Ацы аз 23 июны Дагъыстаны ӕрцыд террористон акт ӕмӕ фыдгӕнджытӕй сӕ иу бамбӕхсынмӕ хъавыд сылгоймаджы уӕлӕдарӕсы. Уыцы уӕлӕдарӕс хуыйны никаб ӕмӕ дзы пайда кӕнынц пысылмон диныл хӕст сылгоймӕгтӕ. Ацы цауы фӕстӕ бӕстӕйы разамынад фӕндон рахастой, цӕмӕй рӕстӕгмӕ мауал уадзой ахӕм уӕлӕдарӕс дарын.

Уыцы террористӕн бирӕ варианттӕ уыдис уӕлӕдарӕс равзарынӕн – пъӕлицӕйы, кӕнӕ ӕндӕр ахӕм тыхон структурӕйы уӕлӕдарӕс скӕн ӕмӕ ӕнцонтӕй аирвӕздзынӕ. Фӕлӕ уӕддӕр равзӕрста никаб. Уымӕн ӕмӕ Дагъыстаны ӕмӕ пысылмон диныл хӕст иннӕ регионты тыхон структурӕтӕ уӕлвӕткон уавӕрты рӕстӕджы сылгоймӕгты нӕ фесгарынц. Фыдгӕнӕг та тарст, миййаг ӕй куы ӕруромой ӕмӕ йӕ сгарын куы райдайой, уӕд ын йӕ ном ӕмӕ йӕ мыггаг ӕнӕмӕнг сбӕлвырд кодтаиккой. Никабы та сӕрибарӕй ахызтаид адӕмы ‘хсӕнты ӕмӕ ма йӕ куы бафӕндыдаид, уӕд уӕлӕдарӕсы бын бамбӕхстаид рӕмудзӕн ӕрмӕг дӕр ӕмӕ ма ноджы искӕй бабын кодтаид. Сирийы, Ливийы, Иракы, Афганистаны ӕмӕ ӕндӕр ахӕм тӕссаг бынӕтты арӕх вӕййынц ахӕм цаутӕ, террористтӕ бамбӕхсынмӕ куы фӕхъавынц сылгоймаджы уӕлӕдарӕсы, ома никабы.

Никаб ӕхгӕны ӕрмӕст буар нӕ, фӕлӕ ма цӕсгом дӕр. Арабаг ӕвзагӕй «никаб» нысан кӕны «ӕмбӕрзӕн, хыз». Никаб скӕнынц уынгмӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ӕхсӕнадон бынӕттӕм хизгӕйӕ. Иууыл арӕхдӕр ацы уӕлӕдарӕс дарынц Аравийаг ӕрдӕгсакъадахы цӕрджытӕ.

Ӕгас дунейы рагӕй фӕстӕмӕ цӕ-уынц теракттӕ ӕмӕ дзы фылдӕр хӕтты-ты террористтӕ вӕййынц никабы. Ахӕм цаутӕ бӕлвырд ӕрцыдысты Уӕрӕсейы территорийы дӕр. Цӕцӕны 90-ӕм азты змӕстыты рӕстӕджы ӕрцӕугӕ терактты фылдӕр хай арӕзтой сылгоймӕгтӕ сӕрмагонд уӕлӕдарӕсы – сӕ цӕстыты йеддӕмӕ-иу сӕ ницы зынд. Уымӕ гӕсгӕ, фидарӕй зӕгъӕн ис, никаб комкоммӕ кӕй ӕндавы паддзахады ӕдасдзинадыл, цӕрджыты сабыр цардыл.

Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитеты сӕрдар Александр Бастрыкин рагӕй дзуры ацы проблемӕйыл ӕмӕ ныр стыр цинимӕ сӕмбӕлд ахӕм уынаффӕйыл. Дагъыстаны сӕргълӕууӕг Сергей Меликов дӕр загъта, зӕгъгӕ, никаб ӕндавы цӕрджыты ӕдасдзинадыл ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы дарын. Уымӕй уӕл-дай ма банысан кодта, ахӕм уӕлӕдарӕс раздӕр кӕй нӕ дардтой бынӕттон цӕр-джытӕ, кӕй сӕм фӕзынд фӕсарӕнты ӕндӕвдады фӕстиуӕгӕн.

