Ирыстон сæрыстыр у йæ сылгоймæгтæй. Цы фæнды профессийы дæр ссардзыстæм курдиатджын, ахуыргонд, Уæрæсе æмæ ма æнæхъæн дунейы хъуыстгонд ирон сылгоймæгты нæмттæ. Сæ иуимæ — ДЖИОТЫ Алыксандры (Алексийы) чызг АЛЛÆИМÆ базонгæ дæн 2011 азы фæззæджы. Æмæ уыцы фембæлд у мæ царды ирддæр æмæ нысаниуæгджындæр фембæлдтытæй иу. Фæнд кодтон æмæ нырдæр кæнын Аллæйы цымыдисаг цардыл чиныг ныффыссын. Цасдæр æрмæг мæм æрбамбырд æмæ мæ 8 мартъийы бæрæгбоны размæ фæнды сæрмагондæй Аллæйæн зæрдиаг арфæтæ ракæнын æмæ нæ куырыхон политик-сылгоймаджы хъуыдытимæ уæ базонгæ кæнын.

2017 азы апрелы 26 бон. Паддзахадон архайæг Джиоты Аллæ аргъ кæны республикæйы уæды рæстæджы уавæрæн.

— Абон, Бибылты Анатолийы къухтæм республикæйæ разамынад бахаудта, æмæ мæхицæн дæттын дызæрдыг кæныны бар — кæд æмæ уый 2011 азы афтæ æнцонæй йæ къæхты бын ныссæста 17 мин адæймаджы фæндон, уæд ныртæккæ цавæр къахдзæфтæ хъуамæ сараза, афтæ тынг кæй бафхæрдта, уыцы адæмы «хорздзинады» сæраппонд? Мæ зæрдæ йын зæгъы, цæмæй æцæгдæр хорздзинад равдиса. Уæдæ мæм уæд уыйбæрц скепсис цæмæн ис, цæуылнæ мæ уырны? Уымæн æмæ йæ зонын — йæ политикон биографийы райдианы йæ адæмы чи нæ банымадта, йæ адæмы хъуыдыйы ныхмæ чи рацыд, уымæн нæй бар закъонæххæсткæнынады фæдыл декларацитæ кæнынæн. Æмæ кæд æцæгдæр адæм стæм, кæд æмæ нæ риуы гуыдыр хойæм, мах скифтæ-сæрмæттæ-аланты фæдонтæ стæм, зæгъгæ, уæд æвзæрстон урнæмæ нæ уыцы бон чи цыди, уыдонæй алчидæр хъуамæ ахъуыды кодтаид, кæй хъæлæс сæ ныссæндта йæ къæхты бын Бибылы фырт 2011 азы. Ныхас мæныл нæ цæуы, ныхас цæуы, Хуссар Ирыстоны уæлдæр бынатмæ тырнæг йæ адæмы адæмыл нымайы æви коммæгæс фосы рæгъауыл!

— Уал азы рацыди 2008 азы хæстæй æмæ зæрдæйы стыр хъыгимæ абон констатаци кæнын — хæсты фæстæ нын нæ бæстæ чи бастыгъта, йæ кад ын чи æрныллæг кодта, уыдонимæ нæ тох кæнæм — фарста æвæрджытæм лæбурæм. Ӕппынфæстаг, уыцы фыдгæнджытæ канд Хуссар Ирыстоны нæ, уыдон Уæрæсейы дæр дискредитаци кодтой. Зын у уыдæттæм кæсын, зын у уыдæттæ æмбарын, фæлæ, хъыгагæн, раст дæн. Уымæн æмæ нæ федтон, нæ фехъуыстон, миллиардтæ чи адавта, уыцы къæрныхтæй искæй закъонмæ гæсгæ дзуапп радтгæйæ. Закъоны æфхæрдæй фервæзтысты æмæ абон сæ сæртæ ногæй сдардтой. Ӕнцон фенæн, æнцон бамбарæн сты ацы тенденцитæ кæмæн фæнды дæр. Дарддæр та алчи йæхæдæг кæнæд йæхи хатдзæгтæ. Номхуындæй мах, ирон адæмы æхсæн, цæмæн райтынг сты ахæм хъуыддæгтæ? Афтæ мæм кæсы, хатгай та мæ уырнгæ дæр бакæны, цыма нæ адæмæн сæ фылдæр æнцонтæй сразы вæййынц манипуляторты фæдыл цæуыныл…

