Райдыдта Ног аз æмæ уыимæ райдыдта 2020 азæн Хуссар Ирыстоны экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ æххæст кæныны рæстæг дæр. Йæ реализаци кæныны фарстатыл РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик уынаффæ кодта Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады разамынадимæ. Дзырд цыдис, арæзтадон куыстытæ бакæнынæн цы проектон-сметæйон документаци хъæуы, уыдон цас цæттæ сты, ууыл.

«Проектон-сметæйон документаци аразын у ахсджиаг хъуыддаг, кæцы бирæбæрцæй æндавы арæзтадон процессы эффективондзинадыл», – банысан кодта Пухаты Эрик. – Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй радон Инвестпрограммæ реализаци кæнынимæ баст куыстытæ райдайой æнæкъуылымпыйæ, арæзтады объекттæн проектон-сметæйон документацийыл бакусын æмæ йын экспертизæ аразынæй райдайгæйæ. Ивгъуыд азы дæр проектон-сметæйон документацийы фылдæр хай уыдис экспертизæйы æмæ цæттæ уыдзысты февралы мæймæ. Цы темптæй райдыдта, уый фадат ратдзæн арæзтадон куыстытæ райдайынæн».

Азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты, кæцыйæн йæ лимит у 1,5 миллиард сомы, реализаци хъуамæ æрцæуой 8 мадзалы. Уыдоны нымæцы Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад фæуын, Цхинвалы уынгты хæрзарæзт кæнын, зæронд хид сцалцæг кæнын, цæрæнуатон арæзтад, æртыккаг скъолайы бæстыхайы, хæлцадон паддзахадон резервæн æфснайæндон саразын æмæ æндæртæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.