Фыццаг хатт Республикæ Хуссар Ирыстон-Аланийы Парламент йæ фондзазон архайдæн фæстиуджытæ  сарæзта цытджын æмбырды. Уый уыд æнтыстджын архайд æмæ акгагæй кæронмæ æххæст æрцыд. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ алы сæвзæрст Парламент дæр рæстæджы домæнтæ æмæ уавæртæм гæсгæ æххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ цæсгомджынæй. Уымæн æвдисæн у нæ бæстæйы хæдбардзинады æхсæнадæмон банымад æмæ Уæрæсейы Федерациимæ партнерон ахастытæ фидардæр кæнын.

Фæстаг сæвзæрст Парламенты æнтыстытыл дзырд куы цæуа, уæд дзы ахсджиаг бынат ахсы, цы инициативæ равдыстой – Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл æнувыд тохгæнæг Хъуылымбегты Торезы номыл мысæн майдан арæзт кæй æрцыд, уый. Уыцы идейæ здæхт у историон мысынад бахъахъхъæнынмæ.

Цытджын æмбырдмæ хуынд æрцыдысты уазджытæ æфсымæрон Цæгат Ирыстонæй, Абхазы Республикæйæ, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй. Хайад дзы райстой уымæй размæ сæвзæрсты депутаттæ, республикæйы æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ.Цытджын æмбырды хайадисджытæн фадат уыд Парламенты сырæзты истори, уый фæстæ æппæт сæвзæрстыты куыст æмæ архайд æмæ кинонывы руаджы бакæсынæн. Уыдонæй алчидæр егъау хайбавæрд бахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад фидар кæныны хъуыддаг æмæ йæ æндидзынадмæ. Æхсæзæм сæвзæрст Парламенты архайдыл дзырд куы цæуа, уæд райста бирæнымæц закъæттæ – 198. Уымæй дарддæр бакуыст æмæ къухтæ æрфыстæуыд æхсæнпарламентон сразыдзинæдтыл, хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны фæдыл бадзырдтыл, уыцы нымæцы 2015 азы 18 марты бафысгæ Цæдисад æмæ интеграцийы фæдыл стыр бадзырд Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр банысан кодта, сæ куыстæн фæстиуджытæ аразыны æнгæс формæ æвзæрст кæй æрцыд фыццаг хатт.

«Ахæм хуызы мах ноджыдæр æхсæнады рæгъмæ хæссæм, фондз азы дæргъы цы куыста æмæ архайдта Парламент, уый. Уымæн æмæ депутаттæ сты адæмы æвзæрст æмæ сын адæм хъуамæ зоной сæ архайд. Æмæ ноджыдæр фенын кæнæм республикæйы царды закъондæттынады къабазы ахсджиаг нысаниуæг», – банысан кодта ныхасгæнæг.

VI-æм сæвзæрст Парламент бакуыста æмæ райста ахæм закъæттæ, кæцытæ республикæйы политикон, социалон æмæ экономикон цардмæ бахастой бæрæг ивындзинæдтæ. Депутаттæ кæддæриддæр хъахъхъæдтой сæ позицитæ, истой хъæуæг æмæ конструктивон уынаффæтæ.

Парламенты Сæрдар сæрмагондæй банысан кодта фыццаг сæвзæрст Парламенты депутатты стыр хайбавæрд нæ республикæйы паддзахаддзинад рæзын кæныны хъуыддагмæ. Парламенты бæрзонд хорзæх – Хъуылымбегты Торезы номыл кадджын майдантæй хорзæхджын æрцыд цалдæр адæймаджы – Болататы Руслан, Дыгъуызты Георги, Цоциты Валентин, Дыгъуызты Дали, Хуыбылты Еленæ æмæ    Цхуырбаты Эммæ.

«Йæ рæстæджы ацы адæм истой бæстæйæн хъысмæтскъуыддзаггæнæн уынаффæтæ. Уы-доны фæндвидар æмæ ныфсхастдзинады руаджы бындур æвæрд æрцыд нæ паддзахаддзинадæн», – банысан кодта Гасситы Петр.

 VII-æм сæвзæрст Парламентмæ цы депутаттæ æвзæрст æрцæуа, уыдонæн Парламенты Сæрдары цæст бауарзта ног, стыр æнтыстытæ бæстæйы æмбæстæгты хæрзæбонæн куыд фæллой кæной, ахæм фæн-диæгтæ.

