Ацы бонты Дунеон информацион агентад «Спутник»-ы уагъд æрцыд пресс-конференци ахæм темæйыл: «Волонтерон змæлд Хуссар Ирыстоны». Пресс-конференцимæ хуынд æрцыдысты нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги, æхсæнадон архайæг Джиоты Аэлитæ æмæ нæ горæты цæрæг Джиоты Радмилæ.

Пресс-конференцийы Тотчиты Георги цыбыртæй æрдзырдта волонтерон змæлды тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ не ‘мбæстæгты ‘хсæн ацы змæлд хъуамæ ссара æмбарындзинад æмæ йæ бон кæмæн у, уый æрбалæууа ацы социалон проекты аразджыты фарсмæ, сæ æххуысы къух фадаргъ кæной «Волонтеры змæлд у ногдзинад Хуссар Ирыстоны æмæ йæ нымайын æнæмæнгхъæуæгыл. Уый здæхт у æххуысхъуаг адæймагæн баххуыс кæнынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, змæлды хайадисджытæн дзы куыстмызд  фыст нæ цæуы. «Хуссар Ирыстоны дохтыртæ  волонтерты» змæлды архайджытæ сæ разы хæс æрæвæрдтой, цæмæй се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæной нæ республикæйы рынчын, инвалид сывæллæттæм. Уыцы сывæллæттæм, кæцыты ныййарджытæн сæ бон нæу схос сын кæной.  Кæй зæгъын æй хъæуы, волонтерон змæлды хайадисджытæ сæ архайды рæстæджы гæнæн ис, æмæ сæмбæлой не ‘хсæнады æмбарындзинадыл, кæнæ та сæ архайды рæстæджы критикæ дæр æрцæуой. Фæлæ хъæуы алкæцы хъуыдыйы фæдыл дæр фæразын æвдисын. Волонтеры змæлд у, уæлдæр ма йæ куыд банысан кодтон, афтæмæй барвæндон змæлд. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт сæвзæргæ проблемæтæ волонтерон змæлд кæм скъуыддзаг кæндзæн, фæлæ рынчын сывæллоны ныййарæг гæнæн ис, æмæ баххуыс кæна волонтерон змæлды хайадисæг цахæмдæр проблемæ аскъуыддзаг кæныны охыл. Зæгъæм, рынчын сывæллоны уынгмæ ракæнын, хæдзары йæ абæрæг кæнын   æмæ афтæ дарддæр», – банысан кодта Тотчиты Георги.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй æвзæр нæ уаид, ацы волонтерон змæлды фæлгæтты не ‘хсæнад æмбарындзинад куы равдисиккой æмæ-иу сæ улæфт рæстæджы се ‘ххуысы къух куы фæдаргъ кæниккой рынчын сывæллæттæй æххуысхъуаг чи у, уыдонмæ. Уымæн æмæ ахæм сывæллæттæ  бинонты ‘хсæн цы хъарм  æмæ аудындзинад æнкъарынц, уый хъуамæ æнкъарой хæдзарæн æдтейæ дæр.

Нæ республикæйы ис æртæсæдæ рынчын, инвалид сывæллоны бæрц, кæцытæ сты не ‘хсæнады æххуыс æмæ хъарм ахастæй цух, – загъта нæ республикæйы социалон проект «Рядом с нами»-йы координатор Джиоты Аэлитæ. «Æнæмæнгхъæуæгыл нымайын, рынчын, инвалид сывæллæттимæ социалон фадыджы кусджытæ куы архаиккой. Ахæм сывæллæтты канд æхсæнадон уавæртимæ нæ хъæуы зонгæ кæнын, фæлæ сын бацамонын хъæуы, цæмæй бамбарой кæй сты пайда æхсæнадæн. Нæ сæ хъæуы хи иуварс кæнын, хъæуы сæ фарсмæ балæууын, æххуысы къух сæм фæдаргъ кæнын.

Мах не ‘ппæт дæр араздзыстæм, цæмæй уыдон сæхи не ‘хсæнадæй иппæрдæй ма хатой», – банысан кодта Джиоты Аэлитæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæлдай хъусдард æмæ æххуысцух сты рынчын сывæллæттæн сæ ныййарджытæ, кæцытæ æдзух сты сæ проблемæтимæ иунæгæй. Æнæмæнгдæр не ‘хсæнад хъуамæ равдиса ацы иумиаг проблемæтæм æмбарындзинад æмæ æмбаргæ ахаст.

Нæ горæты цæрæг Джиоты Радмилæ бирæ азты дæргъы кæсы рынчын сывæллонмæ. Уый пресс-конференцийы рæстæджы цыбыртæй æрдзырдта рынчын, инвалид сывæллæттæм цы ныййарджытæ кæсынц, уыдоны проблемæтыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм ныййарджытæн проблемæтæ вæййы куыд рынчын сывæллоны рынчындонмæ акæнын, афтæ ма йæ æддæмæ ракæныны хъуыддаджы дæр æмæ афтæ дарддæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ахуырдзинад æмæ психологон æххуыс æнæмæнгхъæуæг у.

– Махæн не ‘хсæнад цæттæ нæма у рынчын сывæллæтты райсынмæ. Не ‘хсæнады хъæуы рæстæг, цæмæй сын равдыстæуа рынчын сывæллæттæн æххуыс бакæнын егъау æмæ ахсджиаг къахдзæф кæй у æнæниз æхсæнад саразынмæ, – банысан кодта Джиоты Радмилæ.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.