Синагуры хъæуы астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд ногазон мадзал, цыран хайад райстой скъолайы ахуыргæнинæгтæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ. Мадзал бацæттæ кодтой скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бестауты Мери æмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Джиоты Залинæ.

Райдианы мадзалмæ æрбацæуджытæн скъолайы директор Бестауты Аркади ракодта бæрæгбонон арфæтæ. Йæ цæст сын бауарзта æнæниздзинад, æнтыстытæ куыд ахуыры, афтæ царды æндæр æмæ æндæр фадгуыты дæр.

Мадзаламонæг – 9-æм къласы ахуыргæнинаг Декъаноидзе Динарæ дæр æмæ скъолайы ахуыргæнинæгты номæй Ногазон арфæтæ загъта скъолайы ахуыргæнджыты коллективæн. Банысан кодта, уыдон сын сæ зонындзинæдтæ рæдауæй кæй дæттынц æмæ сæ уый тыххæй æгæрон бузныг кæй сты. Йæ цæст сын бауарзта æнæниздзинад, хъæлдзæгдзинад æмæ зæрдæйы фæндиаг хæрзиуджытæ.

Уый фæстæ ахуыргæнинæгтæ радзырдтой ногазон æмдзæвгæтæ, азарыдысты зарджытæ куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр. Скъоладзаутæ æрбахуыдтой Ногазон мадзалы  сæйраг хъайтартæ – Митын Дада æмæ Митын чызджы æмæ сын радзырдтой æмдзæвгæтæ, сæххæст кодтой ирон кæфтытæ «Симд» æмæ «Хонгæ». Митын Дадайы роль сæххæст кодта 11-æм къласы ахуыргæнинаг Бестауты Леди æмæ Митын чызджы ролы та ахъазыд Декъаноидзе Рая. Мадзалмæ æрбацæуджыты зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыд Бестауты Мерийы бацæттæгонд сценари «Лæг æмæ ус». Сценарийы лæг æмæ усы ролтæ аив сæххæст кодтой Танделаты Мадоннæ æмæ Декъаноидзе Дианæ. Танделаты Мадоннæ ма Декъаноидзе Раяимæ равдыстой уырыссаг юмористон сценкæ «Сталица Италия стал Париж» æмæ уый дæр рауад цымыдисон.

Мадзалы кæронбæттæны Митын Дада æмæ Митын Чызг скъоладзау-тæн бакодтой ногазон лæвæрттæ æмæ систой зæрдылдарæн къамтæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.