Советон драматургийы иууыл арæхстджындæр драматургæй сæ иуыл нымад у Гаглойты Владимир.

Йæ пьесæмæ гæсгæ спектаклтæ уæрæх фæндаг ссардтой ирон театрдзауты зæрдæтæм. Абон нæ ныхас у «Тугæйдзаг чындзæхсæв»-ыл, («Сау сынтытæ»).

Сынт хъæддаг маргъ у, халонимæ æрвадæлтæ сты, фæлæ халонæй хицæн кæны уымæй, æмæ æппынæдзух дæр агуры холы.

Автор йæ трагедийæн радта ахæсгæ нысаниуæг, радта йын дыууæ номы, мидис æмæ сюжетыл æнгом бадынц дыууæ номы дæр. Нæ театр æй «Тугæйдзаг чындзæхсæв»-имæ кæй рахаста адæмы размæ, уым фауинагæй ницы ис.

Ивгъуыд дугтыл дзургæйæ, уый театрдзаутæн сæ зæрдыл лæууын кæны XIX æнусы фæуды, XX æнусы райдианы ирон царды нывтæ. Цахæм уыд классон дихдзинад, æхсæнад цахæм къордтыл дих цыд, мæгуыр фæллойгæнæг адæм дзы хур æмæ бонæй цы уыдтой…

Ацы пьесæ ма не сценæйыл уыд советон дуджы дæр, стæй уый фæстæ дæр. Æрæджы та ногæй рарттывта не сценæйæ.

Сценæ та йæ бон калы, сценæ царды айдæн у, уым цы фенай, уымæн æмбал нæй. Пьесæйы архайджытæ сты бонджын Дотти, йæ ус Ацырухс, Доттийы фырт Солым, се ‘ххуырст Тымыгъ, хъæзныг лæг Саулæг, йæ куырм ус Елдæ, сæ зондцух фырт Гæбыла, йæ ус Кæлимæт, Доттиты хæдзарон цумайы чызг Фари.

Æмбаргæ, æнувыд сценæмæкæсæг бахауы уæды дуджы, уæды ‘хсæнады цардмæ æмæ стæрсы йæхицæн дæр, ма бахауа Доттийы, уæлдайдæр та Саулæджы хуызæтты сыхмæ.

Мулк, хæзнатæ æлдариуæг кæм кæнынц, уым фæцæрæн нæй, хæрам лæг растыл кæм райы, уым рæстуд хуыдуг кæны, иу иннæйы сæфтмæ кæм бæллы, уым адæймаджы намыс кæны бынæй.

Сценæйыл уынæм, зæрдæмæ арф чи хъары, ахæмты змæлд, се ‘хсæн, кæй зæгъын æй хъæуы, цырынæй цырындæр кæны тох рæстдзинад æмæ æнæрастдзинады сæрыл.

Уыцы тох райдайы (хонæм ма йæ быцæу дæр) фыццаг фæзындæй, хъæзныг Саулæджы монологæй, рагон масты нывтæй, уыцы маст схæццæ вæййы хъуырмæ, стæй ныгуыпп кæны туджы зæй æмæ ууыл ахицæн вæййы трагедийы сæйраг тых.

Цард тох кæй у, алкæйы дæр дзы хай кæй хъæуы, уый раст æвдисы нæ драматург, фæлæ Дотти æмæ Саулæджы хуызæтты цахæм хай хъæуы, стæй йæ куыдæй хъæуы ссарын, уый та нын бафæрæзтой рæгъмæ рахæссын трагедийы сæйраг архайджытæ Наниты Витали æмæ Багаты Георги (хъыгагæн, Георги æрæджы не ‘хсæнæй фæхъуыд).

Развæлгъау зæгъæн ис, трагедийы диссагдæр æмæ вазыгджындæр фæлгондзыл нымад у Саулæг. Ууыл нæ цæст куы æрывæрæм, уæд фæзæгъæм: цы мад æй ныййардта, цы хæдзарæй рацыд, ахæм мæ сыхагæн нæ, хъæубæстагæн дæр нæ хъæуы.

Трагедийы сæйраг сюжет нывæст æрцыд иу кæрты, дыууæ хæдзар, дыууæ бинонты ‘хсæн.

Ирон адæммæ баззад æмбисонд: «Сыхаг куы бæзза, уæд дæхи хæдзары бинонтыл нымад у». Уый иу. Дыккаг: – «сыхаг куынæ бæзза, уæд дзы хъæуы фæлидзын æхсæвыгон, цæмæй ма базона, кæм æрцардтæ, уый, æндæра дæ уым дæр цæрын нæ ныууадздзæн».

Фæрсæй-фæрстæм цæрынц Дотти æмæ Саулæг.