Пысылмон дин амонджытӕ ацы уынаффӕйы фӕдыл иу хъуыдымӕ нӕ цӕуынц. Иутӕ дзурынц, ома Хъуыраны ахӕм уӕлӕдарӕс дарын амонынц. Сӕ ныхмӕдзурджытӕ та семӕ разы не сты, зӕгъгӕ, Хъуыраны никабы кой никуы ис ӕмӕ ма стӕй никаб дарын Уӕрӕсейы Конституци дӕр халы. Татарстаны духовон управленийы сӕргълӕууӕг Камиль Самигуллины хъуыдымӕ гӕсгӕ та никаб дарыны фӕнд хъуамӕ сылгоймагӕн йӕхицӕй цӕуа, тыхмийӕ йӕ ма хъуамӕ дара. Дагъыстаны муфтийы ӕрдзырдтой, никаб ӕмӕ хиджабӕй цы хицӕндзинад ис, ууыл. Куыд ӕмбарын кӕнынц, афтӕмӕй хиджаб не ‘мбӕрзы къухтӕ ӕмӕ цӕсгом. Никаб скӕнгӕйӕ ма фӕзынынц ӕрмӕстдӕр цӕстытӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бӕрӕг нал вӕййы, дӕ разы сылгоймаг ис, ӕви нӕлгоймаг.

Никаб цӕмӕй мауал уадзой дарын, уый фӕдыл уынаффӕ нырма рӕстӕгмӕ у, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр, ӕвӕццӕгӕн, бындуронӕй ӕрфидар кӕндзысты. Рӕстӕгмӕ йӕ кӕй рахастой, уымӕн ис бӕрӕг аххосӕгтӕ. Ныр 30 азы дӕргъы радикалон исламизм парахат кӕны уӕрӕсейаг пысылмон диныл хӕст цӕрджыты ‘хсӕн ӕмӕ дзы арф ӕрфидар. Уымӕ гӕсгӕ цӕрджытӕ нырма разы не сты ахӕм фӕндоныл – афтӕ сахуыр сты ӕмӕ сын ныр зын у бирӕ азты дӕргъы ӕрфидаргонд ӕгъдау фехалын. Адӕм ӕй сӕхӕдӕг куы бамбарой, никаб зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы, уӕд ӕй ферох кӕндзысты ӕмӕ йӕ кой дӕр ничиуал кӕндзӕн. Стӕй йӕ дины кусджытӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмбарынц, никаб дарын сын се ‘хсӕнады хӕццӕдзинад кӕй тауы, кӕрӕдзиимӕ сӕй кӕй знаг кӕны.

Кӕцӕй рацыд никаб дарыны фӕтк?

XIX-XX ӕнусты казайнаг тӕтӕйрӕгтӕ райдыдтой дарын никаб. Этнографтӕ куыд фыссынц, афтӕмӕй хъӕздыг хӕдзӕртты сылгоймӕгтӕ, хӕдзары уӕвгӕйӕ, никаб нӕ дардтой, фӕлӕ-иу уынгмӕ хизгӕйӕ, никаб скодтой сӕ статус равдисыны тыххӕй. Мӕгуыр, хуымӕтӕг цӕрджытӕ та йӕ никуы дардтой. Дагъыстаны цӕрӕг пысылмӕттӕ бынтондӕр никуы дардтой никаб – ацы ӕгъдау сӕм апарахат 1990 азты радикалон исламизмимӕ. Ныридӕгӕн дӕр дзы никаб дарынц хӕрзцъус сылгоймӕгтӕ.

1970 азты ӕгас дунейы тыхджын кӕнын райдыдтой радикалон хъуыдытыл хӕст пысылмон дины организацитӕ ӕмӕ се ‘ндӕвдад ӕнхъӕвзын райдыдта Европӕмӕ, Африкӕмӕ, Азимӕ, фӕстӕдӕр та – Уӕрӕсемӕ. Ӕввахс Хурыскӕсӕн ӕмӕ Африкӕйы бӕстӕты фылдӕр хайы ӕрӕвӕрдтой карз фӕтк сылгоймаджы уӕлӕдарӕсы тыххӕй. Кӕд ӕмӕ сӕ ныхмӕ рацыдысты ӕндӕр пысылмон диныл хӕст бӕстӕтӕ, уӕддӕр нырма бӕрӕг ницы фӕивта. Зӕгъӕм, Саудаг Аравийы ис тынг карз домӕнтӕ сылгоймаджы уӕлӕдарӕсмӕ. Афтӕмӕй та ацы бӕстӕйы цӕрджыты фӕрныгад бӕрзонд у. Саудаг Аравийы къухдариуӕгады хонынц сылгоймӕгты ӕфхӕрджытыл, ома сын бынтондӕр ницы бартӕ дӕттынц, ӕхсӕнадон царды ницы хайад исынц. Ӕгӕрыстӕмӕй сӕ ӕвзӕрстытӕм дӕр нӕ уадзынц, нымад сты дыккаг сорты адӕмыл. Ахӕм сӕвзӕргӕ уавӕр ныр сӕдӕ азы дӕргъы нӕ ивта. Фӕлӕ ныр уым дӕр сӕ домӕнтӕ фӕлӕмӕгъдӕр кодтой ӕппынӕдзух критикӕйы фӕстиуӕгӕн.

