27-æм апрелы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты цыппæрæм сессийы цыппæрæм рабадт. Рабадт уагъта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

Куыд фехъусын чындæуыд, уымæ гæсгæ РХИ-йы Парламенты уыйразмæ сессийы депутаттæ æркастысты «Паддзахадон арæны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ’хсæн Бадзырды ратификацийы тыххæй, кæцыйыл къухтæ æрфыстой Мæскуыйы 2015 азы 18-æм февралы» РХИ-йы Закъоны проектмæ æмæ ист æрцыд фыццаг бакасты, уымæн æмæ йемæ нæ уыдысты иуæй-иу уæлæмхасæн документтæ. Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдары хæдивæг Плиты Александры ныхæстæм гæсгæ, æппæт уыдæттæ хынцыд æрцыдысты æмæ проект хаст цæуы кæройнаг бакасты Закъон райсыны тыххæй. Парламент æмхъæлæсæй сратификаци кодта Бадзырды.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ уынаффæмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ бангы хыгъд 2015 азæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй. Хыгъдимæ депутатты базонгæ кодта РХИ-йы Национ бангы Правленийы Сæрдар Зассеты Феликс. Хыгъды фæдыл сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Мамиты Инал, Коцты Олеся, Бибылты Анатоли, Уалыты Розæ, Гæбæраты Юри, Плиты Александр. Фарстытæ хаудысты æхца бавæрджыты нымæцмæ, бавæрдтыты гарантимæ, кредиттæ раздахынмæ, Цæстдарæн советы фæрæзтæй спайда кæнынмæ, кредиттæ дæттыны формæтæ фæуæрæхдæр кæнынмæ æмæ афтæ дарддæр.

Хыгъды фæдыл хатдзæгтæ сарæзта Коцты Жаннæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, хыгъд æмбæлон у æппæт райсгæ нормæтæн, уынаффæ йыл цыд профилон комитеты æмæ Парламенты Президиумы рабадты, æрвыст æрцыд æппæт парламентон комитеттæм. Хыгъды фæдыл фиппаинæгтæ нæ уыд. Ис ын æппæт æнмæнгхъæуæг хатдзæгтæ. Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, фыццаг хатт Национ банг йæхæдæг æрбавдыста аудиторон хатдзæгтæ æнæ развæлгъау домæнтæй. Афтæ ма банысангонд æрцыд, зæгъгæ, иумиагæй республикæйы бангон системæ фæхуыздæр, Национ банг уадзы тасгæ кредитон политикæ. Æххæст кæны коммерцион бангтыл цæстдаргæ архайд. Пайда кæны бангон хъуыддаджы æппæт нырыккон формæтæй.

Хыгъд ист æрцыд æмхъæлсæй.

Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тасойты Димитр уынаффæмæ рахаста «Æфсæддон службæгæнæджы статусы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ æмæ уæлæмхасæнтæ бахæссыны тыххæй” РХИ-йы Закъоны проект. Уый банысан кодта, зæгъгæ, документ бацæттæ кодта РХИ-йы Паддзахадон Æдасдзинады комитет æмæ йыл уынаффæ кодтой алыгъуызон инстанциты, уыцы нымæцы РХИ-йы Парламенты профилон комитеты æмæ Президиумы рабадтыты дæр. Ивындзинæдтæ хауынц дыууæ уагæвæрдмæ. Фæндон бахастæуыд дзырд «афицертæ»-йы фæстæ дзырд «прапорщикæй» баххæст кæнын. 22-æм статьяйы 4-æм пункт равæрд æрцæуæд ахæм редакцийы: «Контрактмæ гæсгæ æфсæддон службæйы чи сты, иумæйаг æфсæддон службæ 20 азæй къаддæр чи нæ бакодта æмæ æфсæддон службæйæ кæройнаг æмгъуыдмæ гæсгæ, æнæниздзинадмæ гæсгæ, кæнæ пенсийы ацæуыны бар ын нæ уæвгæйæ организацион-штатон мадзæлттæм гæсгæ æфсæддон службæгæнджытæ-æмбæстæгтæн службæйæ ссæрибар кæнынæй иу азы æмгъуыдмæ хъахъхъæд цæуы йæ куыстмызд æфсæддон цинмæ гæсгæ. Æфсæддон цинмæ гæсгæ куыстмызд фидыны уагæвæрд бæрæг кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад».

