Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста  Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады делегацийы, кæцыйы сæргъ лæууыд министры хæдивæг Игорь Зубов. Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Президенты Администрацийы  сæргълæууæг Козаты Игорь æмæ Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь.

Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта уазджытæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадмæ уæрæсейаг фарсы хъусдард æмæ æххуысы тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы  тыххæй бадзырд арæзт æрцыд 2015 азы 18 марты, уымæ гæсгæ дыууæ бæстæйы барадхъахъхъæнæг ведомствоты ‘хсæн хъуамæ уагъд цæуа алыгъуызон мадзæлттæ.

«Мæнæн мæ бон уый зæгъын у, æмæ сплангонд мадзæлттæ сты активон фазæйы. Хорз ногдзинæдтæ ис, кæцыты ноджыдæр хъæуы адарддæр кæнын, куысты структурæйы активацийы тыххæй цы аразын хъæуы, уый дæр æмбæрстгонд у», – загъта Президент

Йæ рады Игорь Зубов раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн, ахæм бæрзонд паддзахадон бынатмæ æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй æмæ йын загъта, йæ разы æвæрд нысæнттæ йæ къухы цы бафтой, уый фæндиæгтæ.

Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг куыд банысан кодта, афтæмæй сæйраг уагæвæрдтæ ныридæгæн нысан æмæ фыст æрцыдысты, дыууæ барадхъахъхъæнæг ведомствойы ‘хсæн цы сразыдзинад арæзт æрцыд, уым, сæйраджыдæр, Иумиаг информацион-координацион центр саразын,   куыстмызд этапгай фылдæр кæнын, материалон-техникон ифтонгад фæхуыздæр кæнын.

Иумæйаг информацион-координацион центры сырæзты тыххæй Игорь Зубов банысан кодта, зæгъгæ, юридиконæй ацы темæ скъуыддзаггонд у.

«Ныртæккæ фарст лæууы бæстыхайы капиталон цалцæджы, афтæ ма йæ нырыккон ифтонггæрзтæй сифтонг кæныны тыххæй. Æхцайы фæрæзтæ ныридæгæн рахицæнгонд æрцыдысты, уыдон хъуамæ хардз æрцæуой ацы аз», – банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы  Мидхъуыддæгты министры хæдивæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Иумиаг информацион-координацион центр у юридиконæй хæдбар орган, фактон æгъдауæй уый у æхсæнадæмон организаци. Æмæ Информацион-координацион центры къухдариуæггæнæгæн уыдзæн фадæтты уæрæх спектр алыгъуызон фарстатæ скъуыддзаг кæныны тыххæй. Информацион-координацион центры фыццаг къухдариуæггæнæг Хуссар Ирыстоны минæвар кæй у, уый тыххæй Игорь Зубов банысан кодта,  зæгъгæ, райдиан этапы уымæн æнцондæр скъуыддзаггæнæн уыдзысты йæ разылæууæг хæслæвæрдтæ.

Дарддæр уый банысан кодта, зæгъгæ, Информацион-координацион центры банысангонд функцитæ, ахæмтæ, куыд  фыдгæнджыты агурын, криминалистон æмæ æндæр хыгъдтæ ауадзынæй дарддæр иумиагæй хъæуы ахъуыды кæнын, барадхъахъхъæнæг архайды Информацион-координацион центр конкретонæй кæцы бынат бацахсдзæн, Мидхъуыддæгты реалон æххуысгæнæг куы суа, уæд.

«Гæнæн ис, арæзт æрцæуа бæрзондквалификациджын криминалистон чысыл лаборатори, приоритетон чи уа, ахæм здæхт равзаргæйæ», – фехъусын кодта, уый.

Фембæлды раразмæгонд æрцыдысты мидхъуыддæгты хаххы фæдыл цалдæр æндæр актуалон фарстайы, уыцы нымæцы Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады Уæлдæр ахуыр-гæнæн уагдæтты хуссарирыстойнаг  аспирантты ахуыр кæнын.  Курсантты темæйы тыххæй дзургæйæ, Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг банысан кодта, зæгъгæ, ивындзинæдтæ бахæссын хъæуы «Мидхъуыддæгты органты баслужбæ кæныны фæткы тыххæй» Хуссар Ирыстоны законмæ.

«Ивындзинæдты сæрмагондæй хъуамæ нысан æрцæуа ахæм факт, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон Уæрæсемæ ахуырмæ кæй æрвиты, курсанттæм уыцы кандидат хъуамæ сараза контракт, кæцымæ гæсгæ уый хæсджын уыдзæн ахуыры фæстæ республикæйы бæрæг азтæ баслужбæ кæнын», – загъта Игорь Зубов.

Уымæй дарддæр, Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг фæндон бахаста, цæмæй æркастæуа дыууæ бæстæйы æхсæн шофырты машинæ скъæрыны бартæ банымайыны æмæ административон æфхæрдты тыххæй уынаффæтæ банымайыны тыххæй бадзырд саразыны фадатмæ.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы темæ ахсджиаг у æмæ йæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй нырма хъæуы  уынаффæ кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.