Майрæмбоны Паддзахадон Думæ сратификаци кодта паддзахадон арæны тыххæй бадзырд Хуссар Ирыстонимæ. Ууыл къухфыст æрцыд 2015 азы 18 февралы Мæскуыйы. Документ æркæсынмæ бахаста УФ Президент Владимир Путин.

«Бадзырд у дыууæ бæстæйы æхсæн арæнæвæрд бæлвырдгæнæн бындурон документ Уæрæсейы, Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæнты ныгуылæн сныдзæвæн тæппæй Уæрæсейы, Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæнты скæсæны сныдзæвæн тæппы онг æппæт дæрддзæгыл. Уыдонæн сæ æрæвæрыны бынат хъуамæ бæлвырдгонд æрцæуа хицæн æртывæрсыг бадзырдты руаджы». — дзырдæуы æмбарынгæнæн фысты.

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Григори Карасин куыд фехъусын кодта, афтæмæй бадзырд депутатты размæ рахæсгæйæ, уый сратификаци кæныны хъуыддаг ратдзæн æхсæндунеон-барадон æгъдауæй арæн снысан кæныны æмæ йæ демаркацимæ æрæвналыны фадат.

«2010 азæй фæстæмæ стыр куыст æрцыд 74 км. дæрддзæгыл паддзахадон арæны делимитаци скæныны сæраппонд, — æрымысыд уый. — Иумæйаг куысты бындурæн ист æрцыд, УСФСР æмæ ГССР æхсæн Советон Цæдисы ныппырхы агъоммæ чи уыд, уыцы административон-территориалон арæн».

Йæ рады Хæдбар Бæстæты Æмхæларады, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæйонтимæ бастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл Паддзахадон Думæйы комитеты сæргълæууæг Леонид Слуцкий æрымысыд, зæгъгæ ацы бадзырд æххæст кæныны фæлгæтты дыууæ бæстæйы æхсæн æрцæудзæн арæзт уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг демаркацион къамис. Уый бадзырд схуыдта «иттæг ахсджиаг документ».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.