Театралон фæзуат. Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бæстыхай. Кæмæн нæ уыдысты  æмæ сты уарзон ацы фæзуат æмæ бæстыхай. Нæ театр бирæ азты дæргъы ирон культурæ æмæ аивады рæзтæн  стыр лæггад бакодта æмæ фидарæй зæгъæн ис, уыцы фарны фæндагыл дарддæр дæр кæй цæудзæнис.

Театр кæддæриддæр уыдис æмæ у, адæймаджы удварн чи хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр кæны, ахæм фæрæз. Хуссар Ирыстоны 1931-æм азы профессионалон театры фæзынд ирон адæмæн уыдис стыр хæрзиуæгон хъуыддаг. Ирон адæмы культурæмæ  бахаста ног ивындзинæдтæ, йæ фарны сценæйыл æвдыст цыдысты нæ хуыздæр драматургты, фæсарæйнаг авторты уацмыстæ. Хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæн театр ссис сæ уарзондæр культурон артдзæст. Ахæмæй баззад сæ зондахасты æмæ йыл сæ зæрдæтæ ныр дæр нæ ивынц. Хуссарирыстойнаг театрдзаутæ бæллынц, цæмæй  театры ног бæстыхаймæ ногæй тыннывæндæгау кæной, цæмæй раздæрау суа культурон центр æмæ уаз бынат. Уыцы рæстæгмæ бирæ нал баззад.

Рæхджы хуссарирыстойнаг театрдзаутæ бавзардзысты стыр æхцондзинад, нæ бæстæйы культурон царды æрцæудзæнис, бирæ азты дæргъы æнæрхъæцæй кæмæ æнхъæлмæ кæсæм, уыцы бæллиццаг æмæ стыр цау – Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры ногарæзт бæстыхайы сценæйыл æвдыст æрцæудзæнис спектаклы премьерæ. Театрдзаутæ тæрхонгæнæг уыдзысты ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ уацмыс «Фатимæ»-мæ гæсгæ æвæрд спектаклæн. Нæ театры репертуармæ «Фатимæ»-йы спектакль кæй хъуамæ бахастаиккой, ууыл бирæ дзырд цыдис фæстаг цалдæр азы дæргъы. Уымæй дарддæр ма ацы аз Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл æххæст кæны 160 азы æмæ уый сæраппонд 2019 аз дæр Хуссар Ирыстоны расидт æрцыдис Къостайы азæй. Стыр кадыл нымайынц нæ паддзахадон театры сфæлдыстадон коллектив, ацы аз сæ куыст Къостайы æнæмæлгæ уацмысæй кæй райдайдзысты, уый æмæ бæстонæй сæхи цæттæ кæнынц спектаклы премьерæмæ. Ныртæккæ премьерæйыл цы куыст цæуы æмæ ма сæ разы цы ныхдуртæ лæууы, стæй сын дарддæр цавæр плæнттæ ис æмæ сæ æххæст кæныныл куыд кусдзысты, æппæт уыдæтты фæдыл ныхас кодтам паддзахадон драмон театры ног директор Уалыты Мадинæимæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ныридæгæн театры йæ тæмæны ис премьерæ «Фатимæ»-мæ цæттæгæнæн сфæлдыстадон куыст. «Мах æмбарæм, нæ республикæйы адæм æнæрхъæцæй кæй æнхъæлмæ кæсынц театры байгоммæ, ног спектаклтæм. Ныртæккæ репетици кæнæм «Фатимæ». Фæнды нæ, цæмæй йыл стыр цымыдисимæ сæмбæлой нæ сценæмæкæсджытæ. Нæ театры бæстыхай ногарæзт у æмæ дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Абон ахæм театр Цæгат Кавказы æрмæстдæр у иунæг æмæ мах уымæй хъуамæ уæм сæрыстыр. Дзырд йæ эксплуатацийыл куы цæуа, уæд дзы мах хъуамæ пайда кæнæм, куыд æмбæлы, афтæ. Бæстыхай стыр у, техникон æгъдауæй дæр у вазыгджын æмæ домы æндæр æмæ æндæр къуындæгпрофилон специалисттæ», – загъта Уалыты Мадинæ.

