Знон, 19-æм сентябры уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы бон. Ацы нысаниуæгджын боны сæраппонд  уагъд æрцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. 18-æм сентябры Паддзахадон тырысайы боны сæраппонд иу ахæм мадзал уагъд æрцыд нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы. Бацæттæ йæ кодтой уагдоны кусджытæ сæ директор Тъотъоты Ленæйы сæргълæудæй нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы 7-æм «б» къласы ахуыргæнинæгтимæ. Тъотъоты чызг æрæмбырдуæв-джытæн арфæ ракодта æртæ боны  дæргъы – 19, 20  æмæ   21-æм сентябры не ‘взонг республикæйы цæрджытæ цы стыр бæрæгбонтæ нысан кæндзысты, уыдоны сæраппонд. Ахуыргæнинæгтæм æрсидт, цæмæй ирон Тырысайы кад бæрзонд хæссой æмæ макуы фæхудинаг кæной сæ радтæг ирон адæмы. Æрдзырдта сын 20 азы дæргъы сæ ныййар-джытæ, сæ дадатæ æмæ нанатæ цы уæззау фæндæгтыл рацыдысты, уыдоны тыххæй. Загъта сын сæ Фыдыбæстæйы сабыр арвы бын цæрыны фæндиæгтæ.

Æрæмбырдуæвджытæн Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы равзæрды æмæ хуызты тыххæй æрдзырдта библиотекæйы методист Табуты Лали. Загъта, зæгъгæ, урс хуыз æвдисы рæстдзинады, сыгъдæгдзинады æмæ кады идеятæ, сырх хуыз та  у æхсардзинад æвдисæг æмæ бур хуыз та – фарн, сабырдзинад, амонд, æмæ фæрныгад æвдисæг. Рагон триколор национ символтæм раздæхт 20-æм æнусы 80-æм азты дыккаг æмбисы. 1989 азы февралы мæйы Хуссар Ирыстоны адæмон фронт «Адæмон ныхас» æмæ Цæгат Ирыстоны æхсæнадон змæлд «Адæмон цæдис»-ы минæвæрттæ бадзырдтой иумиагнацион триколор сæндидзын кæныны тыххæй.

1989 азы урс-сырх-бур тырыса фæзынд Цхинвалы уынгты. 1989 азы июлы мæйы Национ тырысайы тыххæй фарст рахаст æрцыд æппæтадæмон форуммæ. Уæдæй фæстæмæ æртæхуызон тырысайæ пайда кæнынц куыд национ æмбæстагон, æхсæнадон символ, афтæ æмæ уайтагъд ссардта æппæтадæмон популярондзинад. 1989 азы бирæнымæц национ тырысатæ фæйлыдтой ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 130 азы бæрæгбонон мадзæлтты рæстæджы.

1992 азы 13-æм январы Паддзахадон символы хуызы триколор фидар æрцыд  Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырысайы тыххæй Закъонæй. Æмæ 1992 азы 30-æм марты та Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы Президиумы Барамындæй фидар æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырысайы тыххæй Уагæ-вæрд.

Паддзахадон тырысайы тыххæй ма радзырдтой 7-æм къласы ахуырдзаутæ Хацырты Алан æмæ Остъаты Давид. «Ивгъуыд æнусы 80-æм азты кæронæй Хуссар Ирыстоны адæм сæ хæдбардзинады сæрыл тох кæнын куы райдыдтой, уæдæй фæстæмæ бирæ азты дæргъы, ацы тырысайы бын Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ цыдысты тугуарæн хæстмæ гуырдзиаг фашистты ныхмæ. Махæн равдыстой ахæм кадртæ,  цыран Ирыстоны фæсивæд, ацы тырысайæн пъатæ кæнгæйæ, цыдысты мæлæтдзаг тохмæ æмæ  уый макуы хъуамæ ферох кæнæм», – дзырдтой скъоладзаутæ. Ахуыргæнинæгты бацæттæ кодта сæ къласгæс Пухаты Ланæ, афтæ ма сывæллæттимæ æрбацыд 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Гончарук Тамара. Сывæл-лæтты  дзуаппытæм гæсгæ зæгъæн ис æмæ уыдон кæй зыдтой ирон тырысайы боны тыххæй.

Фæлæ цалынмæ мадзал нæ райдыдта, уæдмæ уал сывæллæттæ азылдысты æмæ федтой,  библиотекæйы къултыл цы  стендтæ ис, уыдоны. Æрæджы уагдоны кусджытæ сарæзтой стенд  «Ирон литературæйы классиктæ æмæ рухстауджытæ», зæгъгæ, ахæм номи-мæ. Стендыл конд æрцыдысты ирон адæмы ахæм разагъта фырттæ, куыд Хетæгкаты Къоста, Æгъуызаты Иуане, Мамсыраты Темырболат, Брытъиаты Елбыздыхъо, Гæдиаты Секъа æмæ йæ фырт Цомахъ, Æмбалты Цоцкъо, Къубалты Алыксандр, Тыбылты Алык-сандр, Хъуылаты Созырыхъо, Дзугаты Георги, Мамсыраты Дæбе, Гафез, Нафи, Бестауты Гиуæрги, Цæрукъаты Алыксандр, Дзуццаты Хадзы-Умар, Джыккайты Шамил, Хаджеты Таймураз, Гуыцмæзты Алеш æмæ æндæр зынд-гонд ирон гоймæгты нывтæ, æдæппæтæй 32 адæймаджы нывтæ. Тъотъоты Ленæйы ныхæстæм гæсгæ сын ацы стенд саразынæн баххуыс кодта æхсæнадон архайæг Чилæхсаты Хъазбег. Уый ма уагдонæн балæвар кодта йæ чиныг «Осетия и осетины».

Ацы аз 11-æм сентябры Гафезы райгуырдыл сæххæст 105 азы æмæ йын йæ юбилейон райгуырæн боны сæраппонд уагдоны кусджытæ сарæзтой сæрмагонд стенд. Афтæ ма сæрмагонд стенд сарæзтой Гуыцмæзты Алешы тыххæй дæр.  Библиотекæйы кусджытæ ахуыр-гæнинæгты базонгæ кодтой ацы зынд-гонд адæймæгты цард æмæ сфæлдыстадимæ. Сывæллæттæ стыр цымыдисимæ зонгæ кодтой сæ радтæг адæмы ирд гоймæгты цардвæндагимæ. Афтæмæй Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ стыр æххуыс кæнынц рæзгæ фæлтæры монон хъомыладæн.

Ахуырдзаутæ сæххæст кодтой музыкалон номыртæ.

Мадзалы кæрон библиотекæйы кусджытæ сæ чысыл уазджытæн балæвар кодтой чингуытæ æмæ сæ уыдон дæр æхсызгонæй райстой.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.