Паддзахадон Æдасдзинады комитет уадзы Республикæйы фæсарæйнаг æмбæстæгты уæвыны закъондзинад æххæст кæныны фæдыл мадзæлттæ. Ацы куысты фæдыздæхтытæй иу у, хонæг фарс (физикон æмæ юридикон цæсгæмттæ) фæсарæйнаг æмбæстæгты æрхонгæйæ сæ уæвыны бынаты ныффыссыны сæраппонд сæ хæстæ куыд æххæст кæнынц, уымæ хъус дарын.
Уымæ гæсгæ Комитет хъусын кæны, зæгъгæ, РХИ-йы уæвæг фæсарæйнаг æмбæстæгтæ хæсджын сты, цы адресмæ сæ фæхуыдтой, уыцы адресыл цæрой. Кæд æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ бафиппайой ацы фæтк фехалыны цау, уæд фæхонæг адæймæгтæ хæсдзысты уголовон æмæ административон бæрндзинад УФ УК ст.322.3-мæ гæсгæ. (Фæсайрæйнаг æмбæстаджы, кæнæ æмбæстагдзинад кæмæн нæй, ахæм адæймаджы цæрæнуаты фиктивонæй ныффыссын) æмæ УФ Административон Фæтхалæнты Кодексы ст.18.9-мæ гæсгæ (Фæсарæйнаг æмбæстæгтæ æмæ æмбæстагдзинад кæмæн нæй, уыдон уæвыны фæтк фехалын). Ахæм уавæры æхцайы ивар гæнæн ис æмæ уа 500 мин сомы бæрц.
Хуынды æвдисæндары цы рæстæгмæйы уæвыны кæнæ цæрыны бынат нысангонд ис, уый фехалыны, кæнæ Республикæйы æмгъуыдæй фылдæр баззайыны тыххæй, фæсарæйнаг æмбæстаг дæр хæссы бæрндзинад УФ Административон Фæтхалæнты Кодексы ст.18.8-ы фæлгæтты (Фæсарæйнаг æмбæстаг кæнæ æмбæстагдзинад кæмæн нæй, ахæм адæймаджы æрбацыды кæнæ бæстæйы уæвыны режим фехалын).
Ацы хъуыддæгтæ кæмæ хауынц, уыдонæн хъусын кæнæм, зæгъгæ, цы мадзæлттæ исæм, уыдон æнæмæнгхъæуæг сты, дунейы террористон тæссагдзинады рæзт, стæй Республикæмæ æнæхъусдардæй фæсарæйнаг æмбæстæгтæ кæй цæуынц, æмæ кæй кусынц, уый тыххæй.
РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.