Знон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн  Хъахъхъæнынады министрады бæстыхайы фембæлд æндæр æмæ æндæр хæстон архæйдтыты рæстæджы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ министрады управленийы кусджытимæ.

Бибылты Анатоли бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта æрæмбырдуæвджыты номæй Фыдыбæстæйы æппæт хъахъхъæнджытæн. Банысан кодта, нæ разы цы хæстæ ис, уыдон, цыфæнды  политикон уавæр ма уа, уæддæр уыдон баст кæй уыдзысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнынимæ.

«Махæн, сæйрагдæр, нæ патриотизм хъуамæ уа бæрзонд, нæ æвæджиаг хæстæ æххæст кæнæм нæ намысмæ гæсгæ.  Æз хорз æмбарын, уавæртæ бынтон раппæлинаг не сты  финансон хъуыддаджы, техникон æмæ хæцæнгарзæй ифтонгады, цæмæй нæ разы цы хъуыддæгтæ ис бæстонкæнинаг, уыдон баххæст кæнæм. Уыцы хъуыддæгтæ  æрбæстон кæныны нын æххуыс кæнынц уæрæсейаг æфсæддонтæ сæ техникæ æмæ ифтонггæрзтимæ. Уыдоны руаджы Ирыстоны æдасдзинад ифтонг у бахъуыды рæстæджы, иумиагæй сисгæйæ, уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг æфсады руаджы», – загъта Президент.

Дарддæр ныхас цыд паддзахадон хорзæхты тыххæй. Зæгъгæ, нæ нæ хорзæхтæ ноджы хæсджын æмæ бæрнджындæр кæнынц, цæмæй иузæрдион æмæ æнувыд уæм куыстыл дæр æмæ бæстæйыл дæр.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытимæ фембæлд адарддæр – цай адджинæгтимæ цымгæйæ, фарст – дзуаппы хуызы.

Фарстытæ алыварсон уыдысты: нæ Республикæйы Гарзджын тыхты нымæц 2008 азы августы агрессийы фæстæ цас уыдзæн. Уыдон бахъахъхъæныны фæдыл Президент банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерациимæ уый фæдыл нæ къухдариуæгад къухтæ æрфыстой сразыдзинадыл.

«Бæрæг реформæтæ уагъд æрцæудзæн, уымæн æндæр гæнæн нæй. Мæ фæндон куы уаид, уæд Хуссар Ирыстонæй цалдæр афицеры суаиккой Уæрæсейы æфсады инæлартæ, цæмæй командæ кæной полкыл, кæнæ дивизийыл. Фæлæ мах уавæрты уыцы фадæттæ нæй.

Хъахъхъæнынады министрад йæ уæвынады 25 азы дæргъы раивта 12 къухдариуæггæнæджы. Уæрæсейы территорийыл æфсæддон академитæ цы курсанттæ фесты, уыдон се ‘взыгъддзинæдтæ кæм равдисой, уыцы уавæртæ нын нæй ныртæккæ.  Æмæ нын уыцы уæрæх  фадæттæ ратдзæн Уæрæсейы æфсад. Уымæй мах хъуамæ раргом кæнæм не ‘фсæддон потенциал», – банысан кодта Президент.

Дарддæр ноджыдæр æрдзырдта, Гарзджын тыхты бæрæг сконд УФ-йы æфсады службæмæ ракæныны ахсджиагдзинадыл. Кæцыфæнды паддзахады дæр, зæгъгæ, æфсады сконд бæлвырд цæуы цæрджыты процентон нымæцмæ гæсгæ.

Фарстыты ‘хсæн уыд социалон нысаниуæджы, æрдзон газæй ифтонгады фарстытæ, æгæрыстæмæй, бахардзгонд электроэнерги æмæ æрдзон газы егъау фиддонты хæс бафидыны фарстатæ. Уымæн æмæ цæрджыты фылдæр хай куыд æмбæлы, афтæ нæ фиды бахардзгонд газ æмæ электроэнергийы фиддонтæ.

Ныхас цыд, фæстаг рæстæджы æхсæнады уæрæхæй дзырд цы БТК-4-йы архайдыл цæуы, уый тыххæй дæр. Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы куыстуаты руаджы не ‘мбæстæгтæй бирæтæ сты куыстæй ифтонг æмæ уый гæнæн нæй, æмæ æхгæд æрцæуа. Æхсæнады та цы дам-думтæ цæуы, уыдон  сты æнæбындур. Уыдон зыгъуыммæ кæнынц рæстдзинад, куыд æхсæнады ‘хсæн, афтæ социалон хызæгтæй чи пайда кæны, уыдоны ‘хсæн дæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Президенттæ сæ къухтæ цы бадзырдыл æрфыстой, уымæ  гæсгæ не ‘мбæстæгтæй Фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты чи службæ кодта, уыдонæн нымад æрцæудзæн сæ службæйы рæстæг пенсион ифтонгады нысанæн. Уыцы хъуыддаг нырмæ æвзæрæрдæм æндæвта, Гарзджын тыхты рæнхъытæй пенсийы кармæ гæсгæ æрвыст чи æрцыд, уыдоныл, ома, дзы бирæтæ уæд рахызтысты Фидауынгæнæг тыхты рæнхъытæм. Æмæ уыцы службæйы рæстæг ныр, бæрæг процедурæтæ рацæуыны фæстæ, нымад æрцæудзæн раздæры службæгæнджытæн.

Мадзалы кæрон Президент Бибылты Анатоли ноджыдæр бæрæгбонон арфæ ракодта мадзалы хайадисджытæн æмæ сын бакодта бæрæгбонон лæвæрттæ.

Къæбулты  Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.