Фæстаг азты нæ республикæ размæ кæй цæуы, уый у цæстуынгæ хъуыддаг.  Хуыздæрæрдæм ивынц куыд æппæт уавæртæ, афтæ йе ʻддаг бакаст дæр.  Арæхæй арæхдæр кæнынц æндæр æмæ æндæр нысаниуæджы  объектты цытджын æгъдауæй æрбайгом кæныны мадзæлттæ.  Адæймаджы зæрдæйы куыд нæ сæвзæрынц  æхсызгон æнкъарæнтæ, куы фенæм не ‘мбæстæгты цæсгæмттыл цины æмæ райгæ мидбылхудт, уæд.

Ивгъуыд къуырийы нæ республикæйы сæргълæууæджы хайадистæй цытджын æгъдауæй байгом сты дыууæ фонтаны горæты дыууæ микрорайоны, кæцыты сарæзта не ʻмбæстаг скульптор Бекъойты Алан. Уыдонæй сæ иу арæзт æрцыд Мамсырайы фырты уынджы кæрон «Уарзæгой удтæ колгæйы бын къæвдамæ»-йы скульптурæимæ.

Иннæ та 16-æм июлы æрбайгом горæты цæгатварсæрдыгæй Текстилы микрорайоны ногарæзт скверы.

Мадзалмæ æрбацыд РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмæ йæ раныхасы банысан кодта, ныртæккæ тынг бирæ куыст кæй цæуы горæты уынгтæ схæрзарæзт кæныны,  цæрджытæн хуыздæр цардуагон уавæртæ саразыны тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймаджы кусын куыд хъæуы, улæфын дæр æй афтæ фæхъæуы æмæ уыцы уавæртæ дæр хъуамæ уой  республикæйы цæрджытæн.  Йæ раныхасы рæстæджы республикæйы сæргълæууæг мадзалмæ æрбацæуджыты базонгæ кодта, цавæр социалон нысаниуæджы арæзтæдтæ ма цæуы горæты æндæр районты, уыдонимæ.

Ацы азы райдайæны Тыбылты Леониды хъæппæрисæй æмæ президентон фонды æххуысæй баконд æрцыд социалон программæ «Спорт в шаговой доступности». Ацы программæйы фæлгæтты республикæйы сæргълæууæг горæты цалдæр районы  уæвæг спорт-залтæн балæвар кодта тренажертæ æмæ, æндæр спортивон æрмæджытæ. Ныр та Текстилы микрорайоны спортуарзджытæн дæр бакодта ахæм зынаргъ лæвар. Ацы программæйы фæлгæтты республикæйы къухдариуæгад фæнд кæны горæты æппæт микрорайонты дæр спортзалтæ саразын æмæ сæ сифтонг кæнын æнæмæнгхъæуæг спортивон инвентарæй.

Мадзалы кæрон Президент ныхас кодта Текстилы микрорайоны цæр-джытимæ, уыдон дзырдтой сæ зæрдæйы фæндиæгтæ æмæ арфæ-йы ныхæстæ, афтæ ма радзырдтой сæ проблемæты тыххæй дæр.

Ацы районы ногарæзт чысыл скверы ныртæккæ ис бандæттæ, фонтан, ногсагъд назбæлæстæ, æхсæвы дзы фæсудзынц рухсытæ. Йæ хæдфарсмæ ис спортивон   æмæ сывæллæтты хъазæн фæзтæ. Иудзырдæй, ныртæккæ  Текстилы районы цæрджытæн фæзынд уавæртæ, цæмæй изæрыгон сæхи раирхæфсой сæ сабитимæ  æмæ сæ рæстæг æрвитой. Ахæм уавæртæ, кæй зæгъын æй хъæуы, арæзт цæуынц  нæ республикæйы къухдариуæгады гъæдджын æмæ бæрнон куысты руаджы,  республикæйы президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй.  Уый тыххæй мах, республикæйы цæрджытæ хæсджын стæм, цæмæй зæгъæм бузныг æмæ цыдæриддæр арæзт цæуы, уыдоныл аудæм, ма сæ фыдуынд кæнæм. Уæд нæ горæты рæсугъд-дзинадмæ ноджыдæр æфтдзæн рæсугъддзинад æмæ æхцондзинад хæсдзысты йæ цæрджытæн.

Хуыгаты М.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.