Знон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта тыхон структурæты кусджыты, ахуыргæнджыты, физкультурæ æмæ спорты фадыджы æмæ æндæр къабазты фæллойгæнджыты.

Райдианы бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, алы фæллойгæнæг æмбæстагмæ дæр паддзахады ‘рдыгæй цы хорзæх æмбæлы, уыдон сæм рæстæгыл хъуамæ хæццæ кæной.

Джиуæргуыбайы къуыритæ кæй сты, уымæ гæсгæ арфæ ракодта мадзалы хайадисджытæн. Тыбылты Леонид æркой кодта 23 ноябры  тыххæй дæр – уыцы бон, зæгъгæ, ирон адæм æрбаиу сты æмæ æрлæу-уыдысты знаджы ныхмæ.

«Уыцы бонæй фæстæмæ райдыдтой не стыр фыдæбæттæ, нæ адæмæй уый фæстиуæ-гæн бирæтæ абоны онг нал фæцардысты. Уыцы хъуыды нæ тыхсын кæны æрвылбон дæр.

Истори æмæ паддзахады цард æппæт уыцы хъуыддæгтæй райдайы. Нæ фарсмæ чи нал ис, уыдон ном ардзыстæм кæдфæндыдæр», – дзырдта Президент.

Тыбылты Леонид ныр дæр æрсидт, 27 азы размæ 1989 азы нæ адæм цы æмзонд æмæ иудзинад равдыстой, уымæ.

Хицауад ныртæккæ цы ахсджиаг фарстытыл кусы, уыдоныл уыд бæстæйы сæргълæууæджы дарддæры ныхас. Нырма, зæгъгæ, аразинаг бирæ ис фæлæ цы гæнæн ис, уый аразæм.

«Уый тыххæй ис критикæ дæр, уымæ æз кæсын раст цæс-тæй, уымæн æмæ аразинаг   хъуыддæгтæ бирæ сты æмæ сыл хъуамæ фæтых уæм.

2013 азæй фæстæмæ Уæрæсейы Федерацийæ Хуссар Ирыстон цы финансон фæрæзтæ исы, уыдон фæстаг цалдæр азы нысанмæздæхтæй хардз кæй цæуынц, уый банысан кодта УФ-йы Нымайæн палатæ дæр. Уыцы куыст дарддæр цæудзæн – адæмы тыххæй цы фæрæзтæ цæуынц, уыдон хæццæ кæндзысты адæммæ», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Фæстаг бонты ног информаци апарахат æхсæнады, ома, бю-джетон фадыджы кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр уыдзысты 16%. Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, ам дзырд цæуы ууыл, цæмæй 2018 азмæ бюджетон æмæ иннæ фадыджы кусджытæн сæ куыстмыздтæ схизой Уæрæсейы Хуссар Федералон зылды бæрцмæ. Президент баныфсæвæрдта, 2017 азы дæр бæрæг кæй фæфылдæр уыдзысты куыстмыздтæ.

Тыбылты Леонид ма дзырдта, зæгъгæ, иуæй-иу хатт райхъуысы ахæм критикæ – бирæ министртæн сæ куыстмызд у сæдæ минæй фылдæр.

«Уый раст у – тыхон структурæты министртæ, Уæлдæр тæрхондоны сæрдар, Юстицийы министр – уыдонæн ахæм мыздтæ йæ рæстæджы сарæзта уæды хицауад. Уыдонæн сæ мыздтæ уæдæй нырмæ нал фæфылдæр сты. Æмæ Президенты Указ фехалын та бынтон раст нæу», – загъта уый.

Дарддæр Тыбылты Леонид дзырдта, Инвестицион программæ кæй адарддæр уыдзæн æртæ азæн æндæр програм-мæйыл бакусынæй. Уый уыдзæн райрæзты этапимæ баст. Хорзыл банымадта, не ‘мбæстаг инвестор Боллоты Таймураз цы куыстуат бакодта, уым фадат кæй ис не ‘мбæстæгтæн кусынæн. Пенсион ифтонгад, фиддонтæм цы хыгъдтæ цæуы фабрикæйæ – уый дæр банымадта хорз хъуыддагыл. Дарддæр куыст цæуы райрæзты бирæ   проекттыл, кæцытæ фадат ратдзысты фæллойгæнæг адæмы къух фæрог кæнынæн.

2017 азы президентон æвзæрстытыл дзургæйæ, Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, хъуамæ равдисæм æмбæлон ахаст, уымæ нæм æнхъæлмæ кæсынц кæимæ кусæм, уыцы Стыр Уæрæсе.

«Мах хъуамæ нæ паддзахад фидар кæнæм, дарддæр та хъуамæ хъуыды кæнæм нæ адæмы цардыл, куыд æй фидар кæндзыстæм æмæ йæ кæимæ аразæм, ууыл», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Дарддæр Президент Тыбылты Леонид «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн» æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майдантæ, Сгуыхт кусæджы ном, Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта мадзалы хайадисджыты.

1991 азы Тамарашены хъæуы гуырдзиаг нæмыгæй фæмардуæвæг Уалыты Виталийы «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майдан лæвæрд æрцыд йæ ный-йарæг мад Битеты Ксениямæ.

Ксения стыр бузныг загъта бæстæйы къухдариуæгадæн, зæгъгæ, йын йæ æдзард хъæбулы ном кæй ссардтой, уый ныййарæг мад стыр кадæн райста.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.