Æрæджы 60-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн зынгæ аргентинæйаг футболист Диего Марадона. 80-æм азты кæрон Диего Марадонайы алчидæр зыдта. Ууыл дис кæнын нæ хъæуы, уымæн æмæ 1986 азы Аргентинæ рамбылдта дунейы чемпионат. Диего нымад æрцыд турниры хуыздæр хъазæгыл. Уый англисæгты къулдуары бакъуырдта дыууæ гол-шедевры. Голтæй сæ иуы рæстæджы асайдта ныхмæлæууæг командæйы æхсæз хъазæджы æмæ пурти смидæг кодта афтид къулдуары. Аргентинæ 1987 азы райста скудетто æмæ 1989 азы та – УЕФА-йы кубок. Марадонайæн  куы уыдаид «Сыгъзæрин пурти» райсыны бар, уæд æй æнæмæнгæйдæр райстаид, фæлæ 1995 азы онг уагæвæрдтæм гæсгæ, европæйаг чи нæ уыд, уыдоны нæ хорзæхджын кодтой. 1989 азы америкæйаг спортивон агентад International Management Group (IMG) ауагъта æрфарст æмæ сбæрæг кодта, зæгъгæ, Диего планетæйы у иууыл популярондæр адæймаг. Марадона чи у, уый зыдтой АИШ-ы дæр 1986 азы дунейы чемпионаты Аргентинæйы æм-бырдгонды триумфы размæ дæр.

Диего Марадона уыд йæ райгуырæн бæстæйы æцæг патриот. 1989 азы IMG-ы минæвæрттæ Марадонайæн загътой сæ фæндоны тыххæй, ома, аргентинæйаг хъуамæ суа 1994 азы АИШ-ы уагъдцæуæг дунейы чемпионаты цæсгом. Медиа-бары тыххæй футбо-листæн хъуамæ бафыстаиккой 100 милуан доллары. Афтæ ма йын мадзæлтты æмæ рекламæты хайадисты тыххæй та æмбæлд хицæн гонорар. Фæлæ контракты фыст хъуамæ уыдаид, зæгъгæ, Марадона хъуамæ райса АИШ-ы æмбæстагдзинад.  IMG-ы сæ уырныдта, зæгъгæ, америкæйагимæ рекламæты рейтинг схиздзæн уæларвы онг. АИШ-ы раздæры паддзахадон секретарь Генри Киссинджер, сæрмагондæй йæхæдæг фæзырдта футболистмæ æмæ йын ныфс бавæрдта хъалонтæй йæ кæй ссæрибар кæндзæн, уый тыххæй. Фæлæ Диего не сразы. «Уыдон мæ куырдтой америкæйаг суæвын. Америкæйаг! Баныфс мын æвæрдтой космикон æхцатæ, фæлæ, аргентинæйаг æмбæстагдзинадæн саргъгæнæн дæр нæй. Мæ национдзинадæн аргъ нæй. Мæнæн ничи бафиддзæн уыйбæрц, цæмæй æз мæхи аргентинæйагыл мауал нымайон», – бамбарын кодта зынгæ футболист. Кубæйы йæхицæн хос кæнгæйæ, уый схæлар Фидель Кастроимæ, кæцыйы нымадта стыр политикон архайæгыл, хорзыл нымадта Кубæйы рæст-дзинад æмæ фæтк кæй уыд, уый. Диего Фиделимæ амардысты иу бон – 25 ноябры, растдæр Фиделы амæлтæй 4 азы фæстæ. Зынгæ футболисты галиу къахыл уыд Фидель Кастройы портрет, фæнд ма кодта Уго Чавесы татуировкæ саразын дæр. Марадонайы хæлар ма уыд Венесуэлæйы лидер Уго Чавес дæр. Марадона йæ нымадта «удæгас историйыл». 2013 азы Чавесы амæлты фæстæ бацыд йæ уæлмæрдмæ æмæ раныхас кодта митингы Николас Мадуройы фарсхæцынады тыххæй, æрсидт Венесуэлæйы адæммæ, цæмæй бæстæйы сæргълæууæгæй равзарой  Николас Мадуройы.

Зынгæ футболист тынг кад кодта УФ-йы президент Владимир Путинæн дæр. «Владимир Путинæн æз табу кæнын. Мæ хæдзары къулыл кæрæдзийы фарсмæ ауыгъд сты Фидель Кастро æмæ Путины портреттæ», – загъта уый. Диего Марадона рацыд Папа Римскийы ныхмæ. «Æз æрцыдтæн Ватиканмæ æмæ федтон сыгъзæринæй арæзт æмбæрзтытæ. Æмæ уый фæстæ Папа дзырдта, зæгъгæ, Аргъуан тыхсы мæгуыр сывæллæттыл. Фæлæ цæмæн хъæуынц сыгъзæринæй æмбæрзтытæ, ауæй сæ кæн æмæ баххуыс кæн тыхст адæмæн!».

Ахæм уыд Диего Марадона! Планетарон æмвæзады гоймаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.