Нæ Республикæйы VII сæвзæрст Парламентмæ депутатты, куыд зонæм, афтæмæй уагъд цæудзысты мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ. 17 парламентарийы æвззæрст æрцæудзысты партиты номхыгъдтæм гæсгæ æмæ 17 та – иумандатон æвзарæн зылдтæй.

Мах бацымыдис кодтам ацы системæмæ гæсгæ æвазæрстыты тыххæй ныры архайæг Парламенты депутаттæ куыд хъуыды кæнынц, уымæ.

Тедеты Руслан – Сæудæджерад, арæзтад, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдыл парламентон комитеты сæрдар:

– Мажоритарон – пропорционалон системæ уымæй хорз у, æмæ нæ республикæйы æвзарджытæ сæ проблемæтимæ комкоммæ дæр цæудзысты, се’взарæн зылдæй кæй равзарой, уыцы депутатмæ. Мах чысылнымæц адæм стæм, кæрæдзийы зонæм,æмæ фылдæр не’мбæстæгтæ æмбæлынц цардуагон проблемæтимæ. Æмæ уыдонæй алчидæр куы ‘рбацæуа партимæ, уæд, гæнæн ис, æмæ ма райса мадæр æххуыс, мадæр æмбæлон дзуапп, уымæн æмæ фарстатæ бирæ вæййынц æмæ  партийæн зын у уый бæрц проблемæтæ скъуыдзаг кæнын. Фæлæ не ‘мбæстæгтæ се’взарæн зылдæй цы депутат равзарой, уымæ цæудзысты комкоммæ сæ проблемæтимæ æмæ депутаты куыст куы нæ фæцæуа сæ зæр-дæмæ, уæд сæ бон у æртымбыл кæной йæ ныхмæ къухфыстытæ æмæ йæ ссæрибар кæной йæ депутатон хæстæй. Уымæ гæсгæ депутаттæ аргъуц кæндзысты æмæ æвзарджыты проблемæтæм сæ хъус хуыздæр дардзысты. Ис ма дзы ахæм нюанс дæр, æмæ, зæгъæм, кæцыдæр депутаты цыдæр зæгъын фæнды æмæ партийæн æдтейæ уый нæ зæгъдзынæ, фæлæ æвзæрстыты ног системæмæ гæсгæ та депутат сæрибарæй зæгъдзæн йæ хъуыды. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, хуыздæр у, цæмæй депутаттæй иутæ æвзæрст æрцæуой партиты номхыгъдмæ гæсгæ, иннæтæ та – иумандатон æвзарæн зылдтæй.

Гæбæраты Юри -Национ политикæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл парламенты комитеты сæрдар:

– Ацы аз нæ республикæйы парламентон æвзæрстытæ ахæм системæмæ гæсгæ кæй цæуынц, уый хорз у. Ома, депутаттæм чи цæуы, уыдонæй æрдæг цæуынц партитæй, æрдæг та – иумандатон æвзарæн зылдтæй. Алкæцы партийæн дæр фадат фæзындис, цæмæй равдисой, цы сты,æмæ сæ бон цы у саразын, уый. Нæ республикæйы æмбæстæгты ‘хсæн сын ис авторитет æви  нæ, уый равдисой нæ республикæйы радон парламентон æвзæрстыты рæстæджы. Дыккаг та уый, æмæ нæ республикæйы алы зылды цæрджытæн дæр фадат фæзынд, цæмæй равзара, кæуыл æууæнды æмæ йæхи кæй фæнды уыцы депутаты. Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  ацы хорздзинад ис ног æвзарæн системæмæ.

Уалыты Розæ  РХИ-йы Парламенты депутат:

– Раздæр-иу партитæ съездтæ уадзыны рæстæджы равзæрстой сæхæдæг партиты иууыл активондæр чи уыд, уыдоны, æмæ – иу уыдоны бахастой номхыгъдтæм. Ацы аз парламентон æвзæрстытæ ног системæмæ гæсгæ цæудзысты. Ацы ног системæйы хорздзинад уый мидæг ис, æмæ гæнæн ис, иумандатон æвзарæн зылдæй йæ кандидатурæ бахæсса ахæм адæймаг, кæцыйæн йæ авторитет йе’взарæн зылды уа бæрзонд.  Хъуамæ уарзай дæ адæмы, сæ зын рæстæджы сæ фарсмæ уай, сæ рис сын æмбарай æмæ сæ куысты руаджы не ‘мбæстæгтæн саразой стыр хорздзинæдтæ. Уыцы кандидатты ‘хсæн, æвæццæгæн, уыдзæн æвзæнгтæ дæр. Тынг мæ фæнды, цæмæй иумандатон æвзарæн зылдтæй чи цæуы, уыцы æвзонг лæппутæ æвзарæн кампанийы рæстæджы кæрæдзийыл цъыф ма калой. Хъуамæ уой тынг дзырдарæхст æмæ оппоненттæн радтой зондджын дзуапп, хъуамæ уай цæттæ алцæмæ дæр. Дæ адæмы ‘хсæн хъуамæ уай цæсгомджын. Депутатæй куы цæуай, уæд хъуамæ дæхи интересты тыххæй ма бацæуай, фæлæ хъахъхъæнай де ‘взарджыты интерестæ. Чизоны исчи афтæ æнхъæлы, æмæ Парламентмæ куы бацæуа, уæд схъæздыг уыдзæн. Уый бынтондæр афтæ нæу. Депутат хъуамæ уа йæ адæмы фарсмæ æмæ йын лæггад кæна, хъуамæ кусай дæ  адæмы хæрзæбонæн æмæ кæд мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ чи цæуы, уыдон æцæг сæ адæмы хъысмæтыл тыхсынц, уæд уый, кæй зæгъынæй хъæуы тынг хорз хъуыддаг у.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.