РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд Паддзахадон-нысаниуæгджын мадзæлттæ цæттæ кæнын æмæ сæ уадзыны фæдыл Республикон къамисы рабадт. Рабадты куысты хайад райстой Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал.

«Мах æрæмбырд стæм, цæмæй æруынаффæ кæнæм паддзахадон-нысаниуæгджын мадзæлттæ бацæттæ кæныны фарстыты фæдыл. Хъæуы æппæтыл дæр ахъуыды кæнын. Уыимæ иумæ мæн фæнды, цæмæй нæ зæрдыл дарæм æрцæуинаг мадзæлтты кæд хайад исдзыстæм, уæддæр нæ куыст хъуамæ фæстейæ ма зайа.  Сæйрагдæр, махæн хъуамæ уа нæ разылæууæг хæстæ скъуыддзаг кæныны фæдыл æрвылбонон куыст», – загъта Президент.

Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ фехъусын кодта Беслæны трагедийыл 12 азы сæххæсты бонимæ баст, уæгъдибар хъæбысхæстæй Олимпиаг чемпион Рæмонты Сосланæн цыт скæныны, Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл, 26 азы сæх-хæсты боны цытæн æмæ Сыгъдæг Мады Майрæмы райгуырды бæрæгбон нысан кæныны мадзæлттæм цæттæдзинады тыххæй.

Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, 3-æм сентябры Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы кувæндоны размæ фæзуаты 12:00 сахатыл уагъд цæудзæн мадзал ахæм номимæ: «Боль моя – Беслан»: «3 сентябрь кæд трагикон бон у нæ календары, уæддæр республикæйы къухдариуæгад уыцы бонты 12 азы дæргъы æрвылаз дæр ацæуы Беслæнмæ. Номарæн мадзæлттæ уагъд æрцæудзысты нæ республикæйы сæйраг горæты дæр.

Фæзуаты æвæрд чи уыдзæн, уыцы стыр мониторыл æвдыст æрцæудзæн 2004 азы сентябры цауты хроникæ. Уый арæзт æрцыд документалон фильмтæ, комкоммæ эфиртæ æмæ сцæттæгонд алæвæрдтыты æрмæджытæй. 13:05 минутыл айхъуысдзæн дзæнгæрджыты зæлланг, уый фæстæ республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ уæлдæфы суаддзысты 335 къорийы.

Уыцы бон 16:00 сахатыл æхсæнадæ-мон хæрзаудæн проект «Музыка за мир»-ы фæлгæтты Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны Беслæны трагедийы амæттæгты номарынæн уыдзæн классикон музыкæйы концерт», – загъта уый.

Стыр нысаниуæг уыдзæн 7 сентябры республикæмæ Олимпиаг чемпион, Хуссар Ирыстонæй рацæугæ Рæмонты Сосланы æрцыдæн. Уый сæраппонд уагъд цæудзæн иукъорд мадзалы. Уыдонæн сæ сæйраг хай уагъд цæудзысты спорты галуан «Олимп»-ы. Уыцы ран чемпионæн раарфæ кæндзысты республикæйы къухдариуæгад, æхсæнады минæвæрттæ æмæ йæм хъус чи дардта, уыцы адæм.

19-æм сентябры Хуссар Ирыстоны нысан цæудзæн Паддзахадон тырысайы бон. Ирон æртæгъуыз тырысайыл схæцыны цытджын церемони кæддæриддæр уагъд цыд Цхинвалы Театралон фæзуатыл, фæлæ сæйраг фæзуатыл арæзтадон куыстытæ кæй цæуынц, уый тыххæй ацы мадзæлттæ хаст æрцæудзысты республикæйы сæйраг горæтмæ бацæуæнтæй иумæ.

«Компани «Евродон»-ы президент, Уанеты Вадимы сæргълæудæй Цхинвалмæ æрбацæуæны æвæрд æрцыд флагшток. Уырдæм ацæудзысты республикæйы къухдариуæгад, Хъахъхъæнынады министрады хæстон æмæ политикон цæттæдзинады иттæг хорз службæгæнджытæ, афтæ ма Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ. Æппæт уыдæттæ æвдыст цæудзысты Цхинвалы централон фæзуаты æвæрд мониторыл», – загъта Зассеты Жаннæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайыл схæцыны цытджын церемони нысангонд у 10:00 сахатмæ, уый фæстæ кæй фæнды, уыдонæн уыдзæн Цхинвалы районы Къостайыхъæуы стыр этнографион бæрæгбон «Наследие предков»-мæ ацæуыны фадат.

Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл 26 азы сæххæсты бæрæгбонимæ баст мадзæлттæ райдайдзысты 20 сентябры æфсæддон парадæй.

«Уый уыдзæн нæ республикæйы историйы æппæты стырдæр парад. Нæ адæм уарзынц ахæм мадзæлттæ æмæ æрбацæуынц сæ хъахъхъæнджытæм бакæсынмæ. Парады фæстæ уагъд цæудзæн стыр армукъа, сывæллæттæн дзы уыдзæн лæвар сæлдæг æмæ адджинæг-тæй ацаходыны фадат» – дзырдта Жаннæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл 26 азы сæххæсты бæрæгбон фæуыдзæн стыр бæрæгбонон концерт æмæ салюттæй.

Хуссар Ирыстоны уырнон адæм 21 сентябры банысан кæндзысты Сыгъдæг Мады Майрæмы райгуырды бон.

«Ис ахæм хъуыды, ома, адæм иууыл иумæ куы бахатой сыгъдæджытæм æмæ Хуыцаумæ сæ куырдиатимæ, уæд сæ æнæмæнг фехъусдзысты. Тынг мæ фæнды, цæмæй не ‘ппæт дæр æмхуызон скувæм нæ фидæны тыххæй. Ацы фарсты фæдыл ме ‘вварс рахæцыдысты аргъуаны кусджытæ дæр», – загъта Зассеты Жаннæ.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.