Адæмы иудзинады боны цытæн Паддзахадон драмон театры уыдис бæрæгбонон концерт. Хайад дзы райстой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон æмæ сгуыхт артисттæ. Фыццаг зарæг иронау сæххæст кодтой Бекъойты Вано, Гатыгкоты Нинæ, Харебаты Вадим, Харебаты Марта, Хаситы Сослан æмæ уымæй байгом бæрæгбонон концерт.

Уый фæстæ экраныл фæзындысты 1989 азы 23 ноябры гуырдзиаг фыдгæнджыты æгад æрбабырсты кадртæ. Фæскадрон текст каст тележурналист Джиоты Оксанæ.

Кинонывы фæстæ кæрæдзи ивгæ сценæмæ хызтысты популярон эстрадон зарæггæнджытæ: Гуцаты Нодар, Джиоты Ибрагим, Бестауты Дианæ, Лалыты Альберт, Икъаты Миленæ, Харебаты Вадим æмæ Гатыгкоты Нинæ. Театры зæлыдысты Ирыстоныл, ирон адæм æмæ сæ фыдæлтыл, уарзондзинад æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы хъæбатырдзинæдтыл зарджытæ. Концертон программæйы кæрон Харебаты Вадим, Бекъойты Вано, Харебаты Марта, Гатыгкоты Нинæ æмæ Хаситы Сослан сæххæст кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон гимн.

Президент Гаглойты Алан концерты кæрон загъта, зæгъгæ, нæ хъæбатыртæн ахæм кад æмæ аргъ кæй кæнæм, сæ хъæбатырдзинæдтæ сын кæй нæ рох кæнæм, уый йæхæдæг кады нысан у: «Нæ лæппутæ уæд хъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ, сæ адæмы æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Абон та не ’мбæстæгтæй бирæтæ хъæбатырдзинад æвдисгæйæ, тох кæнынц Украинæйы фашистон элементты ныхмæ æмæ сын нæ зæрдæтæ зæгъынц, цæмæй тагъд рæстæджы, æнæниз æмæ уæнгрогæй æрыздæхой сæ бинонтæм, Ирыстонмæ» — загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг.

Бæрæгбонон концерт адæмы зæрдæмæ куыд фæцыд, уый тыххæй нын цалдæрæй загътой сæ хъуыдытæ.

Дудайты Садул: Сæйраджыдæр бузныг зæгъын концертбацæттæгæнджытæн, хайад дзы чи райста, уыцы артисттæн се ’рхъуыды æмæ арæхстдзинады тыххæй. Раст зæгъгæйæ, концертмæ зивæгæй цыдтæн, фæлæ фæстæмæ та здæхын буц, райгонд æмæ сæрыстырæйы. Артисттæ иууылдæр тынг рæсугъд зарыдысты, фæлæ мæнæн мæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыдысты Гуцаты Нодар æмæ Бестауты Дианæйы зарджытæ æмæ арæхстдзинад.

Къуылыхты Аграфин: Тынг рагæй нал уыдтæн концерты, ныр дæр цæуинаг нæ уыдтæн, фæлæ мæ мæ хъæбулты хъæбултæ сдзурын дæр нал суагътой. Арæвдз мæ кодтой æмæ æз дæр семæ фæцæуæг дæн. Кæй сæм байхъуыстон, уымæй баззадтæн райгондæй. Артисттæм хъусгæйæ, райстон стыр æхцондзинад, сæ арæхстдзинадæй фæцыдысты мæ зæрдæмæ. Афтæ мæм кæсы, æмæ сценæмæ сæ рахызт, сæ уæздан уаг курдиатæй æмæ иннæ адæмты артисттæй фæстейæ ницæмæй лæууынц. Æппæт уыдæттæ мæ тынг сразæнгард кодтой æмæ, æвæццæгæн, нырæй фæстæмæ арæхдæр цæудзынæн нæ артистты концерттæм.

ГÆЗЗАТЫ Иван