Афтæ чи хъуыды кæны, зæгъгæ, зæххыл цард аразынæй зындæр ницы ис, уыцы æвзонг фæлтæртæм Дзауы районы Бузалайы хъæуы цæрæг Джиоты Никъала мæсты дæр авæййы. Уымæн æмæ, кæд хорз цард саразын нæу хуымæтæджы хъуыддаг, уæддæр ын бауарзын хъæуы, куыд йæ хорздзинæдтæ, афтæ адæймаджы къухты цæй фæрцы бафты, уыцы зындзинæдтæ дæр. Æвзонгæй уыцы миниуджыты хицау чи суа, сæ аразыныл чи архайа, уыдоны, сомбон æнæмæнгдæр уыдзæнис рæсугъд æмæ зæрдæйы фæндиаг.

Никъала æппæт хорз миниуджытæй хайджын кæй у, уый тыххæй йæ куыд йæ сыхæгтæ, афтæ бирæ уарзтой скъолайы йе ‘мбæлттæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр. Йе ‘мкарæнтæй царды миниуджытæй чи тарст, уыдонæн та-иу арæх фæдзырдта, зæгъгæ, адæймагмæ хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр цы æнхъæлмæ кæсы, уымæй нæй фæхицæнгæнæн, фæлæ уыимæ æмбæлы, æнамонддзинадæй хи хизын, хæрзиуæгмæ та уæндон æмæ ныфсджынæй цæуын.

Никъала йæхæдæг куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, скъола, æмгæрттæ дæр куыд нæ, фæлæ йæм цы хорз миниуджытæ ис, уыдон, сæйраджыдæр йæ уд æмæ зондахасты сæвзæрдысты йæ мад Габойты Эммæ æмæ йæ фыд Отары фæрцы. Уыдон никуы базивæг кодтой сæ фыртæн раст фæндаг бацамонынмæ. Кæдфæндыдæр уыдысты йæ фарсмæ, æмæ æвзонг лæппу æппынæдзух уыдта, мад æмæ фыд цы пайдайон хъуыддæгтæ æххæст кодтой, уыдон. Цайдагъ сыл кодта, бахсыст сæ æмæ ныр уырнинаг у, зыгъуыммæ фæндагыл иу къахдзæф дæр кæй никуы уал сараздзæн.

Никъала скъолайы æппæт бæрæггæнæнтæй дæр уыд цæвиттойнаг. Ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытимæ йæ ахасты тыххæй куы ныхас кодтон, уæд æй нæ бафæндыд æмæ дзы искæмæй уæлдай æппæлд ракæнон. Уымæн æмæ, куыд банысан кодта, афтæмæй, алкæмæ дæр дардта иугъуызон ахаст, æмæ йын сæхæдæг дæр кодтой ахæм аргъ.

Никъала скъолайы фæстæ йæ ахуыр кæм адарддæр кæна, уый тыххæй йæ хъуыды кæнын дæр нæ бахъуыд. Уымæн æмæ йæ фыд Отар къорд азты фæкуыста Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Дзауы районон хайады. Уым кусгæйæ-иу арæх Никъалайы акодта йемæ. Нæ фæтарст, йæ фыд-иу фæткхалджыты ныхмæ цы мадзæлттæ иста, уыдонæй дæр æмæ цыппар азы размæ ссис Сыбыры юридикон институты студент.

Адæймаг цы куыст æмæ хъуыддаг фæуарзы, уымæн фылдæр фæуыны йæ хорздзинæдтæ. Никъала уæлдæр ахуыргæнæндоны кæд райдианы тыхст, уæддæр быхста, æххæст кодта йæ командиртæ æмæ лекторты фæдзæхст æмæ цыбыр рæстæгмæ цхинвайлаг ирон лæппу сси, институты цы 80 нацийы минæварæй фылдæр ахуыр кæны, уыдон раззагонтæй иу.  Йæ командиртæ æмæ йын лектортæ бамбæрстой йæ хорз удыхъæды миниуджытæ æмæ йын йæ мад æмæ фыдмæ æрæрвыстой арфæйы фыстæг. Фыстæджы бузныг зæгъынц, нæ бæстæйæн аккаг фырт кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.

Никъала ма хорз удыхъæд равдыста спорты дæр. Уый фыццаг хайад иста институты факультеты, фæстæдæр та – Сыбыры æмæ Уæрæсейы ерысты. Алы хатт дæр йæ къухты æфтыд стырдæр æнтыстытæ. Цалдæр азмæ спорты хицæн хуызты райста 19 грамотæ æмæ дипломы, 12 та – майдантæ, уыдонæй дыууæ сты сыгъзæринтæ. Уымæй дарддæр ма 2016 азы Никъала ссис мастертæм кандидат,  2017 азы та райста мастеры ном.

Никъала ацы мæй фæуд кæны йæ ахуыр. Куыд базыдтон, уымæ гæсгæ йын Мидхъуыд-дæгты министрады фæзынд бынат. Тагъд æрцæудзæн йæ райгуырæн, уарзон зæхмæ æмæ уæд ноджы стырдæр æмæ хуыздæр æнкъарæнтимæ æрæвналдзæн йæ хæстæ æххæст кæнынмæ.

   Гæззаты Иван  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.