Итали уыд фыццаг бӕстӕ, кӕцы нал уагъта никаб дарын. Уый фӕстӕ йӕ иннӕ европӕйаг бӕстӕтӕ дӕр бафӕзмыдтой. Фӕстӕдӕр никаб нал уагътой дарын Сенегалы, Чады, Шри-Ланкы, Нигеры, Камеруны, Мароккойы, Тунисы, Египеты, Гвинейы, Китайы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты. Аравийаг ӕрдӕгсакъадахы бӕстӕты нырма фидар у ацы ӕгъдау. Ӕмӕ кӕд пысылмон бӕстӕты фылдӕр хайы никаб дарын нӕ уадзынц, уӕд ӕй Уӕрӕсейы цӕмӕн хъуамӕ дарой?

Цы ма ӕмбӕхсы никаб?

Никабы фӕрцы ӕрмӕст террористтӕ не ‘мбӕхсынц сӕ цӕсгӕмттӕ. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй радикалон исламыл хӕст пысылмӕттӕн тынг ӕвзӕр ахаст ис сылгоймӕгтӕм. Куыд сын амонынц сӕ духовон лидертӕ, афтӕмӕй сӕм сылгоймаг у ӕнӕбон гоймаг, цагъайраг, кӕцыйы марын дӕр ис гӕнӕн. Уӕлдай карзӕй ӕфхӕрынц сӕ бинойнӕгты – регуляронӕй сӕ нӕмынц ӕмӕ сын цӕмӕй сӕ цӕфтӕ мачи фена, уый тыххӕй сын скӕнын кӕнынц никаб. Ахӕм факттӕ рабӕрӕг сты рынчындӕтты, дохтыртӕм-иу куы бацыдысты, уӕд.

Пысылмон сылгоймӕгтӕ кӕд тынг тыхсынц сӕ цардӕй, уӕддӕр нӕ уӕндынц бахъаст кӕнын се ‘фхӕрджытыл. Уынынц ӕй, сӕ алыварс сылгоймӕгтӕ ӕндӕр регионты куыд цӕрынц, уый, ӕмӕ сӕ фӕнды ахӕм сабыр цард кӕнын. Фӕлӕ сӕ бон ницы у, ваххабиттӕ арф уидӕгтӕ ауагътой ӕхсӕнады ӕмӕ сӕ ӕмризӕджы ризынц. Кӕд дзы исчи йӕ бартыл сдзуры, уӕд ыл сӕхи ныццӕвынц ӕмӕ йӕ адӕмы цӕсты бафтауынц. Уымӕ гӕсгӕ ацы проблемӕ ӕнцон аиуварсгӕнӕн нӕу, рӕстӕг ӕй хъӕуы. Барадхъахъхъӕнӕг органты раз стыр хӕстӕ лӕууы радикалон исламизм скуынӕг кӕныны тыххӕй. Зындгонд у, ацы ваххабитты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм зианхӕссӕг организациты спонсортӕ кӕй сты ныгуылӕн бӕстӕтӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зын у сӕ сыскъуынын. Ӕхцайы фӕрӕзтӕ парахатӕй кӕм уой, уым ахӕм организаци уӕвынад кӕндзӕн цахӕмфӕнды уавӕрты дӕр.

