Историйæ бæрæг у, хæст кæддæриддæр цардмæ кæй æрхæссы алыгъуызон æнамонддзинæдтæ. Уыдон та алы адæймаджы цардыл дæр бандавынц йæхирдыгонау. Хистæр кары адæймæгтæй алчи дæр хорз хъуыды кæндзæнис, цалынмæ нын нæ сыхæгтæ хæст нæ расидтысты, уæдмæ нæ горæты цæрджыты цард куыд цымыдисон уыдис, уый. Йæ фæсивæд та уæлдай æгъдауджын, ахуырмæ тырнæг уыдысты. Чи фехъуыстаид уынгты æнæгъдау ныхас, кæнæ чи федтаид нозтджын адæймаджы уынджы хъæргæнгæ, æлгъитгæ цæугæ. Нозтджынæй уынгты цæуын уыдис стыр худинаг æмæ кæд искуы уыдис фенæн ахæмæн, уæд-иу æй уайтагъд рацахстой милицийы кусджытæ æмæ-иу æй нылластой æрвонггæнæндонмæ. Афтæ цæвиттойнаг уыдысты нæ хъæуты цæрджытæ дæр. Сæ куыст сæ разæй цыдис, фæллойы сæ амонд уыдтой. Ныр зæрдæ ныккæрзы, куы фехъусы адæймаг, зæгъгæ, хъæуы фæсивæд сæхи нал хизынц нозтæй, уæд.  Хъыгагæн, уый æцæгæйдæр, бирæ-бæрцæй афтæ у.

Уæдæ ныл цы æрцыд? Цæмæн æппарæм нæхи стыр бырцæй? Цæмæннæ нын у ахъуыдыйаг, армыдзаг адæм уæвгæйæ, нæ знаг нæ басаста, уый нæ, фæлæ нæ кад, нæ намыс бæрзонддæр систам, базыдтой нæ дунейы алы бæстæты. Æппæт зындзинæдты сæрты дæр куы ахызтыстæм æмæ нæ кусын, фæллой кæнын йеддæмæ куы ницы сæр хъæуы, уæд нæ фæсивæдæй та бирæтæ ныххæцыдысты нозтыл, æлгъыстаджы наркоманийыл. Ахæмтæн та нозт æмæ наркотиктæ фаг уæд, æндæр сæ нал æндавы бинонты цард, цас зындзинад сын æрхæссынц, уый. Æмæ иууыл тæссагдæр уавæры та бахауынц сæхæдæг – йæ кæрон æркæны æнафоны мæлæтмæ.

Нозтыл куы дзурæм, уæд уый мингай азты размæ фæзынд. Йæ ныхмæ тохæн дæр дæргъвæтин истори ис. Ис ахæм бæрæггæнæнтæ æмæ Китайы нæ эрæйы 2286 азы размæ райст æрцыдис закъон, кæцымæ гæсгæ расыггæнджытæн хастой мæлæты тæрхон. Рагон Египеты расыггæнджытæн хастой æгады тæрхæттæ æмæ сæ сырдтой сæ бæстæйæ. Индийы расыгкæнынæй зæрдæхсайгæ адæймæгтæн дардтой судзгæ згъæр. Грецийы сæнæй базаргæнджыты арæх æфхæрдтой. Англисы æнусы æрдæджы дæргъы расыггæнджыты, æфсондз сæ бæрзæйыл, афтæмæй кодтой уынгты æмæ сæ адæмы раз æфхæрдтой, дыккаг хатт куы банызтаиккой, уæд та сын хастой мæлæты тæрхон. Римы нуазыны бар уыдис æрмæстдæр 30 азæй фылдæр кæуыл цыд, ахæм нæлгоймагæн.

Æнудæсæм æнусы фæзындис æрвонгдзинады сæрыл тохгæнæг алыгъуызон æхсæнадтæ. Уыдон адæмы ‘хсæн уагътой нозты ныхмæ алыгъуызон мадзæлттæ. Фæлæ нозт кæныны аххосæгтæ афтæ арф ацыдысты æмæ уыцы тохæн ницы уадиссаг бантыст. Бирæ бæстæты «хус закъон» бакæныны фæстиуæгæн нозтæн сæрибарæй уæй кæныны бар лæвæрд нæ уыдис, фæлæ уый дæр нæ радта æмбæлон фæстиуджытæ.

Хистæр кары адæм дæр хорз хъуыды кæнынц раздæры Советон Цæдисы иу кæй райстæуыд нозт кæныны ныхмæ закъон, кæй уагътой алыгъуызон мадзæлттæ. Фæлæ уыдæттæ дæр ницы уадиссаг фæстиуджытæ лæвæрдтой. Æмæ мах искæмæ цæмæн кæсæм. Æнæуый дæр афтæ бирæ куынæ у нæ нымæц. Хæсты рæстæджы нæ, мыййаг, цъус куынæ фæхъуыдис.

Уæдæ кæм сты нозт æмæ наркоманийы фæзынды аххосæгтæ?  Уыцы  аххосæгтæ зындгонд сты, агурын сæ нæ хъæуы. Хъæуы æрмæстдæр бинонты, скъолайы æмæ компетентон органты æнтысгæ æмархайд, цæмæй рæзгæ фæлтæрæн сæ фæндаг æхгæд æрцæуа фыдбылыз æмæ æнамонддзинæдтæ хæссæг цайдагъдзинадæн – нозт кæнын æмæ наркоманийæн. Уый у махæй алкæйы хæс дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.