Æхсызгон хъуыддаг у, фæстаг азты тагъддæр темптæй кæй рæзынц цæрæн хæдзæрттæ, æндæр нысаниуæджы объекттæ, кæй хæрзарæзт кæнынц нæ горæты æмæ æндæр цæрæн бынæттæ, уынгтæ. Уыдоны æмрæнхъ фылдæр кæнынц, æндæр æмæ æндæр хуыз продукци чи уадзынц, уыцы куыстуæтты нымæц дæр. Ног азы агъоммæ мах æвдисæн уыдыстæм, Цхинвалы кæй скуыста сæнуадзæн завод. Æмæ ныр, ивгъуыд хуыцаубоны, та йæ фыццаг продукци хæххон суадоны дон рауагъта завод «Едысы дон».

Ирыстоны зæхх хъæздыг у алыгъуызон хъæздыгдзинæдтæй. Уыдонмæ хауынц йæ минералон æмæ суадоны дæттæ, кæцытæ æххуыс кæнынц адæймаджы æнæниздзинад фидардæр кæнынæн. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ нæ паддзахад, хицæн амалиуæггæнджытæ сæ цымыдисдзинад æвдисынц, цы хуыздæр минералон æмæ суадоны дæттæ нæм ис, уыдонæй фæлхасгæнджыты размæ рахæссынмæ. Æмæ нæ магазинты фенæн, балхæнæн ис сæ продукцийæн. Уыдонмæ ныр бафтдзæн «Едысы дон» дæр.

Ацы донуадзæн заводы арæзтадмæ æрæвнæлдтой аивгъуыйгæ азы апрелы мæйы. Заводæн йе ‘фсæйнаг конструкцитæ монтаж æрцыдысты Ростовы. Ам, бынаты та сæ æрæмбырд кодта, бынæттон арæзтадон компани «Башня».

Заводы къухдариуæггæнæг Годжыцаты Миленæ куыд зæгъы, афтæмæй цалынмæ йæ бакæныныл нæ райдыдтой кусын, уæдмæ уал Мæскуыйы дыууæ лабораторийы сбæрæг кодтой доны гъæд æмæ нымад æрцыд хæрзгъæд нуазыны доныл.

Ныртæккæ уал завод рауагъта йæ фыццаг парти 10 мин авджы бæрц. Авгын мигæнæны доны гъæд хуыздæр хъахъхъæд кæй цæуы, уымæ гæсгæ æрдæг æмæ иу литры  кæм цæуы, ахæм æвгтæ амал кæнынц Уæрæсейы.

Заводы æвæрд æрцыд, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм ифтонггæрзтæ. Амал та сæ скодтой Санкт-Петербургы завод «Мегамаш»-ы.

Миленæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ рауадзгæ дон æрвитдзысты Мæскуы, Швейцари æмæ Бенилюксмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæй цæудзæнис нæхи базæртты дæр. Æмæ нæм кæд нырмæ Едысы дон хæтæлты цыдис, уæд ныр та фадат уыдзæн нæхи базæртты едысаг æндæр дон, авгын мигæнæнты балхæнынæн дæр.

Заводы нырма кусы 10 адæймаджы бæрц.  Кусджытæ се ‘ппæт дæр сты ацы хъæуы цæрджытæ. Фæлæ йæ авналæнтæ куы фæуæрæхдæр уой, уæд сæ бакæндзысты 30 бæрц. Йæ арæзтадæн рахицæн æрцыд 140 милуан сомы.

Завод æрбайгом кæныны церемонимæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хицауады Сæрдары хæдивæг Бекъойты Геннади, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, РХИ-йы Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Ирон æгъдаумæ гæсгæ сыл заводы кусджытæ сæмбæлдысты æртæ кæрдзын æмæ бæгæныйы кæхцимæ.

«Завод амондджын куыстуат куыд уа, æмæ Ирыстоны зæххыл ноджыдæр куыд фылдæр кæной ахæм арæзтадтæ, æхсызгон цаутæ нæм арæхдæр куыд уа, уыцы амонд нæ уæт», – загъта йæ ракуывды Челехсаты Хъазбег æмæ нуазæн авæрдта Президент Бибылты Анатолимæ. Йæ ракуывды уый бафиппайдта, зæгъгæ, цы хорз хъуыддаг сырæзт, уымæн йæ фыццаг къахдзæфтæ Дунескæнæг рæстмæ фæкæнæт. Уый бузныг загъта Уæрæсейæн, кæй нын рахицæн кæны фæрæзтæ, цæмæй нæ цард сæндидза, фæхуыздæр уа, уый тыххæй.

«Нæхæдæг æвдисæн стæм, кæй нæм рæзынц арæзтæдтæ, зынынц нæм куысты бынæттæ. Уадз,   ноджы  стырдæр æмæ рæсугъддæр хъуыддæгтæ бафтæд нæ къухты», – загъта Президент æмæ алыг кодта сырх лентæ заводмæ бахизæны.

Президент æмæ Хицауады уæнгтæ азылдысты цехы æмæ базонгæ сты куысты процессимæ. Ам куыд радзырдтой, афтæмæй куыстуаты рауадзгæ продукци хæццæ кæндзæнис канд Уæрæсейы базæрттæм нæ, фæлæ æндæр бæстæтæм дæр. Уый тыххæй инвестортæ аразынц бадзырдтæ æмæ кæд æххæст хъомысадæй скуса, реализаци цæуа продукци, уæд уый хорз хъуыддаг у. Æмæ пайда чи хæсса, ахæм проекттæ  дарддæр дæр арæзт цæудзысты. Уый та фадат дæтдзæн ног кусæн бынæттæ фæзынынæн.

Ахæм проекттæ арæзт цæуынц Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Уыцы фæрæзтæ та хъуамæ хардз цæуой нысанмæздæхтæй.

Президент ма йæ раныхасы банысан кодта, кæй æххуыс кæндзысты, йæ амалиуæгад райтынг кæнын кæй фæнда, уыдонæн.

Едысы хъæуы ахæм куыстуат райтынг кæныны фадат кæй ис, уымæ гæсгæ ма Президент банысан кодта, ноджыдæр сæ хъусдард кæй аздахдзысты хъæуты цæрджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ. «Цæмæй хъæу цæра æмæ уæва, уый тыххæй дзы  цæрджытæн фадæттæ арæзт хъуамæ æрцæуа фос дарынæн, сæ сывæллæттæн та скъоламæ ахуырмæ цæуынæн. Арæзт сын хъуамæ уа цæрынæн æмбæлон хæдзæрттæ æмæ та ацы аз дæр архайдзыстæм, хъæуы йæ цард биноныгæй чи араза, уыцы цæрджытæн хæдзæрттæ аразыныл. Æз æнхъæлын, æмæ та уæд цард йæ мидбылты худдзæн нæ хъæуты цæрджытæм», – загъта Президент йæ ныхасы кæрон.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.