Цалдæр мæйы размæ не ‘мбæстаг амалиуæггæнæг, Уæрæсейы стырдæр агросæудæджерадон холдинг «Евродон»-ы генералон директор Уанеты Вадим нæ республи-кæйы бакодта дзидзагуыстгæнæн комбинат «Растдон». Инвестпрограммæйы фæлгæт-ты уымæн Уæрæсейы цалдæр бангæй лæвæрд æрцыд 156 милуан сомы, бавæрдта дзы йæхи фæрæзтæ дæр.

Нæ республикæйы цæрджытæ ацы куыстуат бакæнынмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. «Растдон» æххæст хъомысадæй кæй скусдзæн æмæ йæ куыст  нæ экономикæйы рæзтæн ахъаз кæй уыдзæн, ууыл æууæндыд алчидæр. Куыстуаты, канд куысты бынæттæ нæ фæзынд, фæлæ ма ныфс æвæрдтой фос кæй æлхæндзысты бынæттон цæрджытæй. Хицауады ныфс уыд ацы хъуыддаг разæнгардгæнæг кæй уыдзæн хъæууон хæдзарады рæзтæн æмæ иумæйагæй та хъæутæ сæндидзын кæнынæн. Йæ рады Уанеты Вадим Президентимæ фембæлды рæстæджы, цалынмæ «Растдон» нæ байгом, уæдмæ ныфс бавæрдта, зæгъгæ, продукции бакусынæн фыдызгъæл, кæй зæгъын æй хъæуы, æлхæндзæн Хуссар Ирыстоны. «Мах цæттæ стæм азы дæргъы 9 мин сæры ставд фос æргæвдынмæ. Фыстæ та нæ бон у æргæвдын азы дæргъы 12 мин сæры. Ныртæккæйы этапы махмæ нырма цæуы цъус адæм, боны мидæг дыууæ æртæ адæймаджы, кæцытæм уæййаг вæййы æртæ кæнæ фондз сæры фос. Фæлæ мах афтæ хъуыды кæнæм, æмæ нæ куы базоной,  мах стабилон æгъдауæй фос кæй исæм, уæд нæм цæудзысты фылдæрæй. Кондад хъуамæ пайда уа куыд Хуссар Ирыстоны адæмæн, афтæ махæн дæр», – дзырдта Уанеты Вадим РХИ-Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатолиимæ йæ фембæлды рæстæджы.

Ныхасы рæстæджы ма Уанеты Вадим дзырдта, зæгъгæ, ныры этапы уынаффæ цæуы республикæйы территорийыл фирмæйон магазин бакæныныл. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, сæ кондад уадзы 17 хуызы продукции. Æмæ, дам, «Растдон»-ы продукци Ростовы «Евродон»-ы продукцийæ у бирæ хæрзаддæр.

Уанеты Вадимæн Ирыстоны бирæ табугæнджытæ ис, зонгæ йын стæм йæ архайдимæ дæр. Фæлæ ныры этапы заводы куыст бынтон бæллиццаг нæма у. Технологион æгъдауæй «Растдон» кæд цалдæр мæйы размæ скуыста, уæддæр куыст къуылымпы кодта цыдæр аххосæгтæм гæсгæ. Адæмы æнхъæлмæкастæн кæрон æрцыд, æмæ 11 июлы «Растдон» йæ дуæрттæ байгом кодта. Заводы сæйраг технолог Евгения Хлопкова радзырдта куыстуаты уникалон фæрæзтыл. Уый банысан кодта йæ технологитæ фадат кæй дæттынц цы продукци уадздзысты, уый гъæдæн, уый, дам, канд деликатес нæ уыдзæн, фæлæ ма уыдзæн адæймаджы организмæн пайдахæссæг. «Продукцийы уникалондзинад ис уый ми-дæг æмæ стуры сырх деликатесон фыдызгъæл, гогызы æмæ хъазы фыдимæ стыр ахъаз кæй сты, цæмæй адæймаджы организмы холестерин ма æмбырд кæна», – амыдта заводы сæйраг технолог.

Завод цы бон бакодтой, уыцы бон Ногдзæутты паркы завод «Растдон» цы продукци уадзы, уымæн ауагъта презентаци. Тахынæг æмæ заводы уагъд иннæ продукцимæ æрбацыдысты бирæ адæм. Адæм тынг райгонд уыдысты уыцы ногдзинадæй.

