Ацы бонты Цхинвалмæ æрцыдысты хъæбысхæсты зынгæдæр минæвæрттæ – номдзыд спортсментæ æмæ тренертæ Тедеты Дзамболат, Фадзайты Арсен, Мæргъиты Анатоли, Бæройты Хасан, Хуыгаты Алан, Рæмонты Сослан, Мамиашвили Михаил æмæ æндæртæ. Уыдон нæ горæты спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæн уадзынц мастер-класстæ æмæ сын амонынц спорты ацы хуызы сусæгдзинæдтæ. Мастер-класстæ ауадзыны фæстæ тренерты йæхимæ райста РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид. Уый, сын æгасцу  зæгъыны фæстæ, райгондæй банысан кодта, абон ардæм кæй æрæмбырд сты дунейы æмвæзады спортсментæ. Æз, зæгъгæ, Тедеты Дзамболатимæ ныхас кодтон, цæмæй ацы фембæлд уыдаид æмæ мын тынг æхсызгон у, абон кæй фембæлдыстæм, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ уæлдай æхсызгон уый у æмæ кæй цайдагъ æмæ разæнгард кæнынц спорты ацы хуызмæ нæ фидæны спортсменты, мастер-класстæ сын уадзгæйæ. Президент банысан кодта, спорт Хуссар Ирыстоны кæй рæзы, размæ кæй цæуы æмæ нæ ныфс ис, ахæм зындгонд спортсментæ сæ уæлхъус кæй æрбалæууыдысты нæ суинаг спортсментæн уый сæ ноджы кæй баразæнгард кæндзæнис спортивон æнтыстытæм.

Дарддæр Президент æрдзырдта республикæйæн фæстаг азты йæ къухты цы æнтыстытæ бафтыд, уыдæттыл. «Хуссар Ирыстон Уæрæсейы æххуысы руаджы цæуы размæ. Мах æнкъарæм, иуран кæй нæ лæууæм, кæй рæзы республикæ, фидардæр кæй кæны нæ паддзахаддзинад æмæ уый та æрмæст мæ нымадмæ гæсгæ нæу. Афтæ хъуыды кæнынц политологтæ æмæ эксперттæ дæр, кæцытæ кусынц Ирыстоны. Æмæ сымах дæр абон ам кæй стут, уый дæр дзурæг у, мах иунæг кæй не стæм, фæлæ нын кæй ис бирæ хæлæрттæ», – загъта Президент Тыбылты Леонид.

Дарддæр йæ раныхасы бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта æндидзынады процесс кæронмæ кæй фæхæццæ кæны. Радон этап та махæн уыдзæн рæзты этап. Уый хауы арæзтадмæ, экономикæ, ног кусæгон бынæттæ фæзынынмæ æмæ афтæ дарддæр.

Республикæйы спорты рæзты тыххæй дзургæйæ, Президент банысан кодта кæй архайы программæ «Спорт в шаговой доступности», зæгъгæ. Зæгъæн ис горæты алы районы дæр кæй фæзындзысты спортивон фæзуæттæ, тренажерон залтæ. Ахæм спортивон объекттæ арæзт цæуынц хъæуты дæр.

Президент дарддæр ныхасы бар радта Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Мæргъиты Анатолийæн. Уый ацы фембæлд банымадта ахсджиагыл. Афтæ ма ахсджиагыл банымадта Хуссар Ирыстоны Хъæбысхæсты федераци саразын дæр. Уый та, йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнгхъæуæг у, уымæн æмæ спорты ацы хуыз у иттæг популярон. Мæргъийы фырт банысан кодта, зæгъгæ, нæ чысыл республикæйы ис æртæ Олимпион чемпионы æмæ уый дæр бирæ цæуылдæрты дзурæг у. Уый райгондæй банысан кодта, Хъæбысхæсты Федерацийы сæргъ кæй слæудзæнис йæ адæмы патриот, хъæбысхæстæй Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат.

Фембæлды рæстæджы Президент йæ хъуыдытæ загъта Республикæ йæхи цы президентон æвзæрстытæм цæттæ кæны, уый фæдыл дæр. Банысан кодта æвзæрстыты бон уагъд кæй æрцæудзæн референдум дæр республикæйы ном фæивыны тыххæй. Ацы ахсджиаг политикон мадзæлттæм цæттæ кæнгæйæ ахсджиагыл банымадта æхсæнады стабилондзинад бахъахъхъæнын æмæ сæ нормалон уавæрты ауадзын. Президент ма радзырдта æввахсдæр мæйты бакуыст кæй æрцæудзæн ног Инвестицион програмæ 2018-2019 азтæн. Уый бузныг загъта Уæрæсейы разамынадæн, кæд Уæрæсейы субъектты бюджетон фæрæзтæ къаддæр кæнынц, уæддæр махæн кæй нæ къаддæр кæнынц, уый тыххæй.

Михаил Мамиашвили дæр хорзыл банымадта Хуссар Ирыстоны Хъæбысхæсты Федерацийы сырæзт æмæ банысан кодта, уый фадат кæй ратдзæн спорты ацы хуызмæ фылдæр хъомылгæнинæгтæ æрбакæнынæн, хуыздæр уавæртæ сын арæзт кæй æрцæудзæнис, уымæн.

