Ирон адæмы фыдæлтæ хæхты зын уавæрты æрвыстой сæ цард, кодтой фосдард æмæ зæххы куыст. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæххон лæгæн зæхх нæ фаг кодта, йæ хуымгæнд уыд кадавар. Фæлæ уыцы зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, уæддæр се ‘рвылбонон цардæн амæлттæ кодтой. Æппæт дæр сæхи хъаруты фæрцы зылдысты нæ радтæг зæхмæ, сæ арæхстджын цæнгтæй арæзтой алыгъуызон хъæууонхæдзарадон кусæнгæрзтæ æмæ сын уыдон цасдæрбæрцæй рогдæр кодтой сæ къух. Цæмæй абоны фæлтæр зоной æмæ аргъ кæной нæ фыдæлты фыдæбон æмæ куыстуарзондзинадæн, зоной сын сæ кусæнгæрзтæ, уымæн сын стыр ахъаз фæуыдзæн историон зонæдты кандидат Хъуылымбегты Роберты монографи «Традиционное земледелие горной Осетии», кæцы мыхуыры рацыд ивгъуыд азы кæрон Цхинвалы. Нæ фыдæлты зæххыкуысты фæдыл ма ахсджиаг куыстытæ ис Калоты Барис, Гаглойты Зинæ, Магометов А. æмæ Цыбырты Людвигæн. Уыцы автортæй алкæмæн дæр зæххыкуысты фæдыл ис дзæвгар ахсджиаг куыстытæ æмæ аккаг бынат æрцахстой ирæтты ивгъуыд цардуаг лæмбынæгдæр базонынæн. Къаддæр цымыдис нæ равзæрын кæндзæн Хъуылымбеджы куыст дæр, æвзæрын кæны адæймагмæ тынг цымыдис æмæ йæ чиныгкæсджытæ бакæсдзысты æхсызгонæн. Ацы зонадон куыст йæ нысаныл кæй сæмбæлд, уый йæ разныхасы фæнысан кодта историон зонæдты кандидат Штырков С. А. Уый фыссы, зæгъгæ, чингуыты тæрхæгыл ирзонынады къласикты кустыты фарсмæ æрæ-вæрдзыстæм ноджы иу диссаджы монографи.

Чиныджы фыццаг сæр хуыйны «Мæр бакусын, хуымгæрдæн æмæ найкæныны кусæнгæрзтæ». Автор фыссы, зæгъгæ, хæххон уавæрты мæр бакусыны сæйрагдæр кусæнгарз уыд дзыбыр(дывыр). Уымæй дарддæр ма зæхкусæг пайда кодта æмæ архайдта къухæй кусæнгæрзтæй дæр. Автор ноджы лæмбынæг дзуры ахæм кусæнгæрзтыл, куыд къæпи, рувæн, фæсауæдзгæнæн, адæг, поцхи æмæ асадæныл. Дарддæр ма фыццаг сæры ис сæргонд æмæ дзы дзырдæуы ахæм кусæнгæрзтыл, куыд æхсырф, ирон цæвæг, чъеури, сагой, халамæрзæны тыххæй. Дыккаг сæр хуыйны «Фæллойадон процесстæ». Автор куыд иртасы, афтæмæй афæдзы дæргъы быдыргуысты ахсджиаг уыдысты ахæмтæ, куыд хуымгæнд равзарын æмæ уый куыстмæ бацæттæ кæнын, бахуым кæнын æмæ байтауын, рувын, тыллæг æфснайын æмæ афтæ дарддæр. Зындгонд у, хæхбæсты адæмæн нæ фаг кодта зæхх æмæ йæ фæзуат фæфылдæр кæныны тыххæй цагътой хъæд. Пайда кодтой ивгæтыдæй дæр, уæд тыллæгæрзад уыд фылдæр. Цæмæй тыллæг хорз æрзадаид, æркодтаиккой дзы фылдæр тыллæг, уый тыххæй æнæмæнг хъуыд хъацæнтæ бахæссын æмæ донхæр кæнын. Автор нымайы мæры сконд, ома йæ хуызмæ гæсгæ сты саумæр, бурмæр, сырхсыджыт, урссыджыт, цъæхсыджыт. Адæм сæ дих кодтой чысбын, хуырбын, чъырбын, æлыгбын æмæ афтæ дарддæр. Мæрмæ та хастой хъацæнтæ æмæ фæнык. Зонадон куысты ма сты «Кæ-ронбæттæн», «Библиографи», «Информаторты номхыгъд» æмæ æнд. Чи-ныгкæсæг ма ам базонгæ уыдзæн, ирæтты фыдæлтæ се ‘рвылбонон куысты цы кусæнгæрзтæ, мигæ-нæнтæй пайда кодтой, уыдоны къамтимæ.

Бузныг зæгъын æмбæлы Хъуылымбегты Робертæн, рæгъмæ ахæм ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куыст кæй рахаста, уый тыххæй, дарддæр ын ноджы фылдæр бантысæд!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.