Хицауады Сæрдары Фыццаг хæдивæг Тъехты Алан æмæ ЗАО «Остелеком»-ы директор Роман Коврига фембæлдысты, раздæр компанийы лæггæдтæй адæм райгонд кæй нæ уыдысты, уый охыл къухфыстытæ æмбырд кæныны хъæппæрис равдисæг фæсивæды къордимæ, цæмæй иутæ раргом кæной æппæт цымыдисгæнæг фарстытæ æмæ сын иннæтæ раттой бæстон, компетентон дзуаппытæ.

Тъехты Алан зæрдиагæй фембæлд фæсивæдыл, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, не ‘хсæнады хъæуы, нæ алыварс цы цæуы, ууыл зæрдæрисгæ чи у, ахæм хъæппæрисджын фæсивæд, æмæ сын ныфс бавæрдта, республикæйы къухдариуæгад цæттæ кæй у æргомæй ныхас кæнынмæ.

Уымæй дарддæр ма, уый йæ ныхас баххæст кодта, зæгъгæ, Хицауад Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ райдыдта кусын мобилон бастдзинад æмæ интернеты гъæд æмæ æргътæ фæкъаддæр кæныныл ацы азы райдианы, æмæ абон дæр уыцы фарст ис йæ цæстдарды бын, бастдзинады операторимæ æнгом æмархайд кæнгæйæ.

Фембæлды рæстæджы сæвзæрд сæрибар, хæлар уавæртæ, æмæ фæсивæд уымæй пайдагæнгæйæ, «Остелеком»-ы компанийы сæргълæууæгимæ дзырдтой æппæт риссаг æмæ зындзурæн фарстытыл. Уыдон хаудысты мобилон бастдзинады æмахастытæм клиенттимæ, тарифон политикæмæ, раздæр хицауадимæ куыд бадзырдтой, уымæ гæсгæ æргътæ 30-40% бæрц цæуылнæ фæкъаддæр сты, уымæ, тарифон плантæ æмæ опциты  дарддæры оптимизаци цы пайдатæ æрхæсдзæн, уыдæттæ æмæ æндæр фарстытæм.

Тъехты Алан бæлвырдæй загъта, зæгъгæ, æппæт актуалон темæтыл дæр  уынаффæ цыд æрæджы дзыллон информацион фæрæзты минæвæртты фембæлды рæстæджы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ Роман Ковригаимæ. Уый фæдыл хъусын кодтой дзыллон информацийы фæрæзтæ дæр.

Уæд фехъусын чындæуыд, бадзырдтæ рæстæгыл æххæст кæй не ‘рцыдысты, уымæн йæ ах-хосаджы тыххæй дæр – ног ифтонггæрзтæ райсыны хъуыддаг кæй ныкъуылымпы ис, уый.

Компани уый фæрцы хъуамæ раива, республикæйы территорийыл цы 64 сæйраг станцæ ис, уыдон се ‘ппæты дæр. Раздæры компани-ифтонггæнæг нал кусы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы бастдзинады станцæимæ, æмæ ног ифтонггæнæг ссарын æмæ йемæ бадзурыны рæстæг та ныддаргъ, æмæ афтæмæй хъуыддаджы æмгъуыд фæфæстиат ис.

Роман Коврига куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ къухы бафтыд, гъæдджын ифтонггæрзтæ асламдæр аргъыл чи уадзы, ахæм стыр компаниимæ бадзурын. Ифтонггæрзтæ райсдзыстæм октябры райдианы. Абоны онг «Остелеком» бакодта стыр куыст мидæггагон административон фæсауæрцы, маркетингон раиртæстыты, абонентты домæнтæ сахуыр кæныны, тарифон плантæ æмæ опциты раивын æмæ универсиализаци кæныны охыл.