Хъæбысхæстæй Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат Президентæн æввахсдæр базонгæ кодта фембæлды хайадисджыты æмæ æрдзырдта Хуссар Ирыстон уæззау уавæры куы уыдис, уæд цахæм æххуыс кодтой нæ адæмæн, уыдæттыл. Сæрмагондæй банысан кодта, Фадзайты Арсен æмæ Михаил Мамиашвилийы æххуысæй нæ республикæмæ æрвыст кæй æрцыдысты 5 мин спортивон костюмы бæрц. Тедейы фырт дæр банысан кодта ацы фембæлдæн, æцæгæйдæр, стыр нысаниуæг кæй ис æмæ загъта йæ фæндиаг, цæмæй Ирыстоны зæххыл хъомыл кæной нæ номдзыд спортсменты хуызæтты.

Кæронбæттæны Тыбылты Леонид спортсменты схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй.

Фембæлды фæстæ Президент æмæ спортсментæ сæ фæндаг акодтой  программæ «Спорт в шаговой доступности»-йы фæлгæтты цæрæн массивы цы тренажерон зал байгом, уырдæм. Зал ифтонг у алыгъуызон тренажертæ æмæ спортивон инвентарæй. Ам арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр цæрджытæн се ‘нæниздзинад фидар кæнынæн.

Номдзыд спортсменты æрбацыд базонгæйæ, уырдæм æрбацыдысты Цæрæн массивы æвзонг фæсивæд æмæ Президент куыд загъта, афтæмæй ацы тренажерон залы аразджытæ уыдысты Цæрæн массивы фæсивæд, фæлæ сæм йæхæдæг дæр фæдаргъ кодта йе ‘ххуысы къух, бакодта сын финансон æххуыс. Уый ма загъта, ныртæккæ ахæм тренажерон залтæ нæ горæты кæй сырæзт фарасты бæрц. Уый та дзурæг у нæ фæсивæд кæй кæсдзысты се ‘нæ-низдзинадмæ. Æнæниз фæсивæд кæм ис, фидæн дæр уыцы бæстæйæн вæййы.

Тедеты Дзамболат стыр райгондæй банысан кодта тренажерон залты сырæзт ын тынг æхсызгон кæй у, уымæн æмæ фадат нал уыд, фæсивæд спорты фадыджы кæм архайдтаиккой, ахæм бынæттæ саразынæн. Ныр уыцы амонд æрхауд нæ фæсивæдмæ дæр. Арæзт сын цæуынц алыгъуызон уавæртæ дæр, куыд се ‘нæниздзинадыл бакусыны тыххæй, афтæ спорты къабазы дæр æнтыстытæ равдисынæн. Æхсызгон хъуыддаг у нæ чысыл республикæ кæй рæзы, арæзт кæй цæуы,  кæй æндидзы алыварсонæй дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ис зындзинæдтæ, бирæ фыдæбон, фæлæ æнцонæй къухты ницы æфты. Ацы залты сырæзт хорз хъуыддаг у. Уадз, алы ныййарæгæн дæр фадат уа, цæмæй сæ сывæллæтты кæной физикон хъомылад кæм исой, ахæм бынæттæм, – загъта йæ раныхасы Михаил Мамиашвили.

Национ иртасæн центр «Курчатовскийы институт»-ы вице-президент Хъамболаты Марат та йæ раныхасы банысан кодта, тынг æхсызгон ын кæй у Хуссар Ирыстоны уæвын æмæ Тыбылты Леонидæн загъта æвварс хæцынады ныхæстæ центры разамынады номæй «Спорты архайынæй дарддæр ма æз уынын, Хуссар Ирыстоны размæ кæй цæуынц зонад, ахуырад æмæ культурæйы къабазы дæр. Абон та уæлдай зæрдылдарæн бон у, арæзт цæуы Хъæбысхæсты Федераци æмæ уый бацæудзæнис Хуссар Ирыстоны историмæ», – загъта Хъамболайы фырт.

«Дыууæ хатты Олимпион чемпион уæгъдибархъæбысхæстæй Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат Фадзайты Арсен йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, абон республикæ хуымæтæджы уавæры нæй. У президенты бынатмæ æвзæрстыты компани райтынг кæныны афон. Æмæ мæ фæнды, цæмæй республикæйы уа сабырад, уымæн æмæ федтам, уымæй размæ æвзæрстыты рæстæджы республикæйы адæмы ‘хсæн кæй уыд хæццæдзинад. Сæйраг у сабырад æмæ Хуыцау зæгъæд, цæмæй йæ бахъахъхъæнат», – загъта йæ ныхасы кæрон Фадзайы фырт.

Уазджытæ æмæ президент ма бабæрæг кодтой Алина Кабаевайы номыл спортивон комплекс «Олимп» дæр. Ам сыл стыр цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты спорткомплексы æндæр æмæ æндæр секцитæм чи цæуынц, уыцы хъомылгæнинæгтæ, сæ тренертæ, ахуыргæнджытæ æмæ сæ ныййарджытæ.

Ам, спорткомплексы, Тедеты Дзамболат æмæ Михаил Мамиашвили сæ къухтæ æрфыстой Хуссар Ирыстоны Хъæбысхæсты Федераци æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хъæбысхæсты федерацийы ‘хсæн æмгуысткæнынады тыххæй бадзырдыл.

– Ацы бадзырд стыр ахъаз фæуыдзæн спорты ацы хуыз райтынг кæнынæн. Æз хорз хъуыды кæныны Рæмонты Сосланы æнтысты тыххæй дæ циндзинад Леонид Харитоны фырт. Фондз азы дæргъы сымах архайдтат спорты ацы хуыз райтынг кæныныл. Абон ацы номдзыд спортсментæ, æнæхъуаджы, мыййаг не сты нæ бæстæйы, уыдон хорз æмбарынц уæ аудгæ ахаст спорты ацы хуызмæ, – загъта йæ ныхасы кæрон Тедейы фырт.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.