А.В. Александовы номыл Уæрæсейы æфсады кафт æмæ зарды  академион ансамбль концерт равдыста Ленингоры районы цæрджытæн.

Концерт сæвзæрын кодта стыр цымыдис бынæттон цæрджытæм. Ленингоры поселочы Культурæйы хæдзары кæд 240 бынаты ис, уæддæр уыди йемыдзаг, æрбацыдысты поселочы цæрджытæ, афтæ ма уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ æмæ сæ бинонтæ.

Ансамблы уæнгтæ раздæр Цхинвлы цы концерт равдыстой, уымæ бахастæуыд бæлвырд ногдзинæдтæ. Поселочы гуырдзиæгтæ дæр кæй цæры, уый хынцгæйæ, артистттæ сæххæст кодтой гуырдзийаг фолклоримæ баст номыр дæр.

Стыр Фыдыбæстæйон хæстимæ баст зæрдæмæхъаргæ зарджытæ æнæбацагайгæ нæ ныууагътой адæмы зæрдæтæ. Уымæй дарддæр ма ансамбль «Александров парк»-ы эстрадон къорд фæдфæдыл азарыд 60-70-æм азты уарзондæр зарджытæ æмæ адæм кафынмæ дæр нæ фæзивæг кодтой.

Районы администрацийы сæргълæууæг Хацырты Филипп йæхи рады банысан кодта, зæгъгæ, цалдæр боны размæ йæ хъуыдымæ дæр не ‘рцыдаид, йæ истори 1928-æм азæй кæмæн райдыта, уыцы зындгонд коллектив Ленингоры районы концерт равдисдзæн, уый.

«Никуы мæ бауырныдтаид, ацы номдзыд артистты мæ цæстæй фендзынæн, уый», – загъта районы сæргълæууæг.

Тыхджын къухæмдзæгъды аккаг сси УФ-йы сгуыхт артист, ансамблы ветеран Александр Тощин. Уый гастролон балцы ацæуыныл сразы ис, операци йын куыддæр сарæзтой, афтæ. Ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг Сергей Галкин бузныг загъта сценæмæкæсджытæн сæ хъармзæрдæ ахасты тыххæй æмæ зæрдæ бавæрдта, коллективы концертон мадзæлтты нывæзтмæ кæй бахæсдзæн Хуссар Ирыстонмæ августы хæсты 10 азы бонмæ æрцæуыны хъуыддаг. Россотрудничествоимæ ансамблы рагон бастдзинæдты тыххæй радзырдта Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минæварады сæргълæууæг Михаил Степанов.

«Россотрудничество арæзт æрцыд 1925-æм азы, – банысан кодта Степанов. – Уæд ма уый хуынди Фæсарнтимæ культурон бастдзинæдты æппæтцæдисон æхсæнад. Уый æрвыста фæсарæнтæм советон артистты уæрæейаг культурæ размæ кæныны сæраппонд. Æмæ А.В.Александровы номыл ансамбль арæзт куы ‘рцыди, уæд уайтагъддæр райдыта цæуын фæсарæнтæм гастролтæм».

Ансамблы Ленингоры концерты тыххæй дзургæйæ, Степанов банысан кодта, зæгъгæ, йæ хайадисджытæ стыр разæнгардæй райстой РХИ-йы УФ-йы минæвар Марат Кулахметовы фæндон сæ гастролты формат рауæрæхдæр кæнын æмæ Ленингоры концерт равдисыны сæраппонд.

«Фæндон рахстæуыд иу боны æмгъуыдмæ, хъуыддаг сæххæст кæнынмæ сæм фæкастысты уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федералон Æдасдзинады службæ. Уыдон артистты фæхæццæ кодтой Ленингормæ, афтæ ма сын аластой сæ ифтонггæрзтæ дæр, – радзырдта Степанов. – Бынаты сын се ‘ххуысы хай бакодтой районы культурæйы хайад æмæ клубы кусджытæ, фæкастысты сæм концерт ауадзыны хъуыддаджы».

Банысан кæны хъæуы уый, æмæ ансамбль фыццаг хатт Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыд 2008-æм азы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.