Уый æнхъæл ма та чи уыд, æмæ абоны уæззау царды ацы фыдбойнаджы коронавирусы эпидемийы аххосæй адæм хъизæмар кæндзысты. Нæ уарзон хæстæфхæрд горæты уынгты цъус адæм кæй змæлы, стæй скъолатæй ахуыргæнинæгты хъæлдзæг хъæлæба кæй нæ хъуысы, уый зæрдæйæн цахæмдæр æрхæндæгдзинад хæссы. Ахæм ныв уынгæйæ, адæймаджы йæ хъуыдытæ ахæссынц 2008 азы августы тугуарæн хæсты рæстæгмæ. Уæд дæр уынгты змæлæг нал уыд. Нал дæр уынгтæй сывæллæтты цъæхснаг хъæлæс хъуыст. Фæлæ хæстон рæстæгимæ абаргæйæ, ныр нæ уавæр афтæ æвзæр нæу.  Бадыс хæдзары, ис дын алы уавæртæ дæр, уыцы нымæцы Интернет дæр. Иу дзырдæй, адæймаг  хæдзары афтæ тынг не сфæлмæцдзæнис, ис ын, йæхи цæуыл ирхæфса, уый. Нæ «хорз» сыхæгтæ нæ августы хæсты рæстæджы  алыгъуызон хæцæнгæрзтæй куы æхстой, пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм кассетон бомбæтæ ныл куы калдтой, уæд куы бафæрæзтам цалдæр суткæйы дæргъы цырæгъты рухсмæ ныккæндты бадын, уæд ныр нал бафæраздзыстæм цалдæр къуырийы хæдзары  арвитын?!

Уæрæсейы æмæ дунейы бæстæты ацы коронавирусы уавæры тыххæй телевизоры дзурынц æппынæдзух. Рынчындæттæй цы кадртæ æвдисынц, уыцы нымæцы сæрæй къæхты бынмæ хиба-хъæхъхъæнæн урс комбинезонты медицинон кусджыты тыхст рауай-бауай зæрдæйыл тасдзинад æфтауынц. Уыдонмæ кæсгæйæ мæм афтæ фæкæсы, цыма цы-дæр тæссаг кинофильммæ кæсы адæймаг. Иннæ ахæм та адæм тынг бафæлладысты алыгъуызон дам-думтæй. Фехъусæн ис алгъуызон мæнг информацитæн, кæцыты фæстиуæгæн адæм ноджы сдыгъуырццæг вæййынц. Фæлæ нæ хъæуы хъусын, йæ фындзæй дарддæр чи ницы уыны, ахæм цы-бырзонд адæймæгты дам-дум-тæм æмæ сидтытæм. Ацы бонты Интернеты иу сылгоймаг эмоцити-мæ дзырдта, зæгъгæ, дам, ница-хæм коронавирус нæй, барæй, зæгъ, бакодтой карантин Уæрæ-сейы, цæмæй, зæгъ, адæм ми-тингтæм ма рацæуой. Æмæ, зæгъ, куыддæр Дзæуджыхъæуы исчи митинг сорганизаци кæна, афтæ, зæгъ, фыццаг æз бацæудзынæн уырдæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæрæг уыд, сылгоймаг бынтон рогзонд кæй уыд, уый. О, уый афтæ у, фæлæ ис ахæм адæм, кæцытæ æнцонтæй баууæндынц, цы мæнг ныхæстæ фехъусынц, уыдоныл. Æмæ йæ бæллæх дæр уый мидæг ис. Афтæмæй адæмы нуæрттæ уæлдай тынгдæр фæхæлынц. Ау, кæцæй йæм ис ахæм информаци ацы сылгоймагмæ? УФ-йы паддзахадон æдасдзинады комитеты кусæг у? Дунейы иннæ бæстæты дæр митингтæй тæрсынц æмæ уый тыххæй бакодтой карантин сæ паддзахадты? Науæд æй цæ-мæннæ æмбарынц ахæм «зондамонджытæ», Уæрæсейы исты змæстытæ куы уа, уæд дзы фыццаг рады мах, ирон адæм, фæзиан кæндзыстæм, уый. Цæмæннæ йæ æмбарынц бирæтæ, цы къалиуыл бадæм, уый лыг кæныны бар кæй никæмæн ис, уый. Ирыстоны цæ-гат æмæ хуссар хайы дæр нæ алыварс не знæгтæ сты æмæ нын  змæстытæ хорзæй кæй ницы æр-хæсдзысты, уый алчидæр хъуа-мæ æмбара.  Мæнг ныхæстæ чи парахат кæны, ахæмты хъæуы карзæй æфхæрын, науæд сæ рох-тæ æгæр феуæгъд сты æмæ… Адæм æнæуыйдæр катайы сты æмæ ма сæ ацы æнæхъуаджы дам-думтæ та цæмæн хъæуынц, цæмæн ма сын халынц æнæхъуа-джы сæ нуæрттæ.

