– Фæстаг азты нæм цы культурон мадзæлттæ уагъд æрцæуы, уыдоны арæх хайад райсы сывæллæтты кафты ансамбль «Ирон». Нæ уацхæссæг фембæлд йæ аивадон къухдариуæггæнæг Хуыгаты Дианæимæ æмæ се ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

– Дианæ нæ горæты цæрджыты ‘хсæн  арæхæй  арæхдæр хъуысы уæ ансамблы хорзы кой. Зæгъ-ма, кæд сырæзт æмæ уæ йæ саразынмæ цы баразæнгард кодта?

– Авд азы хореографæй куыстон Колыты Аксойы номыл Цхинвалы аивæдты  лицейы.  17  азы та кафын Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы. Мæ хъуыдымæ гæсгæ уыдон чысыл рæстæг не сты, цæмæй цы хъуыддаг æмæ куыст бауарзтон, уым равдисон æнтыст. Мæхиуыл куы баууæндыдтæн, уæд аскъуыддзаг кодтон мæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ бацамонон æрыгон фæлтæрæн дæр æмæ мæ фæнд æххæст æрцыд 2009 азы.

– Ансамбль саразын хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Ныфс æмæ ма фæндонæй дарддæр хъæуы уавæртæ æмæ фæрæзтæ. Куыд скъуыддзаг кодтай уыцы фарстатæ та?

– Раст зæгъыс, ансамбль саразын æнцон нæу, фæлæ уæд, куыд æндæртæ, афтæ æз дæр банкъардтон, кæй фесты Ирыстоны зынтæ, Ирыстон нырæй фæстæмæ æрмæстдæр размæ кæй цæудзæнис, уый æмæ цы зынтыл æмбæлдтæн, уыдон хатгæ дæр нал кодтон. Стæй рæстæг куыд цыд, афтæ алцы дæр ивта хорзæрдæм. Райдианы хорз æххуыс истон мæ хо Олесяйæ. Æппынæдзух уыд мемæ, йæ ныфсы ныхæстæ мын фæахъаз сты æмæ дзы абон дæн сæрыстыр.

– Уæлдæрлæууæг органты ‘рдыгæй исчи æрбалæууыд дæ фарсмæ?

– Иу рæстæджы мæхинымæр загътон, алцæмæн дæр ис рæстæг æмæ мæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ радзырдтон Цхинвалы администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Хъазиты Хатунайæн. Уый мæм байхъуыста лæмбынæг æмæ нырма зæгъгæ ницы кодта, фæлæ йæ цæс-тæнгасæй бæрæг уыд æнæхъуаджы йæм кæй нæ бацыдтæн, æххуыс дзы кæй райсдзынæн, уый. Æмæ афтæ дæр рауад. Уый фæстæ дæр ма æмбæлдыстæм æмæ дзы æрвылхатт дæр фæстæмæ здæхтæн райгондæй.

– Фæсивæдæй бирæты фæнды дæ ансамблмæ бацæуын?

– Нæ адæмæн кафтмæ æвзыгъддзинæдтæ кæй ис, уый уыдонæй дæр вæййы бæрæг. Уымæн æмæ раст цымæ сæхи искуы цæттæ кодтой, уыйау сæ уæнгты айст вæййы рог æмæ рæсугъд. О, бирæты бафæнды нæ ансамблмæ æрбацæуын, фæлæ, хъыгагæн, алкæйы куырдиат сæххæстгæнæн нæй.

– Зæгъ-ма, абон дæ ансамблы цал адæймаджы архайы?

– Ис нæм 80 сывæллоны бæрц. Уыдон дих сты æртæ къордыл – хистæр, астæуккаг æмæ кæстæр къордтæ. Кæстæр къордмæ райсæм кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгты. Райдианæй куыд сæхæдæг, афтæ æз мæхæдæг дæр фенкъарын зындзинæдтæ, фæлæ цалдæр мæйы фæстæ уавæр дзæвгар фæрогдæр вæййы.

– Ансамблæн йæ ном дæхи æрымысгæ у?

– Уыд нын цалдæр варианты. Сывæллæттæн сæхи афтæ ба-фæндыд æмæ æз дæр ницыуал загътон. Абон дæр сын сæ фæнд нымайын растыл.

– Сценæмæкæсæгæн уæлдай æхцондзинад хæссынц артистты змæлды æмхуызондзинад, цы кафты элементтæ æххæст кæнынц уыдоны синхронондзинад. Куыд æфты ахæм æнтыст дæ къухты?

– Бирæ аивадон къухдариуæггæнджытæ стыр хъусдард здахынц артисты змæлды æм-хуызондзинадмæ, уыцы нымæцы æз дæр. Кафты ахсджиаг æмæ сæйрагдæр миниуджытæ сты йæ синхронондзинæдтæ. Артисттæн сæ алы фезмæлд, æгæрыс-тæмæй сæ мидбылхудт дæр иугъуызон æмæ иурæстæджы куы уа, уæд уый æнтыст у.

– Зæгъ-ма, Дианæ, цахæм æнтыстытæй райдыдта уе сфæлдыстадон фæндаг?

– Фыццаг æнтыст нæ къухы бафтыд Цхинвалы уагъдцæуæг Æппæтадæмон фестиваль «Нарты фæткъуы»-йы. Уæд бацахстам фыццаг бынат. Уый фæстæ та дыууæ хатты хайад райстам Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг фестиваль «Танец дружбы»-йы. Фыццаг хатт бацахстам дыккаг бынат, дыккаг аз та – фыццаг бынат. Уый фæстæ ма нын зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ уыдис 2015 азы Сочæйы, 2018 азы та – Дзæуджыхъæуы.

– Цахæм кæфтытыл кусут  сæйраджыдæр?

– Сæйраджыдæр æххæст кæнæм ирон кæфтытæ. Уымæй дарддæр ма нæ репертуары ис цалдæр абхазаг кафты.

– Уæ абоны уавæртæй куыд райгонд стут?

– Нæ уавæртæ цалдæр мæйы размæ бæрæг фæхуыздæр сты. Фæлæ ма уыимæ банысан кæнын æмбæлы уый дæр, æмæ нын кæй нæй, нæхи кæм цæттæ кæнæм, йæ къултыл кæсæнтæ конд кæмæн хъуамæ уа, ахæм зал.

– Уæ кафæн дарæсæй дæр рухс кæнынц сценæмæкæсджыты зæрдæтæ?

– Ацы хъуыддаджы нын баххуыс кодта горæты администрацийы культурæйы хайад.

– Абон уæ разы цахæм хæстæ æвæрут?

– Дæргъвæтин фыдæбæттæ æмæ хъизæмæртты фæстæ Хуссар Ирыстоны адæм цæрын райдыдтой сæрибар цардæй. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ араздзыстæм бæрæгбонтæ, арæхдæр нæ цæуын хъæудзæнис алыгъуызон фестивалтæ, конкурстæ æмæ æндæр ахæм мадзæлттæм. Мах хъуамæ уæм цæттæ, нæ арæхстджын архайдæй кад кæнæм нæхицæн æмæ нæ адæмæн дæр.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.