Адæмы ‘хсæн уарзонæй,  адджынæй, хæрзуд æмæ æгъдауджынæй чи фæцæры, уый тæхудиаджы адæймаг фæхонынц. Ахæм хæрзиуджытæй кæд исчи хайджын фæцис, уæд уыдоны фыццæгты рæнхъы уыдысты Бестауты Илья æмæ йæ цардæмбал Марданты Заирæ. Фæлмæнзæрдæ удыхæйттæ, хиуæттæн – уарзон. Æмцæдис галтау царды хорздзинæдтæ æмæ зындзинæдтæ иумæ фæхастой 60 азмæ æввахс сæ уæхсчытыл. Сæ дыууæйæн дæр сæ цардархайд баст уыд хион-хæстæджытæн лæггад æмæ æххуысмæ, архайдтой сæ алыварс адæмæн хорздзинад ракæныныл. Æмæ абон дæр афтæ сты, кæд сыл азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр. Ильяйыл  æххæст кæны 85 азы, Заирæйыл та – 80 азы. Сæ дыууæ дæр сты, æмхуызон хæрзæгъдау, æргомзæрдæ, се ‘гъдау та – цæвиттойнаг, сæ ирондзинад кæддæриддæр цæуы сæ разæй, сæ уды хъармæй хъарм кæнынц алкæй дæр.

Сидзæрæй, зæрдæрыстæй схъомыл Заирæ. Йæ фыд Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ фæцыд фыдызнаджы ныхмæ тох кæнынмæ æмæ уыцы цæхæры басыгъд. Заирæ æмæ йæ кæстæр æфсымæр Зауыр баззадысты сæ ныййарæг мады æвджид, афтæмæй хъомыл кодтой. Уæд мæгуыр уыд дуг. Фæсхæст адæм æййæфтой дарæс, кæрдзынхъуаг æмæ ууыл дæр хъæцыдаиккой, фæлæ фыдбылыз иунæгæй нæ фæцæуы, сæ хæдзардарæджы сæфт сын, цыма, фаг нæ уыд, уыйау та хæдзарыл ноджыдæр сæмбæлд фыдбæллæх: Зауыр абадт бæхыл, уый ныхъхъылдым кодта, фехста йе рагъæй дыууадæсаздзыд лæппуйы æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ. Кæуæндон фестад сæ хæдзар. Нал ссæрæн мад, æруатон æмæ иу бон ахицæн йæ цардæй.  Баззад чысыл Заирæ иунæгæй, уыд фæкæсынхъуаг æмæ йæ йæ мады æфсымæр Бететы Серги акодта йæхимæ æмæ йæ хихъæбулау схъомыл кодта. Рæвдыд цух не ‘ййæфта йæ мады ‘фсымæртæм, фæлæ уæддæр Заирæйæн йæ зæрдæ ихау æртæфсыд, Бестаутæм йæ амонд куы ссардта, уæд. Марданон уыд ирон сылгоймаджы миниуджытæй æххæст, къæбæрдæттаг, хиуæттæуарзаг, хорз хъомылгæнæг. Цыппар сывæллоны схъомыл кæнын, царды сæ раст фæндагыл бафтауын æнцон нæу, фæлæ фæллойуарзаг ус æмæ лæгæн  сæ  зæнæг уыдысты сæ астæумагъз æмæ сæ разæнгард кодтой зындзинæдтыл фæуæлахизмæ. Бахъо-мыл сты йæ хъæбултæ. Ныййарджытæ сæ цинæй радысты. Фæлæ та уыцы дуг дæр Заирæйæн æрхаста ноджы стырдæр маст. Зæнæджы кæстæр Гамлет бацис фыддуджы амæттаг. Ереды цы 12 æвзонг лæппуйы фехстой, уыдонæй сæ иу уыд йæ кæстæр хъæбул Гамлет. Уæдæй фæстæмæ йæ цард сæнад Заирæйæн. Абон дæр ын æвæрд сты, уæд йæ хъæбулыл цы дзаумæттæ уыдысты, уыдон. Бафснайдта сæ афтæ, тугæйдзæгтæй æмæ сæ ныхсын нæ бауагъта, уæд, зæгъгæ, мæ хъæбулы буары тæф нал кæндзысты. Афтæ сæ цард мæстæлгъæдæй фервыстой Заирæ æмæ Илья. Цы гæнæн ис, хъæбулы маст, дам, арс дæр нæ уромы.

