Ног 2018 азы размæ, Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Республикæйы соматикон æмæ сабиты рынчындæттæ, афтæ ма инфекцион рынчындон.

Паддзахады сæргълæууæгимæ уыдысты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Плиты Агуындæ.

Президент æрбалæугæ бæрæгбонты цытæн раарфæ кодта медицинон уагдæтты кусджытæн æмæ рынчынтæн æмæ сын адджын лæвæрттæ бакодта.

Бибылты Анатоли азылд медицинон уагдæтты палатæтыл æмæ раарфæ кодта рынчынтæн, цæмæй тагъддæр сæнæниз уой, афтæ ма бацымыдис кодта, рынчынтæн цы уавæртæ ис, ис сæм æнæмæнгхъæуæг хостæ æви нæ.

Сывæллæтты республикон рынчындоны хайадмæ бахауæг Хъазиты Арсены мад æртæ боны размæ бахатыд РХИ-йы Президентмæ, цæмæй йын баххуыс кæна йæ лæппуйæн схос кæныны. Арсен хъизæмар кæны аллергион низæй  Стивенс-Джонсоны синдромæй.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Плиты Агуындæ банысан кодта, ацы фарстмæ кæй æркæсдзысты, цæмæй Хъазиты Арсены арвитой хос кæнынмæ Уæрæсейы Федерацимæ.

«Нæ паддзахад æрвылаз дæр хицæн кæны Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн хос кæныны тыххæй æхцайы фæрæзтæ. Афтæ ма хицæн æрцæу-дзысты æхцайы фæрæзтæ 2018 азæн дæр», – загъта Плиты Агуындæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.