РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады советы секретары хæдивæг Рашид Нургалиев федтой Зонкъары донæмбырдгæнæны. Балцы ма семæ уыдысты УФ-йы Энергетикæйы министры хæдивæг Андрей Черезов, РХИ æмæ УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрадты минæвæрттæ.

Цæугæ æмбырды хайадисджытæ федтой гидротехникон арæзтад, дон ауадзæнтæ æмæ æрæхгæнæнты, кæцыты иу хайы хъæуы сцалцæг кæнын.

Бибылты Анатоли бахатыд УФ-йы Энергетикæйы министры хæдивæгмæ, цæмæй аттестаци ауадза гидротехникон арæзтадæн æмæ бакуыстæуа донæмбырдгæнæны цалцæг кæныны æмæ лæггæдты фæдыл фæндæттæ æмæ мадзæлтты æнæмæнгхъæуæг план.

Балцы хайадисджытæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, Зонкъары донæмбырдгæнæны чысыл гидроэлектростанцы арæзтад нысанмæздæхт нæу, кæцы специалистты хъуыдымæ гæсгæ 6 мВт фылдæр нæ кусдзæн, æмæ электроэнергийы хиаргъ та уыдзæн Уæрæсейы Федерацийæ кæй исæм, уымæй бирæ фылдæр.

  РХИ-йыПрезиденты пресс-службӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.