О, фæлæ нæма рацыд мæй дæр, афтæ фæзынд комбинаты куыстмæ аипп хæсджытæ. Мæ райгуырæн хъæу Сатихъар у, улæфты бонты уырдæм куы бацæуын, уæд мæ ацæргæ адæм ног хабæрттæй фæфæрсынц. Дзидзагуыстгæнæн завод кæй сырæзт нæ республикæйы, уый алы хъæууон адæймаджы бæллиц дæр уыд. Æз дæр иу сын ныфсытæ æвæрдтон «мæнæ «Растдон» скусдзæн, уæ фос кæдæм радтат, уый уын уыдзæн, сæрмагондæй уый нысанæн арæзт цæуы». Ныр уыцы ныфсытæ кæмæн лæвæрдтон, уыдон мын уайдзæфы хуызы дзырдтой, кæй бацыдысты комбинатмæ, фæлæ разыйы дзуапп кæй нæ райстой. Уалынмæ газеты редакцимæ æрбацыд фыстæг дæр, цыран автор домдта, цæмæй йын сдзуапп кæнæм, комбинат йæ продукци кæм уæй кæны, ис сын æви нæ сæрмагонд магазин, уыцы фарстæн. Æппæт ацы фарстатæн дзуапп райсынмæ фæуазæг стæм дзидзагуыстгæнæн комбинат «Растдон»-мæ.

Комбинаты къухдариуæггæнæг Марготы Константин нын нæ фарстатæн ахæм дзуаппытæ скодта: «Кæй зæгъын æй хъæуы, мах продукци бакусынæн хомыс æлхæнæм бынæттон цæрджытæй дæр. Уый тыххæй сæрмагондæй мæхæдæг æрзилын районты хъæутыл. Фæлæ мах нæ райсæм, нæ зæрдæмæ чи нæ фæцæуа, ахæм стур. Уымæн æмæ мах нæ комбинаты уадзæм уæлдæр гъæд продукци. Уымæ гæсгæ цæрджытæй фæдомæм фыццаг рады бынæттон ветеринары бæлвырдгæнæн. Ис ма дзы нюанстæ дæр, кусæрттагæн йæ сыгъдæг уæз ма хъуамæ уа 200 кг. къаддæр. Хъæуты цæрджытимæ фембæлдтыты рæстæджы уыд ахæмтæ дæр, кæцытæ сæ продукцийæн аргъ кодтой иу килограммæн 300 сомы, мах та фыдызгъæл исæм 260 соммæ. Иу та мын йæ зæронд стур лæвæрдта, фæлæ æз загътон, ахæм стур мах кæй не ‘лхæнæм», – дзырдта комбинаты къухдариуæггæнæг.

Хъæууон лæгæн йæ цард фосдардæй у. Кæд африкæйаг емынæйæ ныр цалдæр аз мæлынц хуытæ, уæддæр эпидеми кæм нæй уыцы районты ис нырма фенæн хуытæ чи дары, ахæмтæ. Ис нæм, фермерон хæдзарадты хуыдарды куыст чи кæнынц, ахæм амалиуæггæнæджытæ дæр. Уыдонæн дæр се скаст уыд ацы комбинат байгом уæвынмæ.

«Мах нæ исæм хуытæ, уымæн æмæ тæссаг у африкæйаг емынæйæ, цалынмæ нæхимæ лаборатори нæ байгом уа, уæдмæ афтæ уыдзæн. Æрласæггаг фыдызгъæлæй кæй пайда кæнæм, уый та баст у, уыцы стурты фыдызгъæл нæ зæрдæмæ тынгдæр кæй цæуы, ууыл», – загъта ма Марготы Константин.

Ау, кæдæй нырмæ хæрзаддæрыл нымад у æрласæггаг фыдызгъæл?! Суанг ма æрцæуæггæгтæ дæр нæ фосы фыдызгъæл хæрзаддæрыл куы фæнымайынц. Уымæн та комбинаты афтæ сдзуапп кодтой: «Уе стуртæ экологон æгъдауæй нымад нæ цæуынц сыгъдæгыл. Арæх вæййынц æххормаг, уымæ гæсгæ сын вæййы стресстæ. Уыцы стрессон уавæр бандавынц сæ фыдызгъæлыл».

Ацы ныхæсты логикæ нæй! Уый та куыд, йæ райгуырдæй йæ фæстаг бонмæ кæвдæсы бастæй цы стур вæййы, уымæн нæ вæййы стрессон уавæр, фæлæ сæрвæты сæрибарæй, цъæх кæрдæгыл цы стур хизы, уый уавæр æвзæрдæр куыд хъуамæ уа? Ацы фарстæн, уадз, дзуапп радтæд специалисттæ…

Комбинат цы 14 хуыз продукции уадзы, уый кæм реализаци цæуы, уый тыххæй нын Маргойы фырт загъта: «Махимæ бадзырдтæ сарæзтой хæлцадон магазинтæ «Яблочко», «Беркут», «Ирис» æмæ æнд. Нæхи фирмæйон магазин нын нæма ис. Нæ зæрды ис нæхи территорийыл магазин бакæнын, цæмæй фæлхасгæнæнæгæн сæ бон уа цафонфæнды дæр æрбацæуын æмæ нæ рауагъд продукци балхæнын».

Дзидзагуыстгæнæн комбинаты æрбайгом нырма цæрджытыл уадиссаг нæ бандæвта. Æцæг, нырма цъус рæстæг рацыд, раст чи у – хъастгæнджытæ æви комбинаты къухдариуæгад, уый рæстæг фенын кæндзæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.