Æниу ахæм тæссаг бонтæ бирæ фервыста Заирæ. 1989-90 азты хотыхджын гуырдзиаг баиугæндтæ Ирыстоны милмæ куы систой, уæд нæ адæмы сæйрагдæр хъуыды ссис, æрмæстдæр райгуырæн къуым бахъахъхъæнын. Æхсæнгарз райсыны сæр бахъуыд канд фæсивæды нæ, фæлæ ма ацæргæ адæмы дæр. Æмæ райстой æхсæнгарз Æхсар æмæ Æхсæртæг дæр. Фæстæ нæ фæлæууыд Илья дæр йæ фырттæй, кæд æвзонг нал уыд, уæддæр. Раст уыцы зын рæстæджы сырæзт Информаци æмæ мыхуыры комитет Коцты Станислав æмæ курдиатджын журналист Харебаты Батрадзы фæрцы. Уыдонмæ фыццаг йе ‘ххуысы къух чи фæдардта, уый уыд Бестауты Илья. Блокадæйы уæвæг Цхинвалмæ журналисттæ цыдысты алы рæттæй. Уыдоныл фембæлын æмæ сæ бынатмæ æдасæй фæхæццæ кæнын та хæсгонд уыд Ильяйæн. Уæд æххормаг дуг уыд, блокадæйы уæвæг горæтмæ нæ уагътой хæринаг. Илья æмæ Заирæ сæ сывæллæтты дæр æххормагæй ныууагътаиккой, фæлæ-иу æрцæуæггаг журналисттæн уæддæр æмбæлон лæггад бакодтой. Ракæн-бакæн та сæ кодта йæхи машинæйыл. Уымæй дарддæр ма сын Илья лæвæрдта информаци. Хъусын сын кодта, кæй басыгътой æмæ сæ цæрæн бынæттæй кæй фæсырдтой, уыцы 117 хъæуы цæрджыты уавæртæ. Афтæмæй æрцæуæггаг журналисттæн сæ бон информаци адæттын уыд бынатæй. Бестауты Илья канд журналисттыл фембæлын æмæ уыдон бынатмæ фæхæццæ кæныны куыст нæ кодта. Уæд горæты арæзт цыдысты хъахъхъæнæг къордтæ. Илья дæр-иу лæууыд тæссагдæр кæм уыд, уым. Алы хатт дæр цæттæ уыд йæ машинæ æмæ-иу цæфты аскъæфта рынчындонмæ.

Афтæ уыцы змæст дуджы Заирæ æрвылбон дæр йæ цыппар нæлгоймаджы æрвыста нæмыджы ныхмæ. Æмæ æрцыд, Заирæ цæмæй тарст, уый. Дуджы аххосæй фесæфт йæ уарзон кæстæр хъæбул. Афтæ сæнад ис сæ цард адджын бинонтæн. Фæлæ зондджын сылгоймаг хъахъхъæны дарддæр йæ бинонты фарн. Æмбары, сылгоймаг би-нонты цырагъдар, къонайы хъармгæнæг кæй у æмæ тавы йæ зæрдæйы хъармæй йæ кæстæрты, уыдоны кæстæрты.

Райгуырæн бæстæйæн зын куы уыд, уæд йæхи æхсарджынæй кæй равдыста, уый тыххæй Илья хорзæхджын æрцыд майданæй æмæ бирæ Кады грамотæтæй.

Илья æмæ Заирæйы кæд цард фесхуыста, уæддæр ин-нæ кæстæрты хурæй æфсæст уæнт, сæ хорздзинæдтæм сын кæсæнт бирæ азты.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.