«Раздæр ацы фарстытæм æвнæлдæуыд æнæсистемон æгъдауæй, фæлæ размæ куыд цæуæм, афтæ нæ компани хуыздæр кæндзæн йæ куыст алы фæдыздæхты дæр. Куысты хæрзгъæд та къухы нæ бафтдзæн, хызæг уæрæхгонд куынæ ‘рцæуа, нырыккон техникон ифтонгад куынæ уа, уæд», – банысан кодта уый.

Ныхас ма æрхауд, фæстаг рæстæджы иууыл фылдæр дзырд кæуыл цæуы, уыцы темæйы фæдыл: лимиты фæудимæ интернет трафикы тагъдад нолмæ æрхауыныл (10 боны размæ трафикы бахардзы фæстæ максималон тагъдад уыд 64 кб/с).

«Остелеком»-ы сæргълæууæг бæлвырдæй загъта, зæгъгæ, тагъдад фæкъаддæр кæныны фæндон рахастæуыд, компанимæ абонентты бирæнымæц куырдиæттæ кæй бацыд æмæ сæм РХИ-йы Парламент кæй бахатыд тагъдад фæкъаддæр кæныны тыххæй, цæмæй абоненттæ сæ хъус дарой сæ хæрдзтæм.

Хъæппæрисон къорды уæнгтæй иу – Цхуырбаты Сергей лыстæггай радзырдта, фæсивæд «Остелоком»-ы лæггæдтæй пайдагæнгæйæ цы зындзинæдтыл æмбæлынц, уый тыххæй, æмæ байхъуыста компанийы сæргълæууæджы бæстон дзуаппытæм.

Роман Коврига банысан кодта, æппæт æнæразыдзинæдтæ дæр оператормæ хæссын кæй хъæуы гæххæттыл фыстæй «Мегафон»-ы компанийы офистæм.

«Уый уымæн хъæуы, æмæ нæ техникон кусджытæ хъуамæ лæмбынæг зоной проблемæ æмæ сын уа уавæрæн иумæйагæй аргъ скæныны фадат», – загъта уый.

«Хицауадимæ цы бадзырдтæ сарæзтам, уыдон æххæст кæнæм фæлтæргай. Сæрмагондæй, арæзт æрцыд ног тарифон план «Студенческий», октябры мæйæ та фæнд кæнæм ног интернет-опци «Ночной драйв» рауадзыны фæнд. Уый фадат ратдзæн æнæлимит интернетон иудзинадæн æхсæвы фыццаг сахатæй райсомы авд сахаты онг æмæ дзы уыдзæн бирæ сфыссыны фадат, – загъта ма «Остелеком»-ы гендиректор.  Уымæй дарддæр ма нæ компани сарæзта æмæ спайда кæнинаг у ног тарифон план «Универсальный VIP»-æй, уый та ратдзæн 1 Мб-ы аргъ 50% фæкъаддæр кæныны фадат. Ис ма нæм лæвæрдгонд трафикы гуырахст фæфылдæр кæныны фæнд йæ аргъ ын нæ фæфылдæргæнгæйæ ахæм популярон опциты, куыд «Лайт», «Лайт+», «Медиум» æмæ æндæртæ».

Роман Ковригайы ныхæстæм гæсгæ, 10 декабрмæ фæуыдзысты 10 тестон станцы монтаж æмæ, мобилон бастдзинад æмæ интернеты гъæд æмæ аргъы оптимизацимæ здæхт трафикон планты ивддзинæдтæ, афтæмæй уавæр бæлвырд фæхуыздæр уыдзæн.

Уый ма зæрдæ бавæрдта, зæгъгæ, æмгъуыдтæ хæлд не ‘рцæудзысты, уымæн æмæ уый у ЗАО «Остелеком»-ы принципиалон позици.

Уыимæ ма иумæ Роман Коврига ныфс бавæрдта, æввахсдæр рæстæджыты дзыллон информацийы фæрæзты кæй фæзындзæн бæстон пресс-релиз æргътæ æмæ лæггæдты гъæд æрнывыл кæныны фæдыл компанийы планты тыххæй.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.