РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид   йæхимæ радон хатт райста республикæйы æмбæстæгты. Уыдонæй бæстæйы сæргълæууæджы номыл æрбалæвæрдæуыд куырдиæттæ Президенты Æхсæнадон химæисæнмæ. Абоны онг бæстæйы сæргълæууæгмæ райсынмæ фыст æрцыдысты 20 адæймаджы бæрц, кæцыты тыхсын кæнынц цардыуаджы алыгъуызон фарстытæ: цæрæнуат райсын æмæ сæндидзын кæнын, куыстæй сифтонг кæнын, социалон характеры æмæ бирæ æндæр фарстытæ.

«Алы мæйы фæстаг æртыццæджы дæр мах нæхимæ райсæм, алыгъуызон фарстыты фæдыл нæм чи æрбахаты, уыцы æмбæстæгты. Абон нæм æрæмбырд тынг бирæ адæм, æмæ цæмæй уыдонæн афоныл æххуыс æрцæуа, уый тыххæй мах райстам нæхимæ æмбæстæгты се ‘ппæты дæр», – загъта Тыбылты Леонид.

Президентмæ чи æрбахатыд, уыдоны ‘хсæн уыд 4 сывæллоны мад Хъуылымбегты Людмилæ. Уый Президентмæ æрбацыд дыууæ фарсты фæдыл: йе ‘нахъом фырт рынчын кæй у, æмæ йын цæрæн бынат кæй нæй, уый аххосæй сылгоймаджы æххуырст фатеры цæрын кæй хъæуы, уый фæдыл. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 2008 азы сæ бинонтæй фæхъуыд 2 адæймаджы æмæ абоны бон дæр рады лæууы цæрæнуат райсыны номхыгъды. Уыимæ иумæ Хъуылымбегты Людмилæ бузныг загъта Тыбылты Леонидæн хуымæтæджы æмбæстæгты проблемæтæм йæ хъус кæй дары, уый тыххæй.

«2012 азы апрелы президентон æвзæрстыты хæдфæстæ æз дæхи сæрмагонд телефонмæ рарвыстон мæ куырдиат мæ фырт хоскæнинаг кæй у, æмæ йын финансон æххуыс кæй хъæуы, уый тыххæй. Иу минут дæр нæма рацыд, афтæмæй мæм ды æрбадзырдтай. Мæнæн раздæр фадат нæ уыд дæуæн бузныг зæгъынæн, тагъд мын кæй сдзуапп кодтай, уый тыххæй. Абон, уавæрæй пайда кæнгæйæ, мæн фæнды дæуæн бузныг зæгъын», – загъта Хъуылымбегты Людмилæ.

Тыбылты Леонид йæхирдыгæй ныфс  бавæрдта æвзонг сылгоймагæн йæ рынчын сывæллонæн схос кæныны хъуыддаджы йын кæй баххуыс кæндзæн, афтæ ма Президенты Æхсæнадон химæисæны къухдариуæггæнæг Сергей Липинæн бахæс кодта, цæмæй баныхас кæна горæт Цхинвалы Администрацийы сæргълæууæг Æлборты Аланимæ, æмæ ацы бирæсывæллонджын сылгоймаг æмбæлон номхыгъдмæ гæсгæ райса цæрæнуат.

Ног цæрæнуат райсынæй дарддæр ма æмбæстæгты бæлвырд хай Президентмæ æрбахæссынц цæрæнуат сæндидзын кæныны куырдиæттæ дæр. Уыдон сты ахæм цæрæнуæттæ, кæцытæ пырх æрцыдысты гуырдзиаг агрессийы рæстæджы. Ахæм æмбæстæгтæй сæ иу у горæт Цхинвалы цæрæг Хъотайты Евдокия. Уымæн йæ хæдзар пырх æрцыд 2008 азы августы цауты рæстæджы.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, уыцы пырх хæдзармæ æрвыст æр-цæудзысты специалон  къамисы уæнгтæ, цæмæй бахынцой хæдзарæн цас зиан бачындæуыд æмæ райсгæ æрмæджытæ Хъотайты Евдокияйы куырдиатимæ уæлæвæрдæй æрбавдисой.

Уыимæ иумæ Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ,  пырх хæдзæрттæ сæнди-дзын кæныны программæ сæххæст æмæ йын хицæн нал цæуы финанстæ. Фæлæ уæддæр иуæй-иу æмбæстæгтæ ныры онг дæр æрбахæссынц ахæм куырдиæттæ бæстæйы сæргълæууæгмæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, пырхгонд цæрæнуæттæ сæндидзын кæныны фарст рахæсдзæн рæгъмæ, æмæ йын æмбæлон æхцайы фæрæзтæ хицæнгонд кæд æрцæуа, уæд программæ адарддæр æрцæудзæн.

Банысан кæныны хъæуы уый дæр æмæ бæстæйы сæргълæууæгмæ æрбацæуыны фадат кæй ис Хуссар Ирыстоны алы æмбæстагæн дæр Президенты Æхсæнадон химæисæныл, цыран лæмбынæгæй æвзарынц æмбæстæгты алкæцы куырдиат дæр.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.