Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценæйыл 26-æм сентябры æвдыст æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ уацмыс «Фатимæ»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль æмæ уымæй байгом ног театралон сезон.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй нæ театр радон сезонмæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой августы райдианæй.

«Августы райдианы нæ труппæ æрбацыдис сæрдыгон улæфтæй æмæ уайтагъд æрæвнæлдтой сæ куыстмæ. Уæд, сфæлдыстадон советы уынаффæмæ гæсгæ, бахастæуыд фæндон, цæмæй ног театралон сезон бакæнæм спектакль «Фатимæ»-йæ. Уымæн æмæ ацы аз Хетæгкаты Къостайы рай-гуырдыл æххæст кæны 160 азы æмæ уый сæраппонд 2019 аз Хуссар Ирыстоны расидт æрцыдис Къостайы азæй. Нæ театры сфæлдыстадон коллектив уый нымайынц стыр кадыл æмæ сæ куыст дæр райдыдтой ирон адæмы цырагъдарæджы сфæлдыстадæй. Ныртæккæ ма кусæм дыууæ ног спектаклыл. Иу дзы у Мамсыраты Дæбейы пьесæ «Æфхæрдты Хæсанæ», кæцыйыл кусы Цæгат Ирыстонæй æрхонгæ режиссер, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Бекъойты Розæ. Ацы спектакль фыццаг хатт нæ цæуы æвæрд нæ театры сценæйыл. Æвдыст ма цыдис 1989 азы. Уæдæй нырмæ рацыдис 30 азы æмæ та йæм раздæхтыстæм ногæй. Спектакль уыдзæнис тынг цымыдисон. Фыццаджыдæр, цæмæй у цымыдисон? Уымæй æмæ у ирон классикон драматурги, кæцы æвдисæн у нæ рагфыдæлты традицитæн. Æвдыст дзы цæуы тугисыны æгъдау, афтæ ма сæм цы хорз æгъдæуттæ уыдис, уыдон дæр. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ дзы кæй архайынц нæ курдиатджын артисттæй бирæтæ. Нæ театралон труппæ фæфылдæр ис дыууæ ног артистæй – Гаглойты Эдуард æмæ Уалыты Георгийæ. Спектаклы уыдонæй хъаздзæнис Гаглойты фырт. Премьерæйы сæйраг рольтæ æххæст кæндзысты Куымæридтаты Батрадз æмæ Тадтаты Фатимæ. Архайынц ма дзы Бибылты Сослан, Сагирова Миленæ, Мамиты Григори, Гаглойты Артур. Спектаклы сценограф та у Уæрæсейы Федерацийы зындгонд адæмон нывгæнæг Чилæхсаты Магрез. Спектакль æвдыст æрцæудзæнис октябры мæйы райдианты», – банысан кодта Зæгъойты Рада.

Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй хуссарирыстойнаг театрдзаутæн фылдæр хъæуы комедитæ-æвдисын. Уымæн æмæ театры репертуары ис уæззау спектакльтæ, трагедитæ. «Мах хъуамæ нæ театры сценæйыл æвæрæм ахæм спектакльтæ, ахæм жанрты, кæцытæ домдæуынц театрдзауты ‘рдыгæй, цæмæй сæ домæн æххæст цæуа æмæ æхцондзинад исой. Ахæм хъуыды дæр ис, зæгъгæ, театр хъуамæ йæхæдæг хъомыл кæна сценæмæ-кæсæджы. Хъуамæ йын æвдиса хорз, гъæдджын спектакльтæ.Мах хъуамæ сценæмæкæсæджы размæ хæссæм куыд ирон националон драматурги, афтæ дунеон классикæйы уацмыстæ дæр. Фæлæ уыдон æнæмæнгдæр фæфылдæр æмæ фæхъæз-дыгдæр кæнын хъæуы комедитæй. Ныртæккæ куыст цæуы комеди «Сæтти æмæ Бæтти»-йыл, кæцыйыл кусы Дзуццаты Тамерлан. Ацы спектакль ма нæ театры репертуары уыдис цалдæр хатты. Ныр дзы сæйраг рольтæ æххæст кæндзысты РХИ-йы адæмон артисттæ, Уанеты Æхсар æмæ Хаситы Вильгельм. Уыдон зындгонд æмæ уарзон сты не ‘мбæстæгтæн æмæ та радон хатт сæ хъазтæй бахъæлдзæг кæндзысты сценæмæ-кæсджыты зæрдæтæ. Ацы премьерæ дæр адæмы рæгъмæ хаст æрцæудзæнис ацы аз.

Уымæй дарддæр ма октябры фæудты репетицитæм æрæвналдзæнис режиссер Чилæхсаты Эдуард дæр. Уый фæнд кæны сæвæрын спектакль «Любовь до потери памяти». Нæ репертуар ацы театралон сезоны фæхъæздыгдæр уыдзæнис цыппар ног спектаклтæй», – банысан кодта Зæгъойты чызг.

 Рæхджы ма хуссарирыстойнаг театрдзаутæ аргъгæнæг уыдзысты Остъаты Аланы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектаклæн, кæцы дзурæг у ирон адæмы геноцидыл. Автор сæрмагондæй йæ уацмысы ныффыста 20-æм азты ирон адæмы геноцидыл фидæнмæ 100 азы кæй æххæст кæны, уый сæраппонд. Ныридæгæн куыст цæуы уацмысыл, барасткæнинæгты фæстæ æрæвналдзысты йæ сæвæрынмæ.

Пресс-службæйы ма нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй нæ паддзахадон драмон театр рæхджы хайад райсдзæнис Санкт-Петербурджы Хетæгкаты Къостайы юбилейы фæдыл уагъд-цæуæг бæрæгбонон мадзæлтты. Уырдæм театр фæнд кæны спектакль «Фатимæ» ахæссын. Уымæй дарддæр ма ноябры мæйы театр фæнд кæны гастролон балцы Цæгат Ирыстонмæ иу къуырийы æмгъуыдмæ, цыран хайад райсдзысты фестиваль «Сцена без границ»-ы цалдæр спектаклимæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.