Президент Бибылты Анатоли, йæ рæстæджы Парламенты Сæрдар уæвгæйæ, нæ республикæйы рæзтмæ æмæ размæцыдмæ бахаста æгæрон хайбавæрд. Æрмæстдæр уый руаджы раздæхтам нæ националон лидер Хъуылмбегты Торезы тыххæй историон мысынад. Уымæ гæсгæ ныры Парламенты сконды иумиаг уынаффæмæ гæсгæ ацы бæрзонд хорзæхæй хорзæхджын æрцыд бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

Йæ раныхасы уый бузныджы ныхæстæ загъта Парламенты депутаттæн сæ æнтыст-джын куысты тыххæй, банысан кодта, фыццаг сæвзæрст депутатон корпусæй фæстæмæ ацы сæвзæрст Парламент кæй уыд иууыл активондæр. Уый æвæрццаг аргъ скодта VI-æм сæвзæрст Парламенты архайдæн, зæгъгæ, йæ куыст у эффективон æмæ нысаниуæгджын. Æмæ уыцы куыст, йæ ныхæстæм гæсгæ, æрмæст парти «Иугонд Ирыстон»-ы хайбавæрд нæу, фæлæ æппæт парламентон фракциты куыст.

«Алы депутат дæр сарæзта æппæтдæр, цæмæй уæлдæр органы куыст æргом уа, йæ архайд æгасæйдæр здæхт уа нæ бæстæйы цæрджыты хæрзæбонмæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Æввахс рæстæджы нæ бæстæйы парламентон æвзæрстытæ уагъд кæй цæудзысты, уымæ гæсгæ уый æрсидт æппæт партиты минæвæрттæ æмæ иумандатон зылдтæй кандидаттæм, цæмæй æвзæрстыты агъоммæ программæйы нысаниуæг конструктивон диалогы руаджы хæццæ кæной æвзарджытæм æмæ æвзæрстытæй тохы быдыр ма саразой.

«Æвзæрстытæ махæн хъуамæ уой бæрæгбоны хуызæн. Нæ кæрæдзимæ ахастæй мах ноджыдæр хъуамæ сбæлвырд кæнæм, цæрдхъом республикæ кæй стæм, кæй нæм архайынц демократон институттæ, æхсæнады рæзты принциптæ æмæ нæ оппоненттæн аргъ кæныны принциптæ», – дзырдта Президент. Банысан кодта, ног депутатон корпусы раз кæй лæууынц ахсджиаг хæстæ, æмæ сын йæ цæст бауарзта ног уæлахиздзинæдтæ æмæ æнтыстытæ уыцы вазыгджын архайды.

Цæгат Ирыстон – Аланийы Парламенты Сæр-дары хæдивæг Кучиты Гарри йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, Хуссар Ирыстон дунеон ны-мад паддзахад кæй ссис хуссарирыстойнаг адæмы фæндвидардзинад æмæ республикæйы парламентариты руаджы, кæцытæ йæ рæстæджы истой историон хъысмæтскъуыд-дзаггæнæн уынаффæтæ. Ныртæккæ, зæгъгæ, æмбæстагон æхсæнад саразыны хъуыддаджы Хуссар – Ирыстоны Парламент у уæвæг паддзахадон институт æмæ йын республикæйы æхсæнадон-политикон царды ис ахсджиаг нысаниуæг.

Абхазы Республикæйы Адæмон Æмбырды Сæрдары хæдивæг Левон Галустян банысан кодта, Абхазы кæй аргъ кæнынц Хуссар Ирыстоны адæмимæ хæлардзинадæн æмæ кæдфæндыдæр иумæ кæй уыдзысты.

«Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонæн иу хъысмæт ис, иу уыдысты сæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл тохты дæр. Нæ тыхтæ æмæ нын нæ хъарутæ æххуыс кодтой раздæр дæр æмæ нын дарддæр дæр ахъазгæнæг уыдзæн нæ иудзинад», – банысан кодта уый. 

Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Æмбырды сæрдар Владимир Бидевка куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фондз азы дæргъы нæ республикæтæ архайдтой сфидар кæнын дыууæфарсон æмгуыстады серьезон къахдзæфтæ. Мах, зæгъгæ, рагæй æнкъарæм нæ æмгары хæларадон æххуыс, æмæ нæ ныфс ис, æмæ фидæны Хуссар Ирыстоны паддзахад æмæ адæммæ æнхъæлмæ кæсы размæцыд æмæ æнтыстытæ.

Луганскы Адæмон Æмбырды Сæрдар Денис Мирошниченко дæр йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, æхсызгон ын кæй у, фыццаг хатт Луганскы Адæмон Республикæйы хæдбардзинад цы бæстæ банымадта, уыцы бæстæйы уæвын.

VI-æм сæвзæрст Парламенты депутатты архайдæн æрцæудзæн ноджыдæр æмбæлон аргъ æмæ уыдонæй алчидæр адарддæр кæндзæн йæ архайд бæстæйы хæрзæбонæн. Дарддæр дæр сæ фæлтæрддзинадæй пайда æрцæудзæн бæстæйы рæзты хъуыддаджы.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.