Специалисттыл дзургæйæ  ма уый банысан кодта, зæгъгæ, сæйраг специалисттæй ифтонг сты, фæлæ ма сæ театры хуыздæр куысты тыххæй бахъæудзæн бацагурын кæнæ та сахуыр кæнын æндæр хъæуæг специалистты. «Абон театры ис ахæм проблемæтæ, кæцыты скъуыддзаг кæнын хъæуы æнæмæнгдæр. Уымæ гæсгæ та нæ аивадон советæн радон рабадт куы уа, уæд уынаффæмæ рахæсдзынæн театры ног структурæ æмæ штаттæ сфидар кæныны фарстытæ. Проект ныридæгæн у цæттæ, цыран алцыдæр у бæстонгонд æмæ æмбæрстгонд, алкæмæн дæр бæрæг сты, цы хæстæ йæм хауы, уыдон. Ацы фарстатыл куы æруынаффæ кæнæм, уæд мах ногæй сараздзыстæм штатон расписани æмæ йæ барвитдзыстæм РХИ-йы Культурæйы министрадмæ, уый фæстæ та – Хицауадмæ», – банысан кодта театры директор.

Театр у нацийы культурæйы сæйрагдæр артдзæст æмæ йæ царды айдæн. Уый, сæйра-джыдæр, ахъаз кæны адæймаджы монон рæзтæн æмæ мадæлон æвзаг хъæздыг кæнынæн. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ театры абоны къухдариуæгадмæ ис бирæ фæндтæ, кæцыты руаджы хъуамæ ноджы фæхуыздæр уа театры сфæлдыстадон куыст. Уалыты Мадинæйы хъуыдымæ гæсгæ театры артисттæ сты курдиатджын, фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, уыдон ноджыдæр хъуамæ рæзой профессионалон æгъдауæй æмæ размæ цæуой. Уый та, зæгъгæ, уæд бафтдзæнис къухты, кæд æмæ семæ кусой курдиатджын режиссертæ. «Æнæмæнг хъæуы саразын афтæ, цæмæй нæ театры царды фæзыной ног, бæрзонд æмвæзадыл специалисттæ. Махæн нæ артисттæ сты курдиатджын æмæ зындгонд театрты артисттæй фæстæдæр никæмæй лæууынц. Æрмæст сын хъæуы уавæртæ саразын, цæмæй сфæлдыстадон æгъдауæй рæзой. Уый у нæ хæс æмæ йыл кусдзыстæм. Мах ма архайдзыстæм ууыл, цæмæй нæ театрмæ æрхонæм æндæр режиссерты дæр. Æмæ уый тыххæй дæр сарæзтам фыццаг къахдзæфтæ. Театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерланимæ баныхас кодтам, цæмæй Цæгат Ирыстонæй æрхонæм, Уæрæсейы дæр зындгонд чи у, уыцы курдиатджын режиссер Уалыты Гивийы. Уый сразы ис немæ кусыныл. Йæхимæ дæр ис хорз плæнттæ, фæнды йæ нæ театрдзауты зæрдæтæ барухс кæнын ног спектаклтæй æмæ йын йе ‘рцыдмæ та æнхъæлмæ кæсæм уалдзæджы», – райгондæй зæгъы театры директор.

Уалыты чызг ма ахсджиагыл нымайы театры репертуары фарст дæр. Уый цас хъæздыгдæр æмæ алыгъуызондæр уа, уыйас сценæмæ-кæсæгæн дæр цымыдисон уы-дзæнис. Ацы фарст та фылдæрбæрцæй финанскæнынадимæ баст у æмæ домы серьезон хъусдард хицауады ‘рдыгæй. Нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм спектаклтæ сæвæрын та домы, цæмæй уа хуызджын, алыгъуызон спецэффекттимæ. Уыдæттæн та, зæгъгæ, хъæуы æхцайы фæрæзтæ, кæцытæ абон театрмæ не сты. «Ацы фарст театрæн у тынг риссаг фарст, кæцыйы тыххæй мæнмæ ис хъуыдытæ. Театры афæдзон бюджет спектаклтæ æвæрыны тыххæй у 730 мин сомы æмæ нын, зæгъæм, «Фатимæ» та слæууыдис дыууæ милуан сомы бæрц. Уый тыххæй Дзуццаты Тамерланы бахъуыдис уыцы фæрæзтæ агурын, куыд нæ республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй, афтæ меценатты ‘рдыгæй дæр. Алцыдæр финанстимæ баст кæй у, уый тыххæй мах хъуамæ уæм нæ паддзахады серьезон хъусдарды бын. Æз куыд сбæрæг кодтон, афтæмæй нæ республикæйы  иууыл къаддæр  куыстмыздтæ исынц культрæйы æмæ хъæууон хæдзарады фадыджы кусджытæ. Мах ныфс ис, æмæ нæм нæ республикæйы къухдариуæгад лæмбынæг хъусдард кæй здах-дзæнис, æмæ мах та бакусдзыстæм ууыл, цæмæйдæриддæр нæ куыстæн уа хорз фæстиуджытæ», – зæгъы театры директор.