Ирон адæммæ сидт сарæзта не ‘мзæххон Джиоты Тимур, цæ-мæй коронавирусы эпидемийы рæстæджы хъахъхъæной хиизоляцийы режим. Тимур 10 азæй фылдæр цæры Германы, кусы егъаудæр рынчындæттæй сæ иуы анестезиолог-реаниматологæй. «Фæнды мæ COVID- 19 вирус па-рахат кæныны уавæры тыххæй бамбарын кæнын нæ республи-кæйы цæрджытæн. Æз хайад исын ацы вирусæй пациенттæн хос кæныны, афтæ ма мæхæдæг дæр фæрынчын дæн коронавирусон инфекцийæ, мæ амондæн, рог формæйы. Улæфæн системæимæ мын ницы проблемæтæ ис, уымæн æмæ мæ организм у æвзонг, ис мын тыхджын иммунон системæ.

Курæг дæн сымахæй, хъахъхъæнут карантины нормæтæ.  Зæрдæйæ тыхсын республикæйы тыххæй, цыран цæрынц мæ хиуæттæ æмæ ме ‘мзæххонтæ. Фæнды мæ сымахæн зæгъын, Европæ æмæ æнæхъæн дунейы уавæр æцæгæйдæр кæй у уæззау æмæ дарддæр уавæр куыд уыдзæн, уый ничи зоны. Вирусæй фæрынчын сты æмæ амардысты бирæ адæм, уæлдайдæр та АИШ, Итали æмæ Испаны. Германы уавæр нырма контролы бын ис. Уымæ нæ кæсгæйæ, вирусæй фылдæр рынчынтæ уыдзæн ацы дыууæ-æртæ къуырийы, цалынмæ вирус фæстæмæ ма алæууа, уæдмæ».

Джиоты Тимур банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй бирæ адæм ма фæрынчын уа коронавирусæй, уый тыххæй хъуамæ уой хæдзары, уынгмæ ма цæуой. «Зынаргъ æмбæстæгтæ! Æз æрвылбон дæр мæ хъус дарын Ирыстоны цæуæг цаутæм. Тынг хъыг мын у, ме ‘мзæххонтæй бирæтæ дохтырты домæнтæ кæй не ‘ххæст кæнынц, уый. Цæмæй вирус ноджы тынгдæр ма апарахат уа, уый тыххæй хъæуы рæстæгмæ хиизоляци кæнын. Нæ республикæйы ацæргæ адæм бирæ ис, кæцытæн  уæлдай тæссагдæр у ацы вирус. Кæд æмæ æвзонг адæм ацы инфекцийы æнцонтæй хæссынц, уæд 60 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыдоны та бахъæуы стационары хос кæнын æмæ рæуджыты аразгæ вентиляци. Ныртæккæ нæй ацы вирусы ныхмæ препараттæ, нæй вакцинæтæ, абоны онг дæр кæронмæ бæрæг нæма у, пневмонийæн цахæм антибиотиктæй хъæ-уы хос кæнын, уый. Уымæ гæсгæ бахизут уæхи вирусæй. Лæуут хæдзæртты», – банысан кодта Джиоты Тимур.

Адæммæ сидт сарæзта дунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы къухдариуæгад.  Уыдон дæр бахатыдысты адæммæ, цæмæй бахъахъхъæной се ‘нæниздзинад, лæууой хæдзæртты. Хъуамæ, зæгъ, иумæ æнгомæй фæлæууæм ацы вирусы ныхмæ. «Фæстаг рæстæджы Интернеты цы мæнг информацитæ парахат кæнынц, зæгъгæ, ницахæм тæс-сагдзинад нæ уæвынад кæны, уымæн уыд йæхи фæстиуджытæ. Ахæм «зондамонджытæм» байхъусгæйæ, адæм сæрибарæй цæуын райдыдтой уынгтæм, æнæхъæн бинонтæй ацæуынц улæфæн бынæттæм, дзыллон æгъдауæй цæуынц хистытæм. Бирæ хæдзæртты кæртыты хъазынц сывæллæттæ æмæ афтæмæй кæрæдзимæ æввахсæй контакт кæнынц. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ ацы вирусы симптомтæ æрæгмæ рабæрæг вæййынц. Инфекци парахат кæны æнахуыр тагъдадæй…».

Уæдæ байхъусæм æмæ æххæст кæнæм хиизоляци кæныны режим. Ирон адæм зындзинæдтæн фæразон сты æмæ ма бафæразæм иу чысыл рæстæг.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.