Бонджын лæг, дам, йæ над нæ фæхъæр кæны, фæлæ мах мæгуыр, хæстæфхæрд æмæ фæллад адæм кæй стæм, уымæ гæсгæ нын æмбæхсинаг ницы ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, раздæр советон дуджы рæстæджы иумиагæй сисгæйæ, фæрнджындæр æмæ æфсæрмдзæстыгдæр уыдысты, кæрæдзийæн дæр тынгдæр кад кодтой, уымæн æмæ советон цард ахæм уыд, стæй закъонæн дæр кад кодтой.  Советон Цæдисы рæстæджы худинагæй тынгдæр тарстысты адæм.

Фæстаг æртæ-цыппар азы нæ уарзон Цхинвал цæхгæр йæ хуыз фæивта хуыздæрырдæм. Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад  Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй æппæт тыхтæй дæр архайы, сæ хæстæфхæрд адæмы цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Æмæ сын æнтысгæ дæр хорз кæны. Акæсут, нæ хæстæфхæрд горæт куыд фæрæсугъддæр æмæ фæсыгъдæгдæр. Æрмæст Октябры уынджы уындæй дæр зæрдæ хурыфарсмæ абады, изæрыгæтты дзы адæмæй азæмæлæнтæ дæр нæ вæййы, æмæзмæлд дзы фæкæнынц. Æвæрд дзы æрцыдысты бандæттæ æмæ æхсæвыгон фонартæ дæр. О, фæлæ мах нæхæдæг та куыд аудæм нæ горæты фæрныгадыл? Не ‘хсæн ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæн æгъдау æмæ æфсæрмдзинад сæ фæсонæрхæджы дæр никуы сты. Афтæ кæй у, уымæн æрæджы æвдисæнтæ систæм ме ‘мкусæг Чертхъоты Жаннæимæ. Куыд æрвылхатт, афтæ та æрæджы  куыстæй хæдзармæ фæцæйцыдыстæм  нæ уарзон Октябры уынджы скверыл æмæ куыддæр цалдæр метры бауадыстæм, афтæ кæсæм æмæ бандоныл бады иу хæрзæвзонг чызг, йæ бакастмæ гæсгæ йыл цыдаид 15-16 азы. Йæ разы та лæууыд иу æвзонг лæппу æмæ цæуылдæр ныхас кодтой. Чызг ныхас кæнгæйæ, хордта арахистæ æмæ сын сæ цъæрттæ  комкоммæ дæр калдта йæ къæхты бынмæ æмæ йæ алыварс байдзаг бронæй. Ацы ныв ауынгæйæ, мыл цыма исчи ихджын дон бакалдта, афтæ фæдæн. Æрлæууыдтæн сæ цуры æмæ бауайдзæф кодтон чызгæн, зæгъын, ныр нæ горæты цæрджытæй алчидæр арахисы кæнæ хурмæзилæджы кæнæ æндæр брон йæ къæхты бынмæ куы кала, уæд нæ горæт брæтты бын нæ фæуыдзæн. Мæ уайдзæф ныхæстæм ын лæппу дæр хынджылæгæй бауайдзæф кодта, фæлæ уый йæхæдæг дæр нæ хатыд, чызг йæ ацы мийæ æнæгъдаудзинад кæй равдыста, уый, æндæра йын раздæр бауайдзæф кодтаид. Чызг, ома, «бафсæрмытæ» ис æмæ  арахисы цъæрттæ бандоны бынмæ сæрфын райдыдта йæ къæхтæй. Ацы нывмæ гæсгæ, мæн фидарæй уырны, чызджы хæдзары йæ ныййарджытæ æппындæр хæрзæгъдаудзинадыл кæй нæ ахуыр кæнынц, уый. Фарстæуы, элементарон хъомылдзинад йæ хæдзары чи нæ исы, уый сомбоны хорзæй цы хъуамæ сараза йæ радтæг Ирыстонæн? Кæй зæгъын æй хъæуы, мур дæр ницы.

