Парти «Адӕмы иудзинад»-ы  программӕмӕ куы ӕркӕсай, уӕд ӕгасӕйдӕр здӕхт у Республикӕ Хуссар Ирыстоны алы ӕмбӕстагмӕ дӕр. Ацы Прогрӕммӕйы нысан у нӕ бӕстӕйы кардиналон ӕгъдауӕй сног кӕныны, нӕ ӕрвылбонон цардмӕ ногдзинӕдтӕ бахӕссын.

Ацы Политикон партийы уӕнгтӕн сӕ сӕйраг хӕсыл нымад у нӕ Республикӕйы раст, сӕрибар ӕмӕ солидарон ӕхсӕнад саразын,  адӕмты социалон ӕдасдзинад бахъахъхъӕнын, хицауадӕй  ӕцӕгӕйдӕр адӕмы раз  йӕ хӕстӕ куыд ӕмбара, ахӕм саразын. Сӕ сӕйраг приоритеттӕ – адӕймаг, бинонтӕ, пенсион ифтонгад, ӕвзӕнгты политикӕ, царды ӕнӕнизуаг,  инвалидтыл фӕхӕцын, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын,  ахуырдзинад, цӕрӕнуат, националон ӕдасдзинад.

Ахӕм сты цыбыртӕй политикон парти «Дзыллӕйы иудзинад»-ы  Программӕйы сӕйрагдӕр фӕндиӕгтӕ.

Фарон, 15.12.2022 азы ауагъдӕуыд Социалистон парти «Дзыллӕйы иудзинад»-æн уыдис VIII-ӕм ӕнӕрадон съезд. Боны фӕткы сӕйраг фарсты фæстагæтты ӕмхъӕлӕсӕй равзæрстой Пухаты  Иналы фырт Сергейы.

Пухаты Сергей райгуырд 1989 азы нӕ горӕты. 2006 азы каст фӕцис  Цхинвалы 3-аг астӕуккаг скъола ӕмӕ ахуырмӕ бацыд Мӕскуыйы националон ӕмӕ  регионалон ӕмахастыты институтмӕ – юриспрюденцийы дӕсныйады фӕдыл. 2007-2009 азты службӕ кодта Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фидауынгӕнӕг тыхты, 2008 азы активон хайад иста ирон-гуырдзиаг фӕстаг, карз хӕсты.

2011-2017 азтӕм куыста РХИ Мидхъуыддӕгты Министрады цалдӕр бынаты, у хистӕр  лейтенант.

Социалон парти «Дзыллӕйы иудзинад»-ы Сӕрдарӕй йӕ кӕй  равзӕрстой, уый ӕмбӕлоныл банымадтой ӕмӕ ӕхсызгон уыд партийы уӕнгтӕн. Мӕнӕ цы  дзуры Сергейы тыххӕй партийы уӕнг Тъехты Алан зæгъы: «Партийы къухдариуӕгад раивтам, уымæн ӕмӕ рӕстӕг размӕ цӕуы ӕмӕ нын нӕ разы ӕвӕры ног ӕмӕ ног хӕстӕ æмæ уыдон сӕххӕст кӕнынӕн та  хъӕуы ӕвзонг, ног, хъаруджындӕр сæрдар. Ахӕм у, номхуындӕй, Пухаты Сергей. Партийы уӕнг у райдианæй æмæ у тынг активон. Нӕ парти алыхатт дӕр йе ‘ргом здӕхта ӕвзонг фӕлтӕрмӕ, ахуыргонд ӕмӕ перспективонтӕм, раст зондахаст кӕмӕн ис, Республикӕ Хуссар Ирыстоны размӕцыд ӕмӕ йӕ  хорздзинадӕн чи лӕггад кӕны, ахӕм кусджытӕм. Комкоммӕдӕр  Пухайы фырт разынд ахӕм адӕймаг. Æрбатымбыл кодта ӕвзонг фӕсивӕды йӕ алыварс ӕмӕ йӕхи равдыста ӕцӕг  лидерӕй.

Абон парти «Дзыллӕйы иудзинад»-ӕн ис стыр фӕндтӕ ӕмӕ хӕстӕ, – цы фадыгмӕ хъӕуы ӕздахын фыццаджыдӕр, стыр хъусдард. Цӕмӕй Республикӕйы ракӕнӕм ног ӕмвӕзадмӕ, размӕ  акъахдзӕф кӕнӕм, иумӕйагӕй ӕмбӕстӕгты царды уавӕртӕ  фӕхуыздӕр кӕнæн, не ‘мбӕстӕгты бартӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй сфидар хъӕуы закъон ӕмӕ ӕгъдау.

Парти «Дзыллӕйы иудзинад» фӕнд кӕны 2024 азы Парламентмӕ ӕвзӕрстыты хайад райсын, уым бавдисдзӕн йӕ Программӕ ӕмӕ партии йӕ архайд цӕмӕ гӕсгӕ  араздзӕн, уыцы платформӕ дӕр».

Пухаты  Сергейы тыххӕй ма дзуры РХИ Мидхъуыддӕгты  Министрады цалдӕр азы йемӕ чи бакуыста, уый – Хъодалаты Ацæмæз:

– Ӕз Сергейимӕ рагӕй зонгӕ дӕн, иумӕ куыстам цалдӕр азы. Куыд кусӕг, афтӕ кад ӕмӕ радӕй хаста милицийы формӕйы кусӕджы ном. Ӕмкусджыты ‘хсӕн рӕстагӕй уыд раззагондӕр службӕгӕнӕгыл нымад. Йӕ адӕймагон миниуджытӕй та йын иууыл сӕйрагдӕртыл банымаин – у ӕфсӕйнаг удыхъӕды хицау, тынг нысанмӕздӕхт, йӕ разылӕууӕг хӕстӕ ӕххӕст кодта цӕсгомджынӕй ӕмӕ иууыл цыбыртӕй та – ӕвзонг,  ӕгъдауджын адӕймаг ӕмӕ ӕууӕнгджын хæлар.

Байхъусӕм ныр та йӕхимӕ – политикон парти «Дзыллӕйы  иудзинад»-ы ногсӕвзӕрст Сӕрдар Пухаты Сергеймӕ:

«Нӕ республикӕйы цы   проблемӕтӕ ӕмӕ  скъуыддзаггӕнинаг фарстытӕ ис, уыдон цӕмӕй  ӕххӕстгонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй нырма  хъӕуы нӕ паддзахаддзинад сфидар кӕнын, саразӕм дзы хъомысджын Ирыстон. Уыдӕтты тыххӕй хъӕуы ӕвзонг фӕсивӕды ног цӕстӕнгасимӕ ӕрбаввахс кӕнын. Нӕ парти йӕ номӕн аргъ кӕны ӕмӕ  тырндзӕн адӕмы иудзинад сфидар кӕнынмӕ. Уыимӕ ма нӕ  алчидӕр кӕм кусы, уым цӕсгомджынӕй куы архайа йӕ хъуыддагыл, уӕд уый стыр ныфс у нӕ республикӕйы рӕсугъд ӕмӕ фидар фидӕнӕн. Йӕ  фидӕныл чи не ‘ууӕнды, уыдон та никуы ницы ссардзысты. Ныфсӕн  стыр тых ис.

Иугӕр мыл сӕ ‘ууӕнк бафтыдтой «Дзыллӕйы иудзинад»-ы уӕнгтӕ, уӕд архайдзынӕн, цӕмӕй  сын сӕ зӕрдӕхудты ма бацæуон. Рагацау  ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ дӕр нӕ  уарзын, цард ӕй йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн…»

               НАНИТЫ Асиат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.