Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономикон райрæзты министрад дарддæр кусы паддзахадон унитарон куыстуæттæн сæ архайд фæхуыздæр кæныныл.

Паддзахадон-унитарон куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайд контроль кæныны фæдыл Æхсæнведомствон къамис, организациты анализ кæнгæйæ, банысан кодта иуæй-иу хорз ивындзинæдтæ.

Сæйраджыдæр, 2017 азы плангонд уыд паддзахадон куыстуæттæй хъалонтæ 144 656,6 мин  сомы бæрц сисын. 2018 азы та планон фиддонтæ хъуамæ уой 204 736,0 мин сомы бæрц.

2018 азы æфтиагæн йæ иу хай 2 586,1 мин сомы бæрц план цæуы паддзахадон бюджетмæ арвитын, иннæ æзтæм абаргæйæ уый 1 188,4 мин сомы бæрц у фылдæр. Ахæм хицæндзинад баст у сæйраджыдæр паддзахадон унитарон куыстуæттæ «Югосетнефтепродукт», «Цхинвалы бæгæныйы æмæ дыргъы дæтты завод», æмæ «Горæты базар №2»-йæ сыгъдæг æфтиаг кæй фæфылдæр, уыимæ.

Паддзахадон куыстуат «Арæзтадон æрмæджыты завод», кæцымæ реорганизацийы рæстæджы бафтыд «Цхинвалы завод «Эмальпровод»-ы сыгъдæг æфтиаг у 2 940,0 мин сомы бæрц.

Афтæмæй, РХИ-йы хъалонты комитеты информацимæ гæсгæ, 2017 азы декабры райдайæны падддзахадон унитарон куыстуæттæн ис хæс 485 662,4 мин сомы бæрц.

Æрбавдыст информацимæ гæсгæ, паддзахадон унитарон куыстуæттæн бахæс кодтой, цæмæй паддзахадон бюджеты хæс бафидой.

Чи нæ кусы, уыцы паддзахадон унитарон куыстуæттæ сæ дæлбар кæмæн сты, уыцы фадыгон министрадтæ та хъуамæ æрбавдисой фæндæттæ, юридикон субъектты хуызы сæ бахъахъхъæныны сæраппонд.

РХИ-йы Экономикон райрæзты министр Кокойты Геннадийы къухдариуæгадæй цы къамисы рабадт уагъд æрцыд, уым  æрбавдыст æрцыдысты Паддзахадон унитарон куыстуæтты 2017 азы фыццаг æмбисы  финансон-хæдзарадон архайды хыгъдлæвæрдтæ æмæ 2018 азы плæнттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.