РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд рауæрæхгонд æмбырд министрадты, ведомствоты, горæты æмæ районты администрациты къухдариуæггæнджыты хайадистæй.

Хицауады Сæрдар раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ног 2018 аз хъуамæ уа æнтыстджын республикæйæн.

«Мах хъуамæ дырысæй сплан кæнæм нæ архайдтытæ ацы азæн, уымæн æмæ нæ разы лæууы бирæ хæстæ, кæцыты мах хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм гъæдджынæй æмæ снысангонд æмгъуыдтæм», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдар бацымыдис кодта, æвзæр боныгъæдтæм энергетиктæ куыд цæттæ сты, уымæ. «Мах хъуамæ цæттæ уæм, цæмæй фидæны нæхи бахизæм аваритæй электродæттæн хæххытыл. Зымæг нырма разæй ис, мах хъуамæ цæттæ уæм алцæмæ дæр».

Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы къухдариуæггæнæг Гæбæраты Аланы ныхæстæм гæсгæ йе службæ æххæстæй цæттæ у æнæкъуылымпыйæ электроэнергийæ цæрджыты ифтонг кæнынмæ.

«Абоны бон не службæ æххæстæй цæттæ у уæлвæткон цаутæм. Аварион фæсауæрц æххæстæй комплектгонд у, афтæ ма махмæ ис сæрмагонд техникæ», – загъта Гæбæраты Алан.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ныртæккæ интенсивонæй куыстытæ уагъд цæуынц дæрддаг хъæутæ Эрцо æмæ Замтаретмæ электроифтонгад сæндидзын кæныныл, цыран тыхджын митуарды фæстиуæгæн хъыгдард баййæфтой электроадæтттæн хæххытæ.

Пухаты Эрик бахæс кодта фæндагон, æппæт профилон службæтæн æмæ горæты æмæ районты администрациты сæргълæуджытæн, цæмæй æххæстæй цæттæ уой форс-мажорон уавæртæм.

Уый фæстæ Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги радзырдта республикæйы хостæй ифтонгады тыххæй. «Хосгæнæн фæрæзтæй планмæ гæсгæ ифтонг æрцыдысты 20 январы онг. Дарддæр мах ныфс ис финансон фæрæзтæ райсынæй æмæ республикæйы хосгæнæн препараттæй сифтонг кæнынæй», – банысан кодта министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы уыдзæн стыр ивындзинæдтæ медицинон кластеры хосгæнæн уагдæтты баиу кæнгæйæ. Афтæ ма министры ныхæстæм гæсгæ, социалон гарантитæ дæтгæйæ, медицинон лæггæдты фæдыл фæзындзысты фидгæ лæггæдтæ дæр, ома, томографыл басгæрст æмæ афтæ дарддæр, кæцы фадат ратдзæн æмбæстæгтæн уæлæмхас басгæрст рацæуынæн бæрзондтехнологон ифтонггæрзтыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 10 азы бæрæг-боны программæйы проекты тыххæй информаци сарæзта культурæйы ми-нистр Зассеты Жаннæ. «Ног къуырийы мах æрбавдисдзыстæм ацы масштабон мадзалы проект. Ацы аз мах план кæнæм Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ Ростовы областы минæвæртты хайадистæй сценарон къорд саразын. Ацы мадзал хъуамæ уа дзыллон», – загъта уый.

Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса радзырдта ногазон улæфтыты фæстæ ахуырдзауты райсынмæ республикæйы ахуырадон уагдæтты цæттæдзинады тыххæй. Уый ма фехъусын кодта æхсызгон хабар: Хуссар Ирыстоны астæуккаг скъолаты  ахуырдзаутæ æнтыстджынæй ралæууыдысты ХХIV-æм Æппæтуæрæсейон сывæллæтты фестиваль «Рождественская елка «Казачий круг»-ы æмæ бацахстой кады æппæт пьедестал.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.