— Иууылдæр иумæ сыгъдæгзæрдæйæ уарзæм Уæрæсейы, æнувыд ыл стæм, нæ стратегион æмцæдисонимæ æнгом æмгуыстадмæ тырнæм. Фæлæ нæм ис, йæ националон апп интернационалонæй уæлдæр чи æвæры, ахæмтæ дæр. Уыдоны та цæмæдæр скуынæг кæнынмæ хъавынц, уыдонимæ та тох кæнынц… Кæддæры хæзнатыл — куыд ирон, афтæ уæрæсейаг æхсæнады фидаргæнæг монон хæзнатыл, нæ къух ауыгътам. Мæнмæ гæсгæ, Уæрæсейæн йæхи мидæг цы арфхъуыдыгæнæг адæм ис, уыдон дæр ацы уавæрыл тыхсынц æмæ тæрсынц сæ национ хиидентификаци фесафынæй — уый тæссаг уавæр у алы паддзахадæн, суанг ма Уæрæсейы хуызæн уæлпаддзахадæн дæр.

— Паддзахадон идеологи цы бæстæйы нæй, йæ телеуынынад абсолютон дæлмонондзинад кæмæн пропагандæ кæны, уыцы паддзахадæн йæ бон нæу йæ райрæзтæн дæргъвæтин рæстæгон программæ саразын. Бафæрсæм нæхи уæдæ, фидæны фæлтæртæ та цахæм уыдзысты, зæгъгæ? Алчи дæр кæй зоны, уыцы фæлтæрты æнусон конфликтыл нæ дзурдзыстæм. Нæ. Ныхас цæуы ууыл, æмæ зæгъæм, АИШ, Китай кæнæ Израилы хуызæн паддзахæдты мидæгон идеологи тынг хицæн кæны æддæмæ кæй хæссынц, сæ геополитикон ныхлæуджыты сæрты кæй тъыссынц, уымæй. Зондджын æмæ мæнгард тыхæйисæг йæ фæрæзтæ айдагъ хæцæнгарз аразыныл нæ хардз кæндзæн. Уый спайда кæндзæн «фæлмæн тых» кæй хонынц, уымæй, æмæ цыргъгонд зондимæ методикон æгъдауæй йæ ныхмæлæууæджы æнкъарагдæр зонæтæ, ома, монон хæзнатæ, цæвдзæн.

— Цы у æцæг паддзахад? Фидар фундамент фидар къултимæ, адæмы пайдайæн архайæг фидар институттимæ. Махмæ та декларацитæ æмæ парадон реляцитæ. Лæмбынæг æркæсгæйæ фенæн ис, закъондæттæн æмæ æххæстгæнæн хицауад закъонтимæ (республикон æмæ æхсæнадæмон) карз ныхмæлæуды кæй сты, ома, æнцон аивæн. Цоциты Алан Резойы фырты хуызæн хъуыдыйы гигант æмæ ма йемæ Джыккайты Ӕхсар æмæ иннæ аналитиктæ, æцæг патриоттæ, Хуссар Ирыстоны кæй нæ хъæуынц, æрмæст уый дæр нæ паддзахад нырма æцæг паддзахад кæй не сси, уый æвдисæн у.

— 2014 азы, парламентон æвзæрстыты рæстæджы, лидертæ нæ уыдис. Æмбæхст камерæимæ исчи æвзарæн хайæдтыл куы æрзылдаид æмæ цал адæймаджы радта йæ хъæлæс, уымæ куы æркастаид, уæд тынг æрхæндæг нывтæ федтаид. Уымæ гæсгæ «Иугонд Ирыстон»-ы уæлахиз уыдис æрмæст æвзæрстон технологи — æндæр ницы. Уæрæсе егъау у, уым алцы бафиппайын тынг зын у. Хуссар Ирыстоны бынтон чысыл территорийы та алчидæр алцыдæр хорз зоны, уыны, алчидæр уыдта уæд, цас адæм уыдис æвзæрстон хайæдты. Адæм та не ‘рбацыдысты, уымæн æмæ Бибылы фырты потенциалон оппонентты рагацау аиуварс кодтой æвзæрстытæй æмæ уымæн ахæм джихгæнæг хатдзæгтæ федтам.