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодтой депутаттæ Коцты Олеся æмæ Мамиты Инал. Закъон ист æрцыд æмхъæлæсæй.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Джиоты Инал уынаффæмæ рахаста «Хæлцадон продукты гъæд æмæ æдасдзинады тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ æмæ уæлæмхасæнтæ бахæссыны тыххæй” РХИ-йы Закъоны проект. Уый банысан кодта, зæгъгæ, документ бацæттæ кодта РХИ-йы Хицауад æмæ йын ис æнæмæнгхъæуæг уæлæмхас документтæ. Закъоны проектыл уынаффæ кодтой дыууæ профилон комитеты, уыцы нымæцы Социалон политикæ æмæ æнæниздзинады фæдыл комитеты, афтæ ма РХИ-йы Парламенты Президиумы рабадты дæр. Фыццаг хатт ацы Закъон ист æрцыд 2011 азы, фæлæ уæдæй нырмæ бирæ фæивта æмæ йыл бахъуыд ногæй бакусын. Уыдон здæхт сты республикæмæ ахæм продукттæ ласыны минимуммæ, кæцыты ис организмæн зианхæссæг буарадтæ, афтæ ма ацы закъондæттынад чи халы, уыдонмæ ахасты мадзæлттæ фæкарздæр кæнынмæ.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Плиты Александр, Коцты Олеся, Коцты Жаннæ, Бесаты Зитæ. Закъоны проект хорзыл банымадтой æмхъæлæсæй.

Ацы комитет ма депутаттæм уынаффæмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджыты бартæ бахъахъхъæныны тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ æмæ уæлæмхасæнтæ бахæссыны тыххæй” РХИ-йы Закъоны проект. Докладгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, фыццаг хатт Закъон ист æрцыд 2007 азы 25-æм декабры, æмæ йæм фæстаг ивындзинæдтæ та хаст æрцыдысты 2010 азы 8-æм декабры, фæлæ уæдæй фæстæмæ бирæ фæивта æмæ Закъоныл бахъуыд ногæй бакусын. Ацы фарстыл уынаффæ кодтой профилон комитеты РХИ-йы фæлхасгæнджыты бартæ æмæ хæрзиуджытæ хъахъхъæныны къабазы хъусдарды фæдыл комитеты активон хайадистæй æмæ РХИ-йы Парламенты Президиумы рабадты. Ис ын РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады Администрациты паддзахадон-барадон управлениты, РХИ-йы Юстицийы министрады, Финансты министрады хатдзæгтæ, æндæр уæлæмхасæн документтæ.

Ацы Закъон бæстон кæны ахастытæ, кæцытæ сæвзæрынц товартæ уæй кæнгæйæ фæлхасгæнджытæ æмæ цæт-тæгæнджыты, æххæстгæнджыты, импортерты, уæйгæнджыты ’хсæн, фидар кæны адæймаджы цард æмæ æнæниздзинадæн гъæдджын æмæ æдас товартæ амал кæныны фæдыл фæлхасгæнджыты бартæ, афтæ ма сæ цæттæгæнджыты, æххæстгæнджыты æмæ уæйгæнджыты тыххæй информаци исын, бæрæг ма кæны уыцы бартæ реализаци кæныны механизм дæр. «РХИ-йы фæлхасгæнджыты бартæ хъахъ-хъæныны тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссын æнæмæнгхъæуæг у фæлхасгæнджыты бартæ бахъахъхъæныны къабазы куыст баххæст кæныны тыххæй.

Ацы Закъоны тыххæй депутаттæ схъæлæс кодтой æххæст скондæй.

Сессийы куысты хайад райстой РХИ-йы фæлхасгæнджыты бартæ æмæ хæрзиуджытæ хъахъхъæныны къабазы хъусдарды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæ, Паддзахадон æдасдзинады комитеты юрист Мæргъиты Лоринæ, Парламенты РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Козаты Мадинæ, Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Гобозты Вячеслав.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.