргъ лæууыд Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Сæйраг Советы Сæрдар Александр Щерба.

Фембæлды Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал, Парламенты æддагон политикæйы æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты комитеты сæрдар Коцты Игорь, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ Хицауады бæрнон кусджытæ.

Фембæлд бузныджы ныхæстæй байгом кодта Бибылты Ана-толи æмæ банысан кодта, зæгъ-гæ, Æхсæнпарламентон Ассамб-лейы куыст ахъаз у æппæт дунеон аренæйы нæ паддзахадты авторитеттæ фидар кæнынæн. Президент загъта, зæгъгæ Æхсæнпарламентон Ассамблейы хайадисджытæ бакодтой æнтыст-джын куыст. «Кæй зæгъын æй хъæуы, ис нæ куысты цухдзинæдтæ дæр, æнгомдæр кусынæн нæ чи хъыгдары, фæлæ æппæт уыцы цухдзинæдтæм нæ кæсгæйæ, махæн нæ республикæты æмбæстæгтæ равзæрстой сæ фæндаг æмæ уыцы фæндаг та у Уæрæсейы Федерациимæ баст. Афтæ ма ацы куыст у уый фæдыл, цæмæй нæ республикæты ‘хсæн рæзой æфсымæрон æмæ хæларадон ахастытæ. Уыцы хъуыддаджы нæ ницы хъыгдары æмæ дарддæр дæр кусдзыстæм, нæ разы цы хæстæ æрæвæрдтам, уыдон кæронмæ сæххæст кæныныл, афтæ ма араздзыстæм конкретон къахдзæфтæ дарддæр нæ ахастытæ райтынг кæныны фæндагыл», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Йæ раныхасы фæстæ Президент раарфæ кодта Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президент æмæ йæ æмбæстæгтæн.

Йæ рады Александр Щерба бузныг загъта Хуссар Ирыстоны Президентæн, рæстæг кæй ссардта æмæ сæ йæхимæ кæй райста, уый тыххæй: «Æз фыццаг хатт дæн Республикæ Хуссар Ирыстоны зæххыл æмæ мæ йæ æрдзы рæсугъддзинад æмæ йæ адæмы уазæгуарзондзинад дисы баппæрстой. Ды дæ хуссайраг ирæтты ирд минæвар, дæ раттæг адæмы фырт, нысанмæ тырнæг адæймаг. Адæймаг, фыццаджыдæр, хъармдзинад хъуамæ æв-диса æппæт дунейæн, цы зæххыл æмæ бæстæйыл райгуырд, уым. Æппæт уæрæсейаг æмбæс-тæгтæн ахæм адæймагыл нымад цæуы Владимир Путин, хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн ахæм адæймагыл нымад цæуыс ды», – банысан кодта Александр Щерба.

– Мах æй зонæм, цалынмæ республи-кæйы сæргълæууæг не сдæ, уæдмæ дæуæн уыд тынг æнтыстджын рæстæг, Парламенты сæргълæууæг уæвгæйæ. Уый фæдыл мæ фæнды Приднестроваг Молдаваг Республикæйы закъондæттæг органы æмæ æмбæстæгты номæй, дæу, цытджын Президент, схорзæхджын кæнын закъондæттæг органы уæлдæр хорзæхæй.

Йæ рады Бибылты Анатоли дæр схорзæхджын кодта Александр Щербайы Хæларады орденæй æмæ делегацийы иннæ уæнгтæ та хорзæхджын æрцыдысты «РХИ-йыл 25 азы сæххæсты цытæн» майдантæй.

* * *

Уыцы бон ма Бибылты Анатоли фембæлд Республикæ Абхазы Уæлдæр Советы делегацийы уæнгтимæ. Делегацийы сæргъ лæууыд Республикæ Абхазы Парламенты Адæмон Æмбырды Сæрдары хæдивæг Левон Галустян. Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй фембæлды хайад райстой РХИ-йы Парламенты æмæ Хицауады уæнгтæ.

Президент арфæйы ныхæстæ загъта цытджын уазджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ республикæйы къухдариуæггæнджыты ‘хсæн ис æнгомдзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад.

– Абон сымах цы фарстатæ скъуыддзаг кодтат уæ фембæлды рæстæджы, уыдон уыдысты тынг цымыдисон. Мах нымад цæуæм дыууæ æфсымæрон республикæйыл. Уый у æмбæрст алкæмæн дæр, уымæн æмæ нæ фæндаг уыд иу, нæ республикæты арæзт дæр уыдис иугъуызон. Гуырдзыстон махæн цы проблемæтæ арæзта, уыцы проблемæтæ арæзт цыдысты Абхазы республикæйæн дæр. Уыдон махæрдæм цы политикæ уагътой, уый нæ хорзмæ не ‘ркодта. Нæ адæмтæ равзæрстой сæхи райрæзты фæндаг æмæ уыцы фæндагæй мах рахизынмæ нæ хъавæм.

Бибылты Анатоли арфæйы ныхæстæ загъта Республикæ Абхазы Президент æмæ æмткæй абхазаг æмбæстæгтæн.

Левон Галустян дæр бузныджы ныхæстæ загъта Президент Бибылты Анатолийæн æмæ банысан кодта, стыр аргъ кæй кæны дыууæ республикæйы иумиаг ахастытæн: «Нæ ахастытæ нымад цæуынц æфсымæрон ахастытыл. Тынг стыр аргъ кæнæм, дыууæ республикæйы парламенттæн кæрæдзимæ цы æнгом ахастытæ ис æмæ цы иумиаг куыст кæнынц, уымæн».

Бибылты Анатоли Хæларады орденæй схорзæхджын кодта Левон Галустяны æмæ делегацийы иннæ уæнгты та – «РХИ-йыл 25 азы сæххæсты цытæн» майдантæй.

Танделаты Виленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.