Коронавирусы ныхмæ цы мадзæлттæ ист цæуы, уыдоны тыххæй нæ уацхæссæг ныхас кодта не ‘мбæстæгтæй цалдæримæ. 

Болататы Уырызмæг, зæхкусæг. Нæ адæм Советон Цæдисы фехæлдæй фæстæмæ цы уæззау æмæ тасы æнкъарæнтæ бавзæрстой,  уыдон нæ афтæ бахсыстой æмæ нæм ныр цыфæнды зынтæ дæр арæх фæкæсынц уæлæнгай. О, фæлæ коронавирус кæй фæзынд, дунейы бæстæтыл афтæ тагъд кæй парахат кæны, уый нæ адæмыл дæр æнæндавгæ нæу. Низы ныхмæ тох кæныны тыххæй паддзахады разамынд цы уынаффæтæ райста, уыдон, мæ хъуыдымæ гæсгæ, цæуынц æххæст. Уый бæрæг у бирæ цæмæйдæрты. Уынгты дзæвгар фæкъаддæр хисæрмагонд æмæ паддзахадон транспорты змæлд. Фистæгæй цæуджытыл дæр арæх нал æмбæлдзынæ. Чындзæхсæв аразинаг чи уыд, уыдон сæ аргъæвтой фæстæдæр рæстæгмæ. Сæ куыст æрурæдтой сæудæджерадон магазинтæ, нæ кусынц ресторантæ. Æппæтмæ дæр нæ ахæм ахасты фæрцы мæн уырны æмæ низ кæй не ‘рбафтдзæнис нæ республикæмæ.

Хъуылымбегты Аннæ, амалиуæггæнæг. Горæты къаддæр адæм кæй ис, уый мын иуæй æхсызгон у, аннæмæй та – хъыг. Æхсызгон уымæн æмæ у, ацы бонты æдтæмæ чи нæ рацæуы, хæдзары чи бады, уыдон æз нымайын, цы низ фæзынд, уый ныхмæ тохгæнджытыл. Æмæ цас ахæм æмбæстæгтæ уой фылдæр, уыйбæрц низ нæ республикæмæ æрбафтдзæнис зындæрæй. Хъыг та мын уымæн у æмæ æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн ацы горæты. Чысылæй фæстæмæ уарзын йæ уынгты тезгъо кæнын. Уарзын, уынгты бирæ адæм куы уынын уый дæр, фæлæ абоны уавæртæ хынцгæйæ æз мæхæдæг дæр уынгмæ фæкæсын рудзынгæй.

Хъæцмæзты Мæдинæ, ахуыргæнæг. Мæ бинонтæ бирæ не сты. Мæ цардæмбал Зассеты Алексеимæ хъомыл кæнæм дыууæ лæппуйы. Сæ иу, Михаил, ахуыр кæны Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Коронавирусы ныхмæ райсгæ мадзæлты фæстиуæгæн уый дæр æрæджы æрцыдис. Йæ уынд мын æхсызгон куыд нæ уыд, фæндыд мæ райсон ын йæ къух, атыхсон ыл, истæмæйты йæ афæрсон, фæлæ къæсæрæй куыддæр æрбахызт, афтæ систон спирты тæнгъæд æмæ, дæ къухтæ æрбадар дзургæйæ балæууыдтæн йæ разы. Абон уавæр ахæм у æмæ нæ алчи дæр хъуамæ æххæст кæна дохтырты, паддзахады разамынды домæнтæ. Алчи дæр сæ куы æххæст кæна, куы хъахъхъæна йæхи, уæд хъахъхæд удзыстæм мах, не ‘ппæт дæр.

                                                                                            ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.