ПОЛИТИК, АХУЫРГÆНÆГ, ФИЛОСОФ
æмæ ма мад, цардæмбал, хо, æфсин, нана дæр ДЖИОТЫ АЛЛÆ

— Алы секунд дæр фæсмон кæнын, вице-премьерæй кусыныл кæй сразы дæн. Бирæ цæйдæрты тыххæй у мæ фæсмон. Радон хатт та кæйдæр уайдзæф — мæнæн мæхицæн та ды цы сарæзтай, зæгъгæ фехъуыстон æмæ та рамæсты дæн. Зын мын у паддзахадмæ æмæ йæ хицауадмæ ахæм фæлхасгæнæн ахаст уынын. Ныртæккæ мæ ахуыргæнинæгты фылдæр хай ахуыр кæны Джон Кеннедийы зындгонд раныхас «Макуы бафæрс, Америкæйы бон цы у дæуæн саразын. Фæлтау зæгъ, дæхи бон цы у Америкæйæн радтын». Акæсут-ма уæ алфæмбылай. Горæты хæдтулджыты «пробкæтæ», йæ уынгты фæсарæйнаг машинæтæй рацæуæн нал ис. Фæлæ ме ‘мбæстæгтæй искæмæн йæ хæдзары сæр гыццыл фæхуынкъ ис, зæгъгæ, уæд быхсдзæн, — æнхъæлмæ кæсдзæн, цалынмæ бæстæйы хицауад цалцæггæнæн куыстыты хайад райса, уæдмæ. Цæмæн? Уымæн æмæ хицауад у! Кæд уый паддзахадмæ фæлхасгæнæн ахаст нæу, уæд æй куыд рахонон? Афтæмæй размæ цæуын нæ, фæлæ фæцæрæн дæр нæй. Уæдæ ныртæккæ дæр æвзарджытæн сæ фылдæр Бибылы фыртæн сæ хъæлæстæ уымæн радтой æмæ йæм сæхицæн, сæ сывæллæттæн материалон æххуысмæ æнхъæлмæ кæсынц.

Бæстæйы разамонæджы социалон политикæйы хуыздæр цæвиттон мæнæн у Маргарет Тэтчер. «Ӕфсæйнаг æхсин» афтæ дзырдта: «Англисаджы йæ сывæллонæн æхсыр баназын кæнын кæд фæнды, уæд ацæуæд æмæ бакусæд æхсыры фаг». Уæхæдæг уынут гуманитарон æххуысы фæстиуджытæ. Бирæ хатт ахъуыды кæнын, зæгъын, иу мæйы дæргъы Транскам æхгæд куы æрцæуа, уæд чизоны зæхкуыстмæ, нæ фыдæлты уæзæгтæм æрыздæхиккам æмæ райдаиккæм хуым кæнын, тауын, тыллæг исын — ома, ногæй сахуыр уаиккам кусын æмæ нæ куыстæй нæхи дарын. Цас æгуыст адæм ис нæ алыварс, афтæмæй та нæ чысылнымæц адæмæн фагæй фылдæр зæххытæ — æвæгæсæг. Знон дæр ма цард кæм гуылф кодта, уым абон уынæм афтид æмæ хæлд тыгъдад.

Ӕвзæрстон фембæлдтыты-иу дзырдтон гомстедты тыххæй — Линкольны закъонмæ гæсгæ, афтæ схуыдтой америкæгты, кæцытæн символикон аргъыл, ома, къапеччытыл, лæвæрдтой зæххытæ, æмæ сæ хæсджын кодтой цыбыр рæстæгмæ зæхх бакусынæй. Уыцы закъоны фæрцы дыууæ хъуыддаджы лыггонд æрцыд. Фыццаджыдæр, æдзæрæг зæххытыл адæм æрцардысты, дыккаджы та экономикæйы аграрон сектор рæзын райдыдта. Мах та цы кусæм? Æмæ цавæр хæдбардзинады кой кæнæм уæд? Алцæмæй æмæ алкæмæй хæдбардзинады кой? Не ‘хсæнады бындурон, националон хииндентификацийæ нæхи ссæрибар кæнынмæ тырнæм? Кæд афтæ у, уæд уын æргом зæгъын, куыд наци — абоны хуызæн дæлбар никуыдæр уыдыстæм. Æфхæрдыл нымайын, æвзарджыты хъæлæстæ æлхæнгæ кæй фæкæнынц. Хатгай ахъуыды кæнын, зæгъын, исты америкаг олигарх куы фæзынид Хуссар Ирыстоны, уæд æцæгæлон бæз-джындзыппджыны дæр равзариккам президентæй…

ДАМБЕГТИ Иринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.