26 август у Хуссар Ирыстоны кадджын æмæ зæрдылдаринагдæр бонтæй сæ иу. Уый нæ адæмы зæрдæты баззайдзæн æнустæм мысинагæй, куыд Хæдбардзинад расидыны бон, афтæ. Уæд нæ тыхст рæстæджы нæ фарсмæ æрбалæууыд Стыр Уæрæсе æмæ нæ фервæзын кодта не ‘нусон знæгтæй, Ирыстоны сæрмæ та сфæйлыдта сæрибары тырыса æмæ йе ‘фхæрд адæм æрлæууыдысты сабыр цард аразыныл. Ацы  зæрдылдаринаг боны сæ цины æнкъарæнтæ не ‘мбæхсынц æмбæстæгтæ æмæ зæгъынц уый тыххæй сæ хъуыдытæ.

Къацты Филип, РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг:

– Хуссар Ирыстоны цы бæрæгбонтæ нысан кæнæм, уыдонæй мын иууыл зæрдылдаринагдæр у, нæ республикæйы хæдбардзинад нын Уæрæсе куы банымадта 26 августы, уый. Ацы цаумæ бирæ азты дæргъы æнхъæлмæ кастысты нæ адæм, уый уыд сæ бæллиц æмæ сын уæд сæххæст. Нæ адæм бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой  сыхæгты æрдыгæй, æдзухдæр сын истой сæ бартæ, нæ сæ уагътой хæрдмæ скæсын. Гъе, æмæ куы фехъуыстон Уæрæсейы Федерацийы Президент Медведевы Указ, уæд мæ цасдæр рæстæджы уырнгæ дæр нæ кодта, æрхызтæн кæртмæ æмæ адæмы цины хъæртæ æмæ арфæтæн кæрон дæр нæ уыд. Ме ‘муд æрцыдтæн уæд æмæ мæ бауырныдта, Хуссар Ирыстоны адæм цы цин æвзарынц, уый.

Бузныг зæгъын мæ фæнды нæ хъæбатыр лæппутæн, уымæн æмæ уыдон уæззау рæстæджыты æдзухдæр лæууыдысты постыты, хъахъхъæдтой знагæй нæ зæхх. Æнустæм мысинаг уыдзысты, Райгуырæн къуым хъахъхъæнгæйæ, йæ цард чи нæ бавгъау кодта, уыцы æдзард хæстонтæ. Нæ адæмы номæй стыр бузныг зæгъын стыр Уæрæсейы адæмæн, Хицауадæн, сæрмагондæй та Путин æмæ Медведевæн, нæ тыхст рæстæджы нæ фарсмæ кæй æрлæууыдысты, æфсымæрон æххуыс нын кæй бакодтой, уый тыххæй. Уыцы æххуыс æмæ аудындзинад нæ адæм æнкъарынц абоны бон дæр. Хæсты рæстæджы нæ горæт уыд тынг æдзæллаг уавæры, афтæ уыдысты нæ хъæутæ дæр. Фæлæ нæм Уæрæсе фæдаргъ кодта йе ‘ххуысы къух æмæ сæндидзыдта нæ республикæ. Абон мах сæрыстыр цæмæй стæм, уыдон сты Паддзахадон драмон театр,  университеты бæстыхай, Цхинвалы ногæй сырæзгæ рæсугъд цæрæн хæдзæрттæ æмæ æндæртæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма аразинаг бирæ ис æмæ  уыцы хъуыддаджы фæстæ нæ лæууæм. Фæлæ зæгъдзынæн уый дæр, æмæ æдзух искæмæ æнхъæлмæ кæсын аив кæй нæу. Уыцы æххуысæн нæ адæм та хъуамæ дзуапп дæттой сæхи рады хъазуатон куыст, хæрзиуæгон архайд æмæ æгъдауæй. Зæрдæйæн зын у, нæ быдыртæ къутæры бын кæй фесты, раздæры цæрæн бынæттæ хъæууат кæй кæнынц. Уыдæттæм дæр нæ Хицауад хъуамæ йæ хъусдард аздаха.

Кадджын бæрæгбон æрбалæууыд æмæ йыл алы адæймаг дæр æмбæлæнт цины æнкъарæнтимæ.

– Ирон адæм гуырдзийæгты æрдыгæй рагæй фæстæмæ тынг æфхæрд æййæфтой. Къуындæг сын кодтой сæ царды уавæртæ, ахстой æмæ мардтой нæ ахуыргæндты, Ирыстоны рухс царды тыххæй чи архайдта, уыцы зынгæ адæймæгты. Уымæ гæсгæ нæ адæм дзурын райдыдтой сæ бартыл. 26-æм августы нын Уæрæсе банымадта нæ хæдбардзинад. Ацы бонмæ нæ адæм рагæй æнхъæлмæ кастысты æмæ ныр сулæфыдысты сæ риуы дзаг. 2008-æм азы мæ сæрыхицау Бестауты Алымбег æмæ мæ фырт Альберт сæ хæстон æмбæлттимæ знагæй хъахъхъæдтой Мугут. Уыцы тыхст æмæ æнкъард бонтæ мысын мын зын вæййы, зæрдæ баризы уыдоныл хъуыды кæнгæйæ. Фæлæ ныр нæ адæм фервæзтысты се нусон знæгтæй Уæрæсейы æххуысы фæрцы.

Козаты Мурат, Хъæууон хæдзарады министрады кусæг:

 – Ирон адæмы фыдæлтæ цæргæ-цæрæнбонты Уæрæсейы сконды уæвынмæ бæллынц. Не ‘ввахс сыхæгтæн кæд рагæй фæстæмæ æфсымæры лæггад кодтам, уæддæр нæ нæ уарзтой,  истой нын нæ бартæ. Фæлæ сæм уый дæр фаг нæ каст æмæ  цалдæр хатты та хæст расидтысты нæ ныхмæ, размæ нын нæ уагътой не взаг, нæ культурæ, цагътой æмæ мардтой нæ раззагдæр адæймæгты. Фæлæ алцæмæн дæр æрцæуы йæ кæрон æмæ нæ æфхæрд æмæ хæствæллад адæм сулæфыдысты сæ риуты дзаг, Уæрæсейы уæды Президент Медведев Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Хæдбардзинад куы банымадта, уæд.

Нæ адæмæн та мæ зæгъын фæнды уый, æмæ кæддæриддæр сæ цард цы æрвитой сабыр арвы бын. Макуы уал фенæнт хæст.     

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.