2008 азы августы тугуарæн хæстæй фæстæмæ нæ горæты цæрджытæ цытджын æгъдауæй банысан кæнынц Згъудеры дзуары бон. Кад йæ сыгъдæг номæн! Фæстаг авд азы йæ адæм  уæлдай уæрæхдæрæй уымæн нысан кæнынц,  æмæ, æвæццæгæн, ирон адæмы бахызта бынтон скуынæг кæнынæй. Æндæра горæт цы алыгъуызон уæззау техникæ æмæ хъомысджын хæцæнгæрзтæй æхстой, уый фæстиуæгæн дзы фылдæр удзиæнттæ æрцыдаид. Къуыппытæй-иу чи ракаст горæтмæ, уыдон-иу ахъуыды кодтой, ома, Цхинвалы сæрæгасæй ничиуал аирвæздзæн, уымæн æмæ нæ уарзон горæт алырдыгæй пиллон калдта, топпыхосы фæздæг дзы мигъау сбадт æмæ дзы ницыуал зынд. Табу, Хуыцауæн, не знæгтæн сæ къухты нæ бафтыд Цхинвалæй “сыгъдæг быдыр” саразын. Згъудеры дзуары бон фæнысан кæнынц сыхгай, иу азæй иннæ азмæ фысымтæ сæвзаргæйæ. О, уый хорз хъуыддаг у, æгайтма, куывдтæ аразынхъом æмæ нæ дзуæрттæн кад кæнынхъом фестæм. Фæлæ, та Згъудеры дзуары бон нысан кæнгæйæ дæр нæ горæты цæрджытæй бирæтæ, уыцы нымæцы æвзонг адæймæгтæ дæр сæхи афтæ срасыг кæнынц æмæ цы æнæгъдау митæ фæаразынц, уый хатгæ дæр нал фæкæнынц. Мæ зонгæ мын куыд радзырдта афтæмæй, Згъудеры дзуары боны фынджы нæ горæты иу микрорайоны æвзонг нæлгоймæгтæ афтæ фæрасыг сты æмæ дзы дыууæйæ кæрæдзимæ бавнæлдтой, иргъæвæг сæ нал иргъæвта. Стæй, дам, дзы иуы куыддæрты скодтой йæ фатермæ, фæлæ, зæгъ, уæддæр йемæ чи хыл кодта уый, дам, æй уырдæм дæр  цъаммар æлгъыст кодта. Уайдзæф сын бакæныны бæсты уыдонæн се нæуаг митæм схæлæг ноджы иу æвзонг нæлгоймаг.  Ба-лыгъд æмæ, дам, фынджы хистæрты фынг сфæлдæхта, æмæ, зæгъ, уæливыхтæ иуæрдæм атахтысты æмæ кусæрттаджы сæр та – иннæрдæм. Фынгæн æгъдау-дæттджытæ ма сæм дисгæнгæйæ кастысты. Иуныхасæй, сæ бадт сын сæ фарсæй фæкодтой цахæмдæр æнæгъдау адæймæгтæ. Гъе, уый дын æгъдау! Ахæм æнæгъдау цауты фæстиуæгæн нæ горæты цæрджытæй бирæтæй фехъусæн ис ахæм ныхæстæ дæр, зæгъгæ, хуыздæр уаид æмæ-иу алчидæр йæхи хæдзары куы акувид Згъудеры дзуарæн… Згъудеры дзуары бон нысан кæнгæйæ, нæ горæты цæрæг æвзонг сылгоймаг афтæ барасыг æмæ йе нахъом сывæллон йæ цуры ис, уый хатгæ дæр нал кодта. Хорз уыд æмæ æнамонд цау не ‘рцыд.

Æрæджы нæ горæты микрорайонтæй иуы цæрæг нæлгоймаг æрбарынчын æмæ цæрынхъуагæй йæ цардæй ахицæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, зиан æвæрыны боны уырдæм æрбацыд бирæ адæм. Уыцы бонты сæ тæккæ фарсмæ корпусы цæрæгæн æрцæуæггаг кусджытæ йæ тыргъы æвæрдтой кафель æмæ, сын хæдзары хицау, æгæрыстæмæй, зиан æвæрыны  боны дæр сæ куыст нæ ныууадзын кодта, цалынмæ зиан ахастаиккой, уæдмæ дæр. Æмæ кусæнгæрзты хъæлæбайæ зианы митинджы раныхасгæнджыты ныхас хъуысгæ дæр нæ кодта. Иннæ ахæм, дам, цæрджытæ сæ сывæллæтты сæ фатертæм нæ бакодтой, фæлæ, зæгъ, уыдон дæр дыууæрдæм ралидз-балидз кодтой, раст цыма чындзæхсæв уыд сæ сыхы, афтæ. Ацы нывтæм кæсгæйæ зæгъæн ис, æмæ бирæтæ кæй фесæфтой, æгæрыстæмæй, хуымæтджы адæймагдзинад дæр. Гъе, уый дын фæтк æмæ æгъдау! Фарстæуы, цы фæцис ирон æфсарм, кæнæ та хуымæтæджы адæймагдзинад?..

Ирыстоны карздæр дзуæрттæй иу у Джеры дзуар. Кад йæ сыгъдæг номæн! Фæлæ ахæм карз дзуары бын дæр иуæй-иутæ æрбайрох кæнынц æгъдау æмæ намыс цы сты, уыдон. Дыууæ азы размæ мын мæ зонгæ сылгоймаг ацы карз дзуары бын цы æнæгъдаудзинады тыххæй радзырдта, уый мæ абоны онг дæр нæ рох кæны. Цæвиттон, дзуармæ ссæуæг сылгоймæгтæй сæ иу афтæ фæрасыг æмæ, зæгъ, нозтимæ авг йæ риумæ нылхъывта, афтæмæй  кафыд. Гъе, уый дын ирон сылгоймаг!

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ ирон æгъдæуттыл архайæг дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты уæлдæр совет»-ы хуссарирыстойнаг хайады кæй хъæуы бирæ бакусын ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæ бахъахъхъæныны тыххæй. Ацы организацийы уæнгтæн хъуамæ арæзт æрцæуой æппæт уавæртæ дæр, цæмæй республикæйы цæрджытимæ кæной æмбарынгæнæн куыст. Уыдон хъуамæ цæуиккой нæ республикæйы алы районмæ, горæты микрорайонтæм æмæ цæрджытимæ æмбæликкой æмæ сæ зонгæ кæниккой нæ фыдæлтæ нын цы хорз традицитæ ныууагътой, уыдонимæ. Абон иумиагнацион организацийы советы æмæ æппæт æмвæзадты дæлхæйтты куыст ирон адæмы хъæуы уæлдæфау…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.