Горæт Цхинвалы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад нæ горæты уынгтæй цалдæр схæрзарæзт кæныны куыстытæ райста йæхимæ æмæ йын æнтыстытæ дæр ис ацы хъуыддаджы. Уыдон нымæцмæ та рæхджы бахаудзæн 13 коммунары уынг дæр. Ацы бынаты арæзтадон куыстытæ сты сæ тæмæны, кусджытæ сты æнæвдæлон, тагъд кæнынц кусынæн бæзгæ бонтæй спайда кæныныл æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Тыбылты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй уал ыл æркалдæуыд лыстæг æмæ ставддæр хуыр, уымæй дарддæр ма куыстæуы донцæуæн канализаци æрбæстон кæныныл дæр æмæ уый дæр хъуамæ ахицæн уа тагъд рæстæджы. Кусджыты ныхæстæм гæсгæ хæрзарæзт скæндзысты автотранспорты цæуæн фæндаг, афтæ ма, тротуартæ дыууæрдыгæй фарс дæр. Арæзтады кусы иу бригадæ æхсæз адæймаджы скондæй, змæлы дзы 4 иуæджы техникæ дæр. Уынджы арæзтадон куыстытæ тагъддæр ахицæн кæныныл цырд змæлынц грейдерист Уазæгты Митя, экскаваторыл ку-сæг Бекъойты Димитр, шофыртæ Чысиаты Юри æмæ Гæбæраты Ацæмæз.

Зындгонд куыд у, афтæмæй уынг схæрзарæзт кæнынмæ æрæвнæлдтой ацы аз июлы мæйы æмæ дзы уæд фыццаградон куыстытæ сæххæст кодта паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал». Йæ кусджытæ бакодтой зæххы бын коммуникацитæ баивыны куыстытæ æмæ сæ сæххæст кодтой æнтысгæйæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ацы уынджы арæзтад хаст нæ уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны 2015-2017-æм азты социалон-экономикон райрæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ, фæлæ горæты администраци йæхимæ райста ацы уынджы арæзтад дæр æмæ дзы æппæт куыстытæ дæр хъуамæ бакæной ацы мæйы кæронмæ. Æввахс уынгты цæрджытæ Цхуырбаты Хъазбег, Æлборты Иннæ æмæ æндæртæ стыр цины æнкъарæнтимæ банысан кодтой æмæ бузныг зæгъынц, арæзтадон куыстытæ йæхимæ чи райста æмæ йыл уæхскуæзæй чи фыдæбон кæны, уыдонæн.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.