Хуссар Ирыстоны территорийыл бирæ азты хæстон архайдтытæ сæ дæрзæг арм æруагътой нæ Республикæйы зæрæдтæ æмæ æвæгæсæг æмбæстæгты раздæры пансионатыл дæр. Уыд ахæм уæззау рæстæджытæ, æмæ пансионаты уæвæг ацæргæ æмбæстæгтæй чи фæзиан, уыдон се ‘нусон бынатмæ фæхæццæ кæнынæн нæ уыд фадæттæ æмæ сæ рæстæгмæ æвæрдтой бæстыхайы кæрты. Йæ кусджытæ æппынæдзух уыдысты ацы æвæгæсæг адæмы фарсмæ, нæ сæ ныууагътой хъысмæты æвджид, фæлæ сæ бон куыд уыд, афтæ сын лæггад кодтой.

Хæстон архайдтыты фæстиуæгæн бæстыхай дæр дзуапп нал лæвæрдта йæ цæрджыты домæнтæн æмæ куыдфæстагмæ ног бæстыхайы арæзтад хаст æрцыд Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ. Ногарæзт бæстыхай дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Арæзт та æрцыд горæтæн цæгатæрдыгæй æрдзы хъæбысы.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы ацы нысаниуæгджын объект знон бабæрæг кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан. Йемæ уыдысты Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Плиты Агуындæ æмæ йæ хæдивæг Сиукъаты Радион.

Медико-социалон центр «Аудындзинад»-ы директор Теблойты Чермен бæстæйы разамонæджы базонгæ кодта центры æдзухон цæрджытимæ, йæ куыст æмæ архайдимæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы центры сæйраг хæс у, цæмæй уæлæмхас хъусдард здахын кæмæ хъæуы, уыцы ацæргæ адæммæ кæсой æмæ сыл аудой. Уыдон ныртæккæ дæр æнкъарынц аудындзинад, фæлæ сæм уæддæр ноджы фылдæр хъусдард здахын хъæуы.

Ацы центрмæ цы ацæргæ адæм æрбахауынц, уыдон сты республикæйы цæрджытæ. Ныртæккæ уым цы æвæгæсæг адæм ис, уыдонæй 3 сты уатон рынчынтæ, æмæ æртæйæн та хъæуы коляскæйы æххуыс. Иннæтæ сты къахыллæугæ пациенттæ.

Теблойы фырт æхсызгонæй банысан кодта, сæрмагонд хъусдард кæй цæуы здæхт ацæргæ кары адæмы царды уавæртæм, уæлдайдæр, æппынæдзух медико-социалон центры чи ис, уыдонмæ.

«Æз сæрмагонд тетрады хынцын, уæлдайдæр, бæрæгбонты рæстæджы егъау хъусдард кæй здахынц центры уæвджытæм. Бирæтæ аз цалдæр хатты дæр се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынц, фæкæсынц нæм сæ уавæртæ æмæ фадæттæм гæсгæ.
Арæх нæм фæуазæг вæййынц Цхинвалы районы ансамбль, скъола-интернат, горæты скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, семæ æрбахæссынц хæлц, фæзарынц æмæ иумæ хъæлдзæг рæстæг арвитынц. Ростовæй, Воронежæй нæм æрвылаз дæр æрцæуынц музыкалон къордтæ лæвæрттимæ æмæ уыдон дæр аирхæфсынц нæ пациентты», – дзырдта уый.

Теблойты Чермен райгондæй банысан кодта бæстæйы къухдариуæгад æмæ министрады стыр хъусдард ацы центрмæ.

Паддзахады сæргълæууæг цымыдис кодта, медико-социалон центр кадртæй куыд ифтонг у, уымæ. Директоры ныхæстæм гæсгæ, уыд рæстæг, æмæ пансионат æййæфта специалистты хъуагдзинад.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Плиты Агуындæйы ныхæстæм гæсгæ, пансионат хъуаг æййæфта дохтырæй. Уыцы проблемæ иуварс æрцыд æмæ ныртæккæ уым кусы æвзонг дохтыр Къæбулты Георги. Æвзонг лæппуйы фæнды, цæмæй иумæйаг практикæйы дохтыры дæсныйад райса. Министрады ‘рдыгæй йын ныфс бавæрдæуыд, йæ домæн ын æвæрццагæй кæй аскъуыддзаг кæндзысты.

Президент азылд æмæ бабæрæг кодта пансионаты уæвджыты царды уавæртæ, хатæнтæ, хæринагаразæн, йæ фæсауæрцтæ, лæмбынæг байхъуыста проблемæтæм æмæ кусджыты домæнтæм. Хæринагаразæндоны кусджытæ бахатыдысты, цæмæй сын амал æрцæуа мигæнæнтæ æхсæн машинæ. Уыцы проблемæтæ æрбæстон кæнын баныфс æвæрдта бæстæйы сæргълæууæг.

Пансионаты уавæртимæ базонгæйы фæстæ Гаглойты Алан скодта æвæрццаг аргъ сæ куыстæн æмæ бузныг загъта йæ кусджытæн. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ персонал æххæст кæнынц сæ куыстæй дарддæр æндæр хæстæ дæр. Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, алы адæймаг дæр ахæм ахаст куы дара йæ куыстмæ, уæд уагдоны уыдзæн хорз уавæртæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Плиты Агуындæйы ныхæстæм гæсгæ, медико-социалон центры уавæртæ сты хорз. Банысан кодта пансионатæн рахицæнгонд бюджет æмæ хæрдзтæ, кæй йын ис æнæбюджетон фæрæзтæ дæр æмæ уыдон дæр хардз кæй цæуынц нысанмæздæхтæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уагдоны ныры уавæры фæдыл цы къорд фарстатæ сæвзæрд, уыдон æввахс рæстæджы цадæггай цæудзысты бæстон.

Республикæйы хицауады ‘рдыгæй ахæм фæндон ис, цæмæй пансионаты иу хайы, ома паллиативон медицинон æххуысы хайад хицæн æрцæуа психиатрон стационарæн.

Центр «Аудындзинад»-ы директор ноджыдæр бузныг загъта бæстæйы разамонæгæн йæ егъау хъусдарды тыххæй.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.