Газуадзæн Дзуарыхъæу-Цхинвалы хæрзиуджытæй нæ республикæйы сæйраг горæты цæрджытæ цалдæр азы пайда кæнынц.
Рагæй фæстæмæ ссис сæ бæллиц Дзауы районы цæрджытæн дæр, сæ иувæрсты чи цæуы, уыцы æрдзон газæй хайджын суæвын. Ацы аз сæм амонд йæ мидбылты бахудт. Сæххæст сæ бæллиц. Ныртæккæ сæ тæмæны сты газуадзæн куыстытæ Дзакъулта, Бузала, Шушитæ æмæ Хуырыхъæуы.

Куыстытæ куыд цæуынц, уый бабæрæг кодта Президент Гаглойты Алан. Фыццаг уал бацыд Дзакъултайы хъæумæ. Районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ Президентæн радзырдта банысангонд хъæуты, ацы куыстытæ кæй райдыдтой иу мæйы размæ æмæ аххæсдзысты азы кæронмæ. Нырма уал газуадзæн куыстытæ фесты Дзакъултайы хъæуы. Æвæрд ма цæуынц газнымайæнтæ. Цæрджытæй йæхи фæрæзтæй йæ бон кæмæн нæу газ бауадзын, уыдоны хæрдзтæ та йæхимæ райста районы администраци. Цæмæй сын асламдæр слæууа, уый тыххæй цæрджытæ сæхæдæг хайад исынц куыстыты. Цæвиттон газуадзæн хæтæл цæуы уæлæты бæрзонд æфсæн цæджындзтыл. Уыцы хæтæлтæ бауадзынæн зæхкъахæн куыстытæ цæрджытæ сæхæдæг кодтой.

Йе `ххуысы къух фæдаргъ кодта хъæуы раздæры цæрæг Саулохты Чермен. Ныртæккæ уый кусы Цæгат Ирыстоны Газпромы системæйы æмæ сын æххуысæн æрæрвыста æндадзджытæ. Саулохы фыртæй хъæуы цæрджытæ баззадысты стыр райгондæй.

«Мах цалдæр азы куырдиæттæ фыстам æндæр æмæ æн-дæр инстанцитæм, фæлæ-иу нын æнæркастæй баззадысты, æххæстгæнæг сæ нæ уыд. Абон нæ бæллиц сæххæст — нæ хæдзæртты судзын райдайдзæн æрдзон газ», — загъта хъæуы цæрæг Гатыгкоты Мананæ. Уый раарфæ кодта Президент æмæ районы администрацийы сæргълæууæгæн сæ хъæппæрисон архайды руаджы кæй райдыдтой ацы куыстытæ.

Президент дæр стыр райгондæй банысан кодта, сæ хæдзæрттæ хъарм кæй цæудзысты æрдзон газæй æмæ сæ кæй нал хъæудзæн суг цæттæ кæнын æмæ ласын. Уыимæ ма ныфс бавæрдта, æппæт дæр кæй араздзæн, республикæйы иннæ цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæнынæн.

Уый фæстæ, Президент бацыд иннæ хъæутæм дæр æмæ федта, куыстытæ куыд цæуынц, уый. Уыцы хъæуты цæрджытæ дæр иттæг райгонд сты газ сæм уагъд кæй цæуы. Уыимæ ма рæгъмæ рахастой нуазыны донæй ифтонг кæныны фарст. Цы доны хæтæл сæм цæуы, уый ранæй рæтты аскъуыдтæ ис æмæ æнæ донæй аззайынц.

Гаглойты Алан сын ныфс бавæрдта æрцæугæ азы доны фарста аскъуыддзаг кæнын.

Президент дарддæр йæ балц акодта Мзиугомы сывæллæттæн улæфæн лагеры арæзтамæ. Ам сæмбæлд Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ йæ хæдивæг Гуыцмæзты Ильяимæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй объект арæзт цæуы республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæйы фæлгæтты.

Арæзтады министр куыд радзырдта, афтæмæй азы кæронмæ административон агъуыст фæуыдзæн æмбæрзты бын, ам арæзт æрцæудзысты актон зал, хæрæндон, ахуыргæнæн бынат æмæ æндæр хатæнтæ. Æмбæрзты бын фесты 5 корпусы.

Ам уыцы иу рæстæджы сæ бон баулæфын уыдзæн 150 адæймагæн. Кусджытæ кæнынц мидæггагон куыстытæ. Арæзт ма цæуынц гом сценæ, футбол, волейбол æмæ баскетболæй хъазæн фæзуаттæ, беседкæтæ. Министр ма куыд загъта, афтæмæй Мзиугомы стационарон лагеры арæзтад дих æрцыд æртæ этапыл. Ивгъуыд аз уым цыд сыгъдæггæнæн куыстытæ, ацы аз сын аразын цы бантыса, иннæ куыстытæ фæуыдзысты 2023 азы кæронмæ. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц графикмæ гæсгæ. Æххæст та сæ кæны арæзтадон фирмæ «Бадо».

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.