Нæузæххонты уынджы районы дæр та радон хатт Тыбылты Леониды хъæппæрисæй баконд æрцыд спортивон зал.

Цыма уа уымæй хуыздæр: сыгъдæг æмæ хæрзарæзт залы тренажертæй ифтонг залы фадат куы уа тренировкæ кæнынæн. Республикæйы сæргълæууæг тынг архайы физикон культурæ æмæ спорт райтынг кæныныл. Йæ сæрмагонд программæ «Спорт в шаговой доступности»-мæ гæсгæ цалдæр мæйы æмгъуыдмæ нæ республикæйы районты баконд æрцыд цалдæр тренажерон залы æмæ гом футболон фæзуæттæ. Нæ горæты иуæй-иу районты спортивон залтæ уыд, фæлæ уыдон уыдысты пырх, хъуыд сæ цалцæг кæнын. Уыдонæн сæ уавæр сахуырчындæуыд Президенты уынаффæмæ гæсгæ æмæ æрæвнæлдтой залтæ цалцæг кæнынмæ. Залтæ ифтонг æрцыдысты инвентарæй дæр. Ныр уыдон цы районты бакодтой, уымы фæсивæдæн уавæр уыдзæн спорт æмæ физикон культурæйæ архайынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæсивæд сæ сæрибар рæстæг дзæгъæлы нал сафдзысты.

Ныр радон хатт, 21-æм октябры Нæузæххонты уынджы районы, 60-æм хæдзары цы тренажерон зал бакондæуыд, уырдæм фæуазæг бæстæйы къухдариуæггæнæг йæхæдæг. Президентæн бузныг зæгъынмæ æрбацыдысты ацы районы фæсивæд. Уыдонæн Тыбылты Леонид загъта: «Ахæм тренажерон залтæ аразæм фæсивæды хæрзиуæгæн. Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорт райтынг кæныны концепцийы фæлгæтты цы программæ биноныг цæуы «Спорт в шаговой доступности», зæгъгæ, уый руаджы. Мæн уырны, уый хорзæрдæм кæй бандавдзæн æмæ ахъаз кæй уыдзæн фæсивæдæн се ‘нæ-низдзинадæн. Президент æмæ Хицауады уæнгтæ архайынц спорты нысаниуæг ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ скæнын. Фæстаг рæстæджы нæ фæсивæд спорты бирæ хуызтæй фенын кодтой æнтыстытæ æмæ сæ мах стæм сæрбæрзонд», – дзырдта Президент.

Ацы районы фæсивæды номæй раныхас кодта Гаглойты Автандил. «Сымах æххуысæй нæ спортивон зал ифтонг æрцыд æппæт хъæуæг инвентарæй. Ныр махæн æппæт уавæртæ дæр ис æххæстбæрцæй тренировкæ кæнынæн. Цалдæр азы размæ дæр ма ахæм уавæртæм кодтам бæлгæ». Президентимæ ныхасы рæстæджы, ацы залы цы лæппутæ тренировкæ кæны, уыдон фергом кодтой сæ фæнд: «Нæ залы фарсмæ цы зал ис, уым нын хъæбысæй хæцæн гауыз æвæрынæн аххуыс кæнут».

Кæй зæгъын æй хъæуы, Президенты зæрдæмæ фæцыд ацы хъуыды æмæ горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитрæн бахæс кодта, цæмæй сахуыр кæна фарст.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.