Нæ республикæйы ирон адæмæй дарддæр уырыссаг æвзагыл дзурæг адæмтæ кæй цæры, уый хынцгæйæ ма нæ театры къухдариуæгад фæнд кæнынц, цæмæй алы спектаклмæ дæр хъусæн уа уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй. Театры райрæзты хъуыддагæн ма баконд æрцыдис ног хайад дæр, кæцы кусдзæнис маркетинг æмæ рекламæйы фæдыздæхтыл. Уымæй дарддæр ма театрæн фæзындзæнис йæхи сайт дæр æмæ театрдзаутæн интернеты руа-джы сæ бон уыдзæнис билеттæ балхæнын. Театрæн йæхи мидæг та æвæрд уыдзæнис дыууæ онлайн мониторы сценæмæкæсджыты планимæ æмæ уый фæрцы сценæ-мæкæсæгæн фадат уыдзæнис, йæхи кæм бафæнда, уыы бынат равзарын. Театры директор ма ныфс бавæрдта, билетты æргътыл дæр кæй не схæцдзысты. Æрмæст фæдзæхста, зæгъгæ, премьерæты рæстæджы чысыл фылдæр кæй уыдзысты билетты æргътæ.

Театры басыгъды фæстæ не ‘мбæстæгтæй бирæтæ иузæрдион æххуыс кодтой йæ сырæзты хъуыддагæн. Уыдис дзы ахæмтæ, æмæ театры арæзтады тыххæй лæвæрдтой сæ фæстаг къапеччытæ дæр, чи – йæ пенси, чи та  – йæ мызд æмæ уыдонæн сæ ном ссарыны æмæ бузныг зæгъыны тыххæй Уалыты Мади-нæмæ ис ахæм фæндон, цæмæй уыцы хорз адæймæгты номхыгъд райса Национ бангæй æмæ-иу сæ æрбахоной «Фатимæ»-йы спектаклмæ æнæаргъæй.

Уæлдæр ма йæ куыд банысан кодтам, афтæмæй ног театры куыст домы фылдæр кадртæ. Ныртæккæ куыст цæуы ууыл, цæмæй ХИПУ-йы ногæй баконд æрцæуа актерон факультет. Йæ рæстæджы нæ университеты ацы факультет каст фесты, абон нæ театры труппæйы чи ис, уыцы актертæй цалдæрæй. Уыдоны ‘хсæн сты Хуыгаты Альбинæ, Чохели Натия, Сагирова Милена, Куымæриттаты Батрадз æмæ æндæртæ. «Мæнмæ гæсгæ, нæхимæ дæр ис профессионалтæ хъомыл кæныны фадат æмæ хъæуы бакусын ацы фарстыл. Фæлæ уыимæ иумæ нæ театр йæ фæндæгтæ хъуамæ дарддæр дæр бæтта Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ æмæ уыцы фæдыздæхтыл дæр кусдзыстæм», – зæгъы театры директор.

Театры къухдариуæгад ма сæ разы æвæрынц ахæм хæстæ, цæ-мæй фылдæр театры сценæйыл æвдыст цæуой ирон литературæйы классикты уацмыстæ, кæцытæн стыр нысаниуæг дæттынц ирон театруарзджытæ дæр.

Цхуырбаты Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.