Сывæллоны æвзæр æндæвдадæй куыд бахизын хъæуы, раст хъомылад ын радтын æмæ æндæр ахсджиаг фарстытыл дзырдтой Хуссар Ирыстоны дунеон хызæг Спутникы пресс-центры психолог Гæбулты Индирæ, Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы сæргълæууæг Гатайты Лали æмæ æхсæнадон архайæг, социалон проект «Рядом с нами»-йы автор Джиоты Аэлитæ.

Гатайты Лалийы ныхæстæм гæсгæ сæм ныртæккæ хыгъды ис 12 зынхъомылгæнæн æнахъомы. Уыцы нымæц, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн бирæ нæу, уымæн æмæ уымæй размæ азты хыгъды лæууыд куы 30 куы 40 адæймаджы бæрц.

«Кæддæр-иу æз дзырдтон зынхъомылгæнæн сывæллæттæн сæрмагонд центр бакæныныл, фæлæ ныртæккæ йæ бакæнын æнæмæнг хъуыддаг нал у»,- банысан кодта Лали.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ архайды сæйраг нысан у профилактикон куыст.

«Профилактикон хыгъды ис ахæм æнахъомтæ, кæцытæ сарæзтой цавæрдæр æхсæнадон фæткхалæн цау, административон кæнæ уголовон  статьямæ  гæсгæ.  Уголовон хъуыддæгты фæдыл хыгъды цы æнахъомтæ ис, уыдонимæ куыст æндæргъуызон у. Æдзух сæ бæрæг кæнæм хæдзæртты, ахуырадон уагдæтты, семæ ныхас  кæнæм», –  дзырдта  Лали.

Зынхъомылгæнæн æнахъоммæ индивидуалон æгъдауæй хъæуы бацæуын, хатт ныййарджытæн дæр зын у сæ сывæллæттимæ иумиаг æвзаг ссарын. Æмæ бинонтæн æддейæ та ноджы зындæр у. Фæлæ хатт вæййы ахæм цаутæ, æмæ сывæллæттæ фылдæр радзурынц инспектортæн, сæ ныййарджытæм абаргæйæ.

Гатайты чызг ма банысан кодта, зæгъгæ, хъомылады фылдæр хай баст у бинонтыл, ныййарæджы ахастыл йæ сывæллонмæ. Уымæн æмæ бинонтæ сты æппæты бындур æмæ сывæллон сæйраг хъомылад хъуамæ иса уым. Сывæллæттимæ хъæуы ныхас кæнын, хъæуы сæм байхъусын æмæ сабырæй проблемæ æрбæстон кæнын. Нæ сæ хъæуы хизын интернет æмæ телевизорæй, уымæн æмæ уыдон уавæрæй рахизыны мадзæлттæ не сты. Лалийы ныхæстæм гæсгæ, сæйраг у хæрзæгъдаудзинад, æмæ ууыл хъуамæ ахуыр кæной æнахъомтæ.

«Алы адæймаг дæр фæрæдийын зоны, уæлдайдæр та уыцы кары. Фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ уый фидæны æвзæр адæймаг кæнæ, æнæмæнгдæр, фыдгæнæг суыдзæн. Уыдонимæ хъæуы хуымæтæг куыст кæнын æмæ сæ раст фæндагмæ здахын», – дзырдта инспекцийы сæргълæууæг.

Психолог  Гæбулты  Индирæ дзырдта сывæллон æмæ ныййарæджы æхсæн хъомыладон фарстатыл, зæгъгæ, ныййарджытæ сæ сывæллæтты хъомыл кæнынц сæ-хи уагахасты цæвиттоныл, сæхи куыд дарынц æрвылбонон царды, уый фæрцы. Ныййарæг йæ сывæл-лоны хъомыл кæны йе ‘нкъарынад æмæ йæ хъуыдыкæнынадæй йыл æндав-гæйæ.

«Нæ генетикæйы арф æвæрд ис «æгъдау». Уый хъуамæ рæзын кæнæм æхсæнады – нæ традицитæ æмæ хæрзæгъдаудзинады фæрцы. Уыцы хъуыддагыл бандæвта, дæргъвæтин рæстæджы цы уа-вæрты цардыстæм, уый дæр. Уымæн æмæ хæстон уавæрты мах хъуыды кодтам нæхи æмæ нæ сывæллæтты куыд баауон æмæ фервæзын кæнæм, ууыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæстæ алæу-уыдысты хъомылады фарстатæ дæр. Фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ  æппæт дæр ауагътам», –  дзырдта Индирæ.

Ахсджиагыл банымадта ахуырадон уагдæтты социалон психологты куыст, уыдон хъуамæ кусой æр-мæст сывæллæттимæ нæ, фæлæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытимæ. Сæйраг хъусдард уый дæр аздæхта хæрзæгъдауы фарстытæм. Хæрзæгъдаудзинад æмæ мораль ахуыргæнджытæ не сты, æрмæстдæр намысы закъæттæ, дæхи куыд дарыс æхсæнады, уыдон фæлхатт кæндзæн дæ фæдон дæр. Уымæ гæсгæ, ныхас-гæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй хъомыл хъæуы нырма дæхи, æмæ стæй уæд дæ сывæллон дæр уыдзæн хъомылгонд.

«Зынхъомылгæнæн сывæллæт-тæ нæй – ис æнæрæвдыд æмæ кæронмæ ныййарæджы уарзт чи нæ банкъардта, ахæм сывæллæттæ», – банысан кодта Индирæ.

Æхсæнадон архайæг Джиоты Аэлита дæр йæ ныхасы банысан кодта, æвзæнгты дæнцæгтыл кæй ахуыр кæнынц сывæллæттæ дæр. Уымæ гæсгæ дæ уагахастæй хъуа-мæ сахуыр кæнай сывæллоны дæр, цæмæй хорз æвзæрæй хицæн кæна.

Зынхъомылгæнæн æвзонг фæлтæры проблемæтæ æрмæст сы-вæллæттимæ баст не сты, фæлæ æвзæнгтимæ дæр. Уымæ гæсгæ уыдон сты кæрæдзийыл баст. Зынхъомылгæнæн сывæллæтты тыххæй та банысан кодта, уыдонæн кæй нæ фаг кæны æмбæлон хъусдард æмæ семæ кæй нæ  цæуы фаг куыст.

Радзырдта йæ проекты тыххæй дæр, зæгъгæ,  мах кæнæм хæрзаудæн куыст. Сæ хъусдарды бын ис фондз бинонтæ, уыдон сты æнæх-хæст бинонтæ, кæм мад нæй, кæм фыд, кæм та сæ дыууæ дæр.

«Интернет æмæ телеуынынады эфиры руаджы дзурæм нæ архайды тыххæй, цы бинонты фарсмæ балæууæм моралон æгъдауæй, уыдон тыххæй. Уымæн æмæ хатт материалон æххуысæй моралон тыхджын-дæр фæахъаз вæййы», – дзырдта Аэлитæ.

Мадзалы хайадисджытæ се ‘ппæт дæр бузныг дзырдтой Спутникы агентадæн, нырыккон дуджы ахæм актуалон проблемæтæ рæгъмæ кæй хæссынц, уый тыххæй.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.