Фельетон

Нæ хъæутæй иу хъæуы сыхтæй иуы йæ фæзындæй фæстæмæ йæ цæрджытæ æмæ æндæртæ дæр хуыдтой æмæ хонынц цалдæр номæй. Уый та, æвæццæгæн, уымæн, æмæ сыхы цæрынæн æппындæр ницы уавæртæ æмæ фадæттæ уыдис. Сыхмæ нæдæр фæндаг уыд, нæдæр дзы дон æмæ электроны рухс уыд. О, фæлæ йæ цæрджыты ‘хсæн уыд æнгомдзинад, зыдтой кæрæдзийæн аргъ кæнын æмæ цардысты кæрæдзийы ныфсæй.  Уыдæтты фæрцы сæм фыццаг фæзынд фæндаг, уый фæстæ, кæд фаг нæ уыд, уæддæр – нуазыны дон, стæй та алы хæдзары дæр ссыгъдысты электроны цырæгътæ æмæ сæ кæддонмæ рады лæууын арæх хъуыд, уæддæр тынг нæ фæлмæцыдысты. Сæ кæрæдзийы фенд-иу сын уыд æхсызгон æмæ-иу сæ хъæлдзæг ныхасæн кæрон дæр нал уыд. Цæмæй цæрджытæ æппындæр, уæлдайдæр та нуазыны доны тыххæй мацы зындзинæдтæ æвзæрстаиккой, уый тыххæй сын хицауад рагъы дæлвæччийæ  цæугæдон Чысыл Леуахийы бынты  рауагъта нуазыны дон. Цæрджытæй иутæ, сæхи æмæ сæ сыхæгты уавæртæ дæр кæй фæхуыздæр сты, уый тыххæй цин кодтой, æндæртæ та æрмæстдæр кодтой сæхи мæт æмæ афтæмæй хъæуы фæзынд, фыццаг – иу, стæй та – цалдæр, нырыккон, дыкъахыг кæфхъуындартæ. Уыдонæй сæ иу – йæ кæрты,   дардыл ныззылдта донæмбырдгæнæн цад, стæй доны хæтæлыл сæвæрдта донæхгæнæнтæ æмæ бакæс ды уымæ! Цад байдзаг кæны нуазыны донæй, дон сæрдыгон тæвд хурмæ куы схъарм вæййы, йæхæдæг дæр тæвды куы стыхсы, уæд дзы ауадзы йæхи æмæ æмбисæхсæвмæ уырдыгæй фæхъуысы йæ тъыбартъыбур. Дон къуыри дыууæ, æртæ хатты дæр раивы, куы счъизи вæййы, уæд, æмæ та цад байдзаг кæны нуазыны донæй. Уыцы рæстæджы сыхы иннæ цæрджытæ та, сæ доны мигæнæнтимæ куы – кæйдæр уæрдоныл, чи та – фистæгæй фæцæйтындзынц иннæ сыхтæм дон ласынмæ.

Нæ кæфхъуындар дæр сæ бæргæ фены, сæ фæстæ бæргæ акæсы,  раст кæй нæ кæны, уый дæр бæргæ æмбары, фæлæ сæм «æнæсæрæнтæ»-йы йедтæмæ дзургæ дæр ницы акæны.

Нæ кæфхъуындар доны ленчытæ кæнынæй куы афæлмæцы, уæд сбыры æмæ цады былыл йæхи айвæзтытæ кæны, стæй, цæмæй йæ буарæй доны æртæхтæ алæдæрсой, уый тыххæй йæхи йæ мидбынаты бауигъы, æмæ цæхæрадоны ‘рдæм айсы йæхи. Ам дæр, куыд йæ зайæгойтæ æмæ халсæрттæй, афтæ йæ зæрдæ барухс вæййы дыргъбæлæстæй дæр. Цалдæр азы размæ дæр ма сæ скалынмæ хъа-выд – æнæ донæй, дам, дыргъ нæ дæттынц…

Цæхæрадоны азылд æмæ йæ-химидæг фæзæгъы:

«Абон сын фаг у дон, кæд ма сæ бахъæуа, уæд та мæ райсом дæр йæ агурыны сæр нæ бахъæудзæнис». Стæй бацæуы, æмæ цæхæрадонмæ цы дон цæуы, уый æхгæнæнтæ нылхъывта. Дон йæ фæндагыл ацæуы, фæлæ дард нæ ацыд… Чысыл дæлдæр та йын æндæр кæфхъуындар æрæхгæны йæ фæндаг.

Уæдмæ сыхæгтæ дæр сæ уæрдæттыл йедзаг донгæрзтимæ фæ-зынынц æмæ иугайдыгай хæдзæрттæм фæхæссынц сæ доны мигæнæнтæ.

Сæ иутæ бæргæ афæнд кæнынц, сæ кæфхъуындартæн бауайдзæф кæной, сæ рæдыд сын бамбарын кæной, фæлæ иннæтæ тæрсынц кæфхъуындартæй.

Се ‘хсæн ис, ныфсытæй чи цæры, ахæм сыхæгтæ дæр æмæ сæ кæрæдзийæн фæзæгъынц, зæгъгæ, багъæцæнт, сæ хъуыддæгтæ уал хицауадмæ фехъуысой, стæй фендзысты, цы сыл æрцæудзæнис, уый.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.