Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид фембæлд Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд сконды кусджытимæ. Хайад дзы райстой Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Давид æмæ Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик.

Хъахъхъæнынады министрады барадон куысты фæдыл министры æххуысгæнæг Бестауты Аллæ Гарзджын тыхты сæрмагонд сконды номæй бузныг загъта бæстæйы сæргълæууæгæн хъахъхъæнынадон уагдонмæ къухдариуæгады ‘рдыгæй йе стыр хъусдарды тыххæй.

Нысаниуæгджын æнтыстыты ‘хсæн Бестауты Аллæ банысан кодта Хъахъ-хъæнынады министрады дæлхæйтты сæрмагонд сконды нымæц бахъахъхъæ-нын, хуссарирыстойнаг хуызæджы æфсæддон билеттæ дæттын æмæ уæрæсейаг фарсимæ пенсион ифтонгад æмæ æфсæддон-фельдшерон постон баст-дзинады фæдыл сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссын.

Банысан кодта æфсæддонты барадон æмæ социалон хъахъхъæнынады фадыджы иууон паддзахадон политикæ реализаци кæныны нысанæн, афтæ уæлæмхас социалон гарантитæй ифтонг кæнын, кæцытæ æфсæддон службæ хæссынц контрактмæ гæсгæ РХИ-йы Гарзджын тыхтæм æрсидтмæ гæсгæ, Æддагон развæдсгарæн органты, Паддзахадон хъахъхъæнынады æмæ гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæйы фидыдад хъахъхъæныны фæдыл Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ батальоны службæгæнджыты тыххæй бакуыст æмæ ист æрцыд РХИ-йы Хицауады Уынаффæ. Уый бындурыл пенсион ифтонгад æфсæддон службæйæ азтæм гæсгæ æрвыст чи æрцыд, уыдонæн 2004 азы 1 ию-нæй 2008 азы 30 сентябрмæ рæстæджы службæ нымад цæуы иу мæйы службæ æртæ мæйыл.

Махæн, зæгъгæ, ис иу фæндаг – хæдбар суверенон паддзахад æмæ прогрессы фæндаг æмæ стыр ныфсимæ кæсæм фидæнмæ.

Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг йæ раныхасы банысан кодта Республикæйы Гарзджын тыхтæн кæй ис стыр нысаниуæг нæ бæстæйы рæзт æмæ размæцыды æмæ нымад кæй цæуынц паддзахад æмæ æхсæнады ныфсы цæгыл.

«Уæрæсейы Федерацимæ мæ фыццаг официалон балцы цы сæйраг фарстытæ уыд, уыдонæй иу уыд Хъахъхъæнынады министрады дарддæры уæвынады фарст. Уæд мах лæмбынæгæй бамбарын кодтам уæрæсейаг фарсæн нæ позици æмæ нæ къухты бафтыд æфсæддон контингенты сконды нымæц бахъахъхъæнын. Ныртæккæ нæ æфсад у хæстхъом æмæ йын ис стыр потенциал.

Мах бузныг стæм Владимир Путинæй, нæ хъуыдыйы фарс кæй рахæцыд æмæ сæрыстыр стæм нæ бæстæты ‘хсæн цы уникалон ахастытæ ис, уыдо-нæй», – банысан кодта уый.

Тыбылты Леонид ма банысан кодта, фæстаг азты æххæст кæй æрцыдысты практикон æгъдауæй æппæт хæстæ дæр, арæзт æрцыдысты ахуырадон æмæ æндæр социалон-нысаниуæгджын объекттæ. Хъусдард ма аздæхта уыцы бон Мæскуыйы Уæрæсейы Федерациимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы стыр бадзырды бындурыл дыууæ бæстæйы æфсæддон уагдæтты æмгуыстады фæдыл сразыдзинады стыр нысаниуæгмæ. Уымæй, зæгъгæ, мах сфидар кæндзыстæм нæ хъахъхъæнынады системæ. Æмæ хъахъхъæнынады иууон контур арæзт кæй æрцыд, уый та ифтонг кæндзæн нæ бæстæйы æдасдзинад.

Архайæг Президент Тыбылты Леониды æууæнчы лæг Санахъоты Дауыт ра-дзырдта фембæлды нысаниуæгыл, æв-зæрстыты егъау политикон нысаниуæгыл æмæ референдум ауадзыны ахсджиаг хъуыддагыл.

Республикæйы Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд сконд уавæрæй пайдагæнгæйæ, сæ фарстытæ лæвæрд-той паддзахады сæргълæууæгмæ æмæ райстой лæмбынæг дзуаппытæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.