Никабӕй ма арӕх пайда кӕнынц къӕрныхтӕ дӕр. Никабы уӕвгӕйӕ дӕ иунӕг камерӕ дӕр не сбӕлвырд кӕндзӕн, чи дӕ, уый. Ӕгӕрыстӕмӕй дын дӕ ӕрд дӕр нӕ базондзысты. Бирӕ дуканиты бахизӕнты ма фыст вӕййы, зӕгъгӕ, никабы мидӕмӕ нӕ уадзӕм. Уый дӕр уый тыххӕй, ӕмӕ сӕ уӕлӕдарӕсы бын бамбӕхсынц уӕййӕгтӕ ӕмӕ сӕ стӕй сгарынмӕ куы фӕхъавынц, уӕд цъиувӕдис саразынц, хъаугъамӕ сын ахизы.

Фӕсивӕды минӕвӕрттӕй дзӕвгарӕй кӕй ныллӕууыдысты радикалон исламизмы фӕндагыл, уый егъау проблемӕ у паддзахадӕн. Ахуыргӕндтӕ ӕмӕ эксперттӕ ацы проблемӕ бӕттынц бынӕтон цӕрджыты ахуырдзинады ныллӕг ӕмвӕзадимӕ. Дагъыстаны ӕмӕ ма иннӕ регионты кӕцыдӕр районты дӕр сывӕллӕтты фылдӕр хайӕн скъоламӕ ӕдӕрсгӕйӕ цӕуыны фадат нӕй. Уӕлдай мӕгуырау уавӕры сты чызджытӕ, кӕцыты сӕ ныййарджытӕ нӕ уадзынц скъолатӕм сӕ дины ӕмбарынадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ дзы кӕй барвитынц, уыдон дӕр предметты фылдӕр хайы уроктӕм нӕ фӕцӕуынц. Ахӕм уавӕрты фӕсивӕды фылдӕр хаймӕ ницы зонындзинӕдтӕ вӕййы ӕмӕ ахӕм адӕймагыл ӕнцонтӕй ис бандавӕн. Уӕлдайдӕр та диныл хӕст адӕймагыл тынгдӕр ӕууӕндынц, йӕ ныхӕстӕ йӕм раст фӕкӕсынц. Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕсайынц радикалон исламыл хӕст гоймӕгтӕ, спайда сӕ кӕнынц сӕ чъизи хъуыддӕгты.

Проблемӕ аиуварс кӕнынӕн хъӕуы ӕнӕмӕнг скъолаты нымӕц фӕфылдӕр кӕнын. Ныййарджытӕн та бамбарын кӕнын хъӕуы, ахуырдзинад сын сӕ сывӕллӕттӕн пайдайӕ дарддӕр зиан кӕй не ‘рхӕсдзӕн. Ахуырдзинад кӕмӕ уа, ахӕм адӕймаджы ваххабиттӕ зынтӕй асайдзысты сӕ фӕстӕ – йӕхӕдӕг хатдзӕгтӕ араздзӕн йӕ дины тыххӕй дӕр ӕмӕ радикалон исламизмы «пайдадзинады» фӕдыл дӕр. Ӕрмӕстдӕр ахӕм методтӕй бахъахъхъӕнӕн ис бынӕттон цӕрджыты ӕмӕ куынӕг ӕрцӕуиккой зианхӕссӕг динон фанатиктӕ.

Радикалон исламизмы аххосӕгтӕй ма иу у, бынӕттон цӕрджытӕй бирӕтӕ ӕгуыст кӕй сты, уый. Ӕгуыстдзинад та алкӕцы ӕхсӕнадыл дӕр ӕвзӕрырдӕм ӕндавы, ӕнӕмӕнг дзы апарахат вӕййынц криминал, терроризм, наркотиктӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм зианхӕссӕг фӕзындтӕ. Ныридӕгӕн дӕр Дагъыстан у дотацион регион, йӕхи фӕдарын йӕ бон нӕу. Бирӕ егъау хъӕутӕм дзы нырма электроны рухс дӕр нӕй, ӕрдзон газӕй дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ифтонг не сты. Адӕм дзы мӕгуыр, гӕвзыкк кӕй сты, уый фӕстиуӕгӕн дзы коррупци дӕр егъау масштабты ис. Фӕстаг азты бирӕ бантыст Уӕрӕсейы разамынадӕн Дагъыстаны уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Конд дзы цӕуынц куысты бынӕттӕ, активонӕй дзы уадзынц электроны рухсы хӕххытӕ, газификаци цӕуынц хъӕутӕ, аразынц скъолатӕ. Афтӕ куы ахӕсса, уӕд сӕ мӕгуырау уавӕр дӕр хуыздӕрырдӕм къул кӕндзӕн.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.