Тынг арæхстджын актертæ разындысты Витали – Дотти æмæ Георги – Саулæг. Сæ дыууæ дæр царды цух ницæмæй сты, фæллой æмæ сæм æххуырстытæ сæ фаг ис, фæлæ сæ хæдзæрттæ æлгъыстаг кæй сты, ууыл у сæ катай, сæ мæт.

Дотти фесæфта йæ цардæмбалы, йæ фырт Солым (Гаглойты Артур), зæронд кæны, нæ йын æнтысы ус ракурын. Дотти æркодта дыккаг ус – æвзонг Ацырухсы (Таугазты Дзерассæ), фæлæ йын йæ царды фæздæг раст нæ уадзы йæ фырт Солым,  Артур.

Саулæг  фырхъæзныг, фæлæ хæдзарзылд. Йæ ус (Быценты Циснарæ) у саугуырм, фырт ын ис Гæбыла (Букуылты Сослан), фæлæ у зондцух.

Нæ уарзы Саулæг йæ чындз Кæлимæты (Хуыгаты Альбинæ), зæнæг ын кæй нæй, уый тыххæй. Йæ сагъæс у, бындар ын кæй нæй, ууыл. Доттийы хæдзары ма змæлы æвзонг сидзæр чызг Фари.

Трагедийы архайджытæй алкæмæндæр ис йæхи уды сконды миниуджытæ, се ‘ппæт иууыл иумæ та реалонæй æвдисынц уæды дуджы цæсгом, уæды ирон æхсæнады вазыгджын сконд. Авторæн дæр æмæ стæй уæд æвæрæг-режиссер Тъехты Уасилæн дæр иунæг фæлвых фæлгондз дæр нæй трагедийы.

Нæ режиссер Тъехты Уасил бирæ тых, бирæ рæстæг бахардз кодта ацы актертимæ кусгæйæ. Стыр дæсныйадыл нымад цæуы иу хъуыддаг:  режиссер алы фæлгондзы – актеры зæрдæмæ дæр ныккæсын бафæрæзта, алкæйы дæр дзы рауагъта йе  сфæлдыстадон джиппы.

Канд ныхас нæ, сценæмæкæсæджы стыр дисы æфтауынц се змæлд, сæ архайд. Уæлдай къахдзæф, уæлдай къухзмæлд, уæлдай худт æмæ хъæр нæ фендзынæ, нæ фехъусдзынæ, алцы дæр йæ раны, алцы дæр нывыл.

Йæхи миниуджытæ ис сыхаг Доттийæн (Наниты Витали). Цардхъуаг нæу, зыды хъуыддаджы йæхи бирæгъы бынаты не ‘вæры, йæ фырт Солымимæ  æмбæлон ныхас кæны йæ сомбоны тыххæй, йæ ног бинойнаг Ацырухсимæ дæр ын ис уæздан, уарзæгой ахаст. Æрмæст нæ бæззынц йæ ахастытæ йæ сыхаг Саулæгимæ, кæддæр ын йæ угæрдæн йæхи кæй бакодта, уый тыххæй.

Уæлдæр æй загътон, трагедийы иууыл вазыгджындæр фæлгондз кæй у Доттийы сыхаг Саулæг. Цæстæвæрæн фæцис Багаты Георги ацы ролы хъазгæйæ. «Сасинкъа æмæ Ладикъо» – йæ адæмæн зындгонд у Багайы фырт. Адæмы зæрдæмæ ссардта фæндаг ацы фæлгондзæй æмæ йæ адæм райдыдтой хонын Ладикъо.

Саулæг-Георгийы змæлдмæ куы кæсай, уæд лæг дисы бахауы: куыд ис уый гæнæн æмæ адæймаджы зæрдæйы уыдæппæт цъаммардзинæдтæ бацæуой. Ирон æмбисонд ахæм ис: «Æвзæрмæ дæр цыдæр хорздзинад вæййы». Саулæг – Георгимæ иу мисхал дæр адæймагдзинадæй ницы ис.

Адæм лæгæй куы зæгъой, йе ‘взаг нæ бæззы, зæгъгæ, уæд уыцы лæг у æнæууæнк, мæнгард, зæвæтты нуæрттæ лыггæнаг, хион, хæстæгыл, сыхагыл арт æндзарæг. Саулæг-Георги се ‘ппæтæй дæр хайджын у. Hырма уал уый, æмæ йæ бинойнаг Ельдæ йæ къухы бафтыд ирæдæй, фæкодтой куыдз æмæ лæдзæджы цард, йæ мастæй бакуырм æнæрæстæджы. Hæй йын бындар, йæ фырт æрдзæй зондцух рахаста. Уымæй йæ бон куы базыдта, уæд та йæ æрфæндыд, йæ чындзимæ бындары хъуыддаг куы бакæниккой, уый.

Йæ цæсты фиутæ тайынц йæ сыхагмæ кæсгæйæ, алы бон дæр хъуыды кæны, куыд æй бабын кæна, ууыл… Бантыст ын уый дæр. Дотти æмæ йæ фырт Солымы бафтыдта кæрæдзийыл æмæ фыд йæ мæлæт ссардта. Цыбыр дзырдæй, бындурзылд ныккодта Доттийы хæдзар.

Ацырухс, Ельдæ, Кæлимæт æмæ Фари сты, царды, хæдзары, æцæг сылгоймæгтæ цахæм хъуамæ уой, ахæмтæ. Æгъдауджын, зондджын, ирон æфсæрмæн аргъ чи кæны, ахæмтæ. Æмбарынц кæрæдзийы удыхъæды миниуджытæ, царды уавæртæ æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæнынц, сæ зонд, сæ уавæр сæ цæмæй амоны, уымæй.

Дзугаты Георги йæ загъта «Уарзондзинад дойнаг дуры дон кæны». Доттийы фырт Солым  ус нæ кæны, уымæн æмæ уарзы йæ сыхаг, зондæй æххæст чи нæ у, уыцы Гæбылайæн йæ ус Кæлимæты.

Ахæм уарзондзинады амонд кæй нæй, уый раст равдыста нырма нæ драматург, стæй та не сценæ. Йæ фæстаг æрцыд туджы фæндагмæ. Ацы цау æцæгæлон схонæм нæ фыдæлты æгъдæуттæн, уый раст нæ уыдзæн..

Автор, сценæ, зондцухæй æвдисынц Саулæджы фырт Гæбылайы. Фæлæ уый хардз у æнæхъыгдард, хæларзæрдæ, хорз æмæ æвзæр кæрæдзийæ куынæ хицæн кодтаид, уæд нæ амардтаид, йæ удыхайы йын цы Солым иста, уый.  Йæ ахаст йæ фыдмæ, йæ мадмæ, йæ ус Кæлимæтмæ уыдысты сабыр, æнæ хъæлæбайæ.

Йæ фыд Саулæджы цъаммар  митæй йæм иу дæр нæ уыд. Зондæй мæгуыр кæй у, æрдзæй та æфхæрд, уый æрдхæрæны æвдыст ракодта актер Букуылты Сослан.

Саулæг-Георги йæ сыхаджы ус Ацырухсыл цытæ æрымысыд, уыдон кæмдæр сценæмæкæсæджы уырныдтой, фæлæ диссаджы рæсугъд хæрзæгъдауджын адæймаг кæй уыд сыхы дæр æмæ хæдзары дæр, уый рæгъмæ рахæссын бафæрæзта Таугазты Дзерассæ.

Иууыл цæстæвæрæн та фæцис Багаты Георги (Саулæг). Уырнгæ дæр нæ нæ кодта, рынчындоны фæстæ ахæм адæймаджы ролы бацæуа, уый. Дисæндзуринаг у – сценæйыл цы дзырдта, уыдон драматурджы фæллой сты, фæлæ сæ куыд зæгъын хъæуы, дæхи цы уавæрты æрывæрын хъæуы, сины сæртыл кæд æрхæцын хъæуы, къухтæн архайд кæд радтын хъæуы, хъæлæсы уаг куыд аивын хъæуы  се ‘ппæт дæр уыдысты нывыл, сæ раны, сценæмæкæсæгæн цымыдисаг.

Нæ театры коллектив «Тугæйдзаг чындзæхсæв» æрæджы равдыстой Цæгат Ирыстоны сценæмæкæсджытæн.

Тынг æй айстой уымы театрдзаутæ, уæлдай дисы сæ бафтыдта Багаты Георгийы хъазт. Сценæмæкæсджыты хъуыды уыдис: Хуссар Иры театрæн хуымæтæг коллектив нæй. Бирæ арфæтæ фæкодтой театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан æмæ æвæрæг режиссер Тъехты Уасилæн.

Абоны театрдзауты фидарæй ис ныфс, рæхджы уыдон уæндон æмæ дзагармæй кæй бахиздзысты ног театралон галуанмæ.

Трагеди «Тугæйдзаг чындзæхсæв» – æн декорацитæ æмæ фезмæлæн бынæттæ къуындæг кæй сты, уый бæлвырдæй зыны. Се нтыстытæ та фылдæр æмæ цæстыахадгæдæр уыдаиккой, сæ азмæлæнтæ сæ фæндиаг куы уыдаиккой, уæд.

Абон, 23 августы, нæ адæм цæмæ бæллыдысты, уый æрцыд – йæ дуæрттæ байгом кодта нæ паддзахадон драмон театры ног бæстыхай. Нæ ног театр йе сфæлдыстадон коллектив нæ адæмы ном бæрзонддæр цы сисой, уый нын бауарзæт лæгты дзуар Уастырджийы цæст. Ут кæддæриддæр, фæразон, нæ дзыллæйæн – уарзон.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.