Куыд ма уын хъусын кодтам, афтæмæй Знауыры районы рапарахат африкæйаг емынæ. Сентябры мæйы уым амард 120 хуыйы бæрц. Ветеринарон службæтæ архайынц, сæ уавæр сæ куыд амоны, афтæ.  Фæдзæхсынц адæмы, сидынц, низ цы цæрæн пунктты апарахат, уым хуыйы мыггаг æмткæй ныццæгъдынмæ, ома, уыдон фидарæй лæууынц ахæм хъуыдыйыл, чинæ ма фæнизджын, уыцы хуыты дæр æргæвдын кæй хъæуы.

Районы сæйраг ветеринарон дохтыр Хъотайты Æхсар куыд зæгъы, афтæмæй: «Африкæйаг емынæйæ мæлынц æрмæстдæр хуытæ. Терегуаны хъæууон администрацийы æппæт хъæуты дæр фæзынд ацы тæссаг низ. Терегуан, Дзагъина, Рындзыхъæу, Сиукъаты хъæуты хуытæн ныццагъды сты сæ 90 проценты. Мах амонæм   адæмæн, куыд хъæуы ацы низæй амæлæг хуыты утилизаци кæнын, уыимæ ма сын æмбарын кæнæм, низæй амæлæг хуыйы фыдæн кæй нæй бахæрæн æмæ йæ нæй уæйгæнæн”.

«Дыууæ дзæргъы дарын, дыууæйæн дæр ис хъыбылтæ. Мæхицæн дзы цал хъуамæ аргæвдон. Горæтмæ сын уæймæ раласæн нæй. Ныр тæрсæм, махмæ дæр куы æрбахæццæ уа ацы фыдбоны низ, нæ фыдæбон æнæхъуаджы куы фæуа. Æниу сæ хуыдонæй æддæмæ нæ уадзæм, хæринаг дæр сын фыцгæ кæнæм», – зæгъы Хъорнисы хъæуы цæрæг сылгоймаг.

Специалисттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бафæдзæхсынц адæмы, африкæйаг емынæйы ныхмæ вакцинæ кæй нæй. Низ кæм фæзыны, уым та фондз аз нал ис хуытæ дарæн, уымæй дæр алы аз хъуамæ цæуа дезинфекци. Фæлæ цæрджытæм уыцы фæдзæхстытæ нæ бахъарынц æмæ та иннæ аз хуытæ скæнынц.

Раст у, хъæууон лæгæн йæ цард фосдардæй у, уымæ гæсгæ сæ бинонты æнæниздзинадыл куыд аудынц, фосыл дæр афтæ хъуамæ аудиккой. Хъуамæ æмбарой, ис ахæм низтæ, кæцытæн  хос кæнын сæ бон нæма  у ветеринарон службæтæн. Хуыздæр уаид, хуытæ-иу куынæ скæниккой, сæ фыдæбонæй æнæфтиаг куынæ уаиккой.

Африкæйаг емынæ нæ республикæйы фæзынд 2010 азы æмæ ацы эпидеми скуынæг кодта бирæ хуытæ. Уæд ацы низæй кæй хуытæ ныццагъдысты, уыцы цæрджытæн сæ ныхмæ радтой фыстæ. Ивгъуыд аз та хуытæ фылдæр мард Дзауы районы – Тъонтъобет, Чъимас, Рукъ, Хуымысæрты – æдæппæтæй 10 хъæуы. Районы ветеринарон службæтæ проблемæ лæмбынæгдæр рафæлгъауыны тыххæй анализ арвыстой Уæрæсемæ. Уырдыгæй цы бæрæггæнæнтæ æрцыд, уыдонмæ гæсгæ хуытæ æцæгæйдæр цагъды кодтой африкæйаг емынæйæ. Хъыгагæн, хъæуты цæрджытæ сæ хуыты мæрдтæ калдтой донбылты æмæ æндæр гом рæтты. Афтæмæй та африкæйаг емынæйæ фосы мæрдты хъæуы судзын, кæнæ та ныгæнын.

Уæд Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы бадзырдмæ гæсгæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ фæзылдысты хуыты мæрдтыл æмæ сæ уæрмы арф баныгæдтой. Ацы низæй уæд Дзауы скуынæг 800 хуымæ æввахс.

Знауыры районы сæйраг ветеринарон дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй хъæууон хæдзарады министрады кусджытимæ æртæ ран сæвæрдтой дезинфекцион арæнтæ – иу Аунеуы, иннæтæ та – Зиулет æмæ Балтайы ‘рдæм фæндæгтыл, цæмæй низ дарддæр æндæр хъæутыл дæр парахат ма цæуа, уый тыххæй. Уыцы арæнтæ алы бон дæр æрцæуынц пырх хосæй, уымæн æмæ